Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз 15 октябры уыд ирон адæмы сæрхъызой, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы  юбилейон райгуырæн бон. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы нысаниуæгджын бон Иры дзыллæтæ банысан кодтой уæрæхæй. Бирæ алыгъуызон мадзæлттæ уагъд æрцыд ирон генийы цытæн нæ республикæйы. Мадзæлттæ-иу се ‘ппæт дæр фесты Къостайы куырыхон ныхæстæй «Адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут», зæгъгæ.  Фæнды мæ бафæрсын, цымæ ирон адæмы аккаг фырты фæдзæхст алчи æххæст кæны? Мæнмæ гæсгæ йын йæ ахсджиаг фæдзæхст стæмтæй дарддæр йæ зæрдыл ничи дары. Хъуыддаг хъуыддагмæ куы æрцæуа, уæд Къостайы фæдзæст чи æххæст кæны, ахæм адæймæгтæн къухы æнгуылдзтыл банымайæн дæр ис.

 Советон Цæдисы рæстæджы чи цард, уый æнæмæнгæй хъуыды кæндзæн, социалистон цардуаджы цас диссаджы хорздзинæдтæ уыд, уыдоны тыххæй. Уыцы хорздзинæдтæй фыццаг рады лæууыд адæймаджы царды æдасдзинад, афтæ ма адæм кæрæдзийæн кæй кад æмæ аргъ кодтой, уый дæр. Советон Цæдисы рæстæджы  адæм бирæ зæрдæхæлардæр уыдысты абоны цардимæ абаргæйæ. Уыцы рæстæджы адæмæн сæ фылдæр хайы царды æмвæзад  æмхуызон уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд дæр уыд бонджынтæ, фæрæзджынтæ, фæлæ сæ нымæц абонимæ абаргæйæ уыд бирæ къаддæр. Æмæ, æвæццæгæн, адæм дæр зæрдæхæлардæр уымæн уыдысты. Уæд-иу жигули кæмæн уыд, уый дæр цæрæг адæймагыл нымад уыд. Абон та бирæ бинонтæм ис, цал сты, уал машинæйы æмæ уæддæр мæгуыры хъаст фæкæнынц.

Рæстæг куыд фенын кодта, уымæ гæсгæ адæймаг цас хуыздæр цæра, уыйас кæны æгъатырдæр, æвæццæгæн æй бирæгъау ноджы фылдæр кæй фæхъæуы, уымæ гæсгæ. Фæстаг рæстæджы арæх фехъусæн ис не ‘хсæнады æгъатырдзинады фæзныдтыты фактты тыххæй  искæй амарыны, искæй чысыл ницæйы тыххæй дæр  мæлæтдзаг над фæкæныны онг. Уый тынг тæссаг у, уымæн æмæ мах иууылдæр адæймæгтæ стæм æмæ зæгъæн ис иу цæдджинаджы «фыцæм» æмæ афтæмæй та æдас ничи у фыдбылызæй. Адæймагмæ бынтон æнæхъуаджы фыдбылыз кæцæй фæзындзæн, уый ничи фæзоны.

Æрмæст фæстаг рæстæджы уæрæсейаг каналтæй цы  æбуалгъы æгъатырдзинæдты  цаутæ æвдисынц, уыдонмæ кæсгæйæ адæймаджы хъуын барц слæууы. Ау, мады гуыбынæй чи рацыд, мады урс æхсырæй чи схъомыл, уымæн йæ къух ахæм æнахуыр фыдракæндтæ саразынмæ куыд æртасы. Иууыл диссагдæр та уый у, æмæ сабидæтты сабитæ дæр æгъатырдзинад кæй æвдисынц. Кæцыдæр горæты сабидæттæй сæ иуы цыппараздзыд сывæллоны афæлдæхтой йе ‘мкарæнтæ æмæ йæ чи къахæй цавта, чи къухæй, чи та йæ уæлæ къахæй гæпп-гæпп кодта. Сæ хъæлæба сын сæ ацæргæ хъомылгæнæг  хъусгæ дæр нæ кодта, хъусæйцух кæй уыд, уый аххосæй. Фæлæ уæддæр кæддæр æрцагуырдта сабийы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацæргæ хъомылгæнæг йæхæдæг ныффыста куырдиат йæ куыстæй йæ ссæрибар кæныны тыххæй.  Æндæр горæты лицейы ахуырдзау чызг йæхи раппæрста 4-æм уæладзыгæй, йе ‘мкъласонтæ йæ кæй хъыгдардтой, уый тыххæй. Æгæрыстæмæй, къласæн иумиаг къам исыны рæстæджы дæр чызджы йе ‘мкъласон лæппу, кæцыйæ æдзухдæр кодта нæмгæ, стъолы бын бакодта æмæ йæ нæ бауагъта иннæтимæ ныв сисын. Чызджы хъыгдардтой йæ ахуыргæнджытæ дæр. Æгæрыстæмæй, лицеймæ журналист куы бацыд хъуыддаг сбæрæг кæныны тыххæй, уæддæр ахуыргæнæг сылгоймаг загъта æнæраны ныхæстæ, æз, дам алыхатт дæр мæ ахуыргæнинæгтæн фæдзурын, сæ ныййарджытæй дарддæр кæй никæй хъæуынц. Ацы ныхæсты фæстæ йæ куыд гæнæн ис хъомылгæнæг схонæн. Ахуырдзау æцæгæйдæр ахъуыды кæндзæн, зæгъгæ, нæдæр æхсæнады хъæуы, нæдæр бæстæйы къухдариуæгад хъуыды кæны рæзгæ фæлтæры сомбоныл. Ахæм ахуыргæн-джытæн сæ бынат скъолаты бæргæ нæй, фæлæ… Чызг цæрæнбонтæм инвалидæй баззад. Кæнæ…  Иу уæлдæр ахуырадон уагдоны доцент, историон зонæдты кандидат 63 аздзыд лæг амардта йæ аспиранткæйы. Суæнгтæ йæ кодта æмæ йæ  доны ныппæрста.  Хъыгагæн, нæ чысыл Ирыстон дæр хызт нæу ахæм æвирхъау цаутæй. Цалдæр мæйы размæ Дзæуджыхъæуы æвзонг нæлгоймаг йæ цардæмбалы цы хъизæмары мардæй амардта, уый дæр диссагæн дзуринаг фæцис. Бынтон æнамонддзинад та уый у, æмæ фыдбылызы бахауæг адæмæн баххуыс кæныны бæсты сæ иуæй-иу æнæрхъуыды адæймæтæ та телефонты фæисынц, цæмæй сæ Интернеты баппарой. Цы ма уа, уымæй диссагдæр. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы æрцæуы, уыдон чи фæнымайдзæнис.

 Демократийы дуджы кæстæр хистæрæн бынтондæр нал аргъ кæны, нал дзы æфсæрмы кæны. Бирæ кæстæр дæм йæ дзых афтæ фæхæлиу кæндзæн æмæ ма мысты хуынкъ туманæй агурдзынæ, дæхимæ иу сау каппеччы аргъ нал фæкæсдзынæ. Æмæ хъуыддаг дарддæр ма ацæуынæй тæрсгæйæ, хистæр кæд раст вæййы, уæддæр ницыуал фæзæгъы æмæ састы бынаты баззайы. Æмæ афтæмæй кæстæр кары минæвæрттæй иуæй-иутæ ноджы æдзæсгом-дæр кæнынц, æфсæрм цы у, уый нал зонынц. Афтæ сæм кæсы, цыма сын алцы бартæ дæр ис. Бынтондæр сæ айрох вæййынц царды ÆГЪДАУ, нæ фыдæлты хорз традицитæ. Иннæ ахæм та Интернеты руаджы кæрæдзийыл цъыф калынмæ фесты диссаг.  Цалдæр мæйы размæ нæ Парламенты раздæры депутатыл кæцыдæр æдзæсгом адæймаг йæхи интересты тыххæй æрбаймысыд, бынтондæр бауырнинаг чи нæу, ахæм цау. Нæлгоймаджы бахъуыд, æгæрыстæмæй,  телеуынынадæй адæммæ сидт саразыны сæр дæр. Цы ма уа уымæй худинагдæр хъуыддаг. Уыцы цау нырма æндæр депутатыл æрæмысыдысты, фæлæ йæ амондæн уый йæхæдæг машинæ кæй не скъæрдта, уымæ гæсгæ аирвæзт чъизи дам-думтæй. Интернет иуæй-иу æдзæсгом æмæ цыбырзонд  адæймæгтæн ссис мастисæн фæрæз. Искæмæ чысыл ницæйы тыххæй дæр куы фæмæсты уай, уæд ыл ахæм хахуыр æрбаймысынц æмæ ма адæм æрмæст уый кой фæкæнынц. Иу дыууæ азы размæ йæ профессимæ гæсгæ нæ горæты зындгонд чи у, иу ахæм нæлгоймаджы та спидæй рынчын схуыдта цыдæр налат адæймаг. Иуæй-иутæм ХУЫМÆТÆДЖЫ АДÆЙМАГДЗИНАД нымады дæр нал ис, бынтондæр ницæуылуал æлгъ кæнынц æмæ цъыф калынц æнæаххос адæймæгтыл. Æхсæнады сæмбæлæн ис дзырдхæсджытыл дæр, хъыгагæн, ахæмтæ уæвынад кæнынц алы  уагдоны, алы куыстуаты дæр. Æмбисонд афтæ куы у, æвзаг дур халы, зæгъгæ. Ахæм адæймæгтæ дыууæ хæлар адæймаджы барæй æрæмысгæ ныхæстæй афтæ сызнаг кæнынц æмæ сæ кæрæдзийæн æнæуынон свæййынц.

Æгъатырдзинады ахсджиаг проблемæйы тыххæй кæимæ ныхас кодтон, уыдонæй мын алчидæр бафидар кодта,  адæм кæрæдзимæ, уæлдайдæр та фæстаг азты агрессивон ахаст дарын кæй райдыдтой, уый тыххæй. Афтæ цæмæн хъуамæ уа? Нæ царды иууыл уæззаудæр рæстæджыты кæрæдзийы æххуысы, кæрæдзийы ныфсы фæрцы куы баззадыстæм сæрæгас, уæд. Хæсты рæстæджы йæ фæстаг къæбæр дæр йæ сыхагæн, йе ‘мбалæн, йæ зонгæйæн радтынмæ цæттæ чи уыдысты, уыдон абон ахæм ахаст нал дарынц кæрæдзимæ æмæ зæрдæ уæлдай тынгдæр уымæн риссы. Нырыккон æхсæнады зæрдæхæлардзинад фесæфта йæ нысаниуæг. Алчидæр бабырыд йæхи проблемæты, йæ хъузгы æмæ йæ  иннæтæм ницыуал хъуыддаг ис. Кæрæдзийы циныл зæрдæйæ нал цин кæнæм, фæлæ искæуыл  уæззау  зиан куы æрцæуы, уæд нæхи мæтгæнджытæ скæнæм, кæд уыцы хъуыддаг бирæтæн зæрдæйæ дæр нæ фæцæуы, уæддæр. Æрæджы трагикон æгъдауæй цæрынхъуагæй цардæй ахицæн нæ горæты цæрæг, йæ хъуыддаджы æцæг дæсны нæлгоймаг. Куыд рабæрæг, афтæмæй, уый депрессийы ныххаудта æмæ царды ницæуылуал цин кодта. Хъыгагæн, йæ фарсмæ ничи балæууыд, æндæра, чизоны абон дæр цæрид не ‘хсæн æмæ адæмæн лæггад кæнид.

Ног Америкæ нæ байгом кæндзынæн, нæ адæм бирæ хъизæмæрттæ кæй бавзæрстой, уый зæгъынæй. Ам мæ фæнды хуссарирыстойнаг адæмы зæрдыл æрлæууын кæнын, дæргъвæтин хæстон архайдтыты рæстæджы нæ адæм алцыдæр бавзæрстой. Нæдæр нын дон уыд, нæдæр дзул, нæдæр газ, нæдæр – рухс. Цардыстæм уазал хæдзæртты, фæлæ уыцы рæстæджы адæм кæрæдзи тынгдæр уарзтой. Иумæ тырныдтам нæ фидæны хуыздæр цардмæ. Ныр  цæрæм сабыр цардæй. Фарстæуы, абон махæн алцыдæр куы ис, нæ хæдбардзинад нымад куы ‘рцыд, уыцы рæстæджы цæмæн систæм ахæм фыдзæрдæтæ. Чизоны алчи не сразы уа мæ хъуыдыимæ, фæлæ алчидæр йæ зæрдæйыл ныххæцгæйæ акæсæд нæ абоны цардмæ æмæ уæд бамбардзæн, афтæ бирæ куы ахæсса, уæд йæ фæстиуджытæ бæллиццаг кæй нæ уыдзысты, уый. Цард æнæуыйдæр тынг цыбыр æмæ вазыгджын у æмæ  æнæхъуаджы кæрæдзийы нурæттæ мауал халæм, кæрæдзимæ уæздандæр ахаст дарæм, кæрæдзийæн кад кæнæм æмæ уæд нæ цард бирæ цымыдисондæр æмæ мидисджындæр уыдзæн.

Цæй уæдæ нæхи Къостайы зондыл ацæуæм æмæ æххæст кæнæм, йæ адæмы мæтæй йæ уæнгты уæззау низ кæмæн бацыд, сæ мæтæй улæфын дæр чи нæ фæрæзта, уыцы Стыр Адæймаджы фæдзæхст. АДÆМ, КÆРÆДЗИ УАРЗГÆЙÆ ЦÆРУТ!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.