Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц сæкæрнизæй рынчынты бон.   Уæрæсе ахсы 4-æм бынат сæкæрнизæй æппæты фылдæр рынчын адæм кæм цæрынц, уыцы бæстæты ‘хсæн. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ дзы Хуссар Ирыстоны дæр ис 2 мин адæймагмæ æввахс, уыдоны хсæн 12 сывæллæттæ.  Сæ нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæрæй фылдæр кæны.

Эндокринологтимæ æнгомæй кусынц окулисттæ, нефрологтæ æмæ кардиологтæ.

«Сæкæрниз кæмæ рабæрæг кæнæм уыцы рынчынтæм фыццаджыдæр æркæсы окулист, æмæ сын се ‘лхъывдад сбæрæг кæны. Арæх дзы сæмбæлæм зындзинæдтимæ. Цæстытæ вæййынц хъыгдард. Хъыгдард вæййынц уыргтæ. Дзæбæх сæ фæкæнæм нефропатийæ æмæ низы неврологон хуыз – полинейропатийæ», – зæгъы республикон диспансеры эндокринологон хайады гæс Æлборты Алена.

Сæкæрниз дих кæны цалдæр хуызыл. Арæхдæр æмбæлынц фыццаг æмæ дыккаг хуызтæ. Сывæллæттæм æмæ æрыгон кары адæммæ рабæрæг вæййы фыццаг хуыз, ацæргæ адæмы та арæхдæр тыхсын кæны дыккаг хуыз. Сæкæрнизæй сдзæбæх уæвæн нæй. Адæймаг фæткмæ гæсгæ куы нæ хæра, арæх куы мæсты кæна, куынæ змæла, уæд гæнæн ис æмæ низ дæр фæзына. Низ рахæссæн ис ныййарджытæй дæр. Рынчынты æппынæдзух хъæуы глюкозæ туджы къаддæр чи кæны ахæм хостæ нуазын. Инсулин райсæн ис хыгъды слæууыны фæрцы.

Дохтыры ныхæстæм гæсгæ хостæй ныртæккæ цух не ‘йафынц. Рынчынты статистикæйæ зæрдæ нæ рухс кæны. Хуссар Ирыстоны сæкæрнизæй рынчын  нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæны.

«Нæ республикæйы цæрджытæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц се ‘нæниздзинадмæ. Низ фыццаг хатт рабæрæг кæнынц æнæнхъæлæджы. Æндæр низ дзæбæхгæнгæйæ кæнæ радон госпитализацийы рæстæг. Амынддзинæдтæ сын радтæм, кæдæм æмæ цавæр дохтырмæ хъæуы бацæуын. Фыццаджыдæр фæхъæуы эндокринолоджы æххуыс. Басгæрсты фæрцы йæ специалист раиртасы, низ ис æви нæй», – загъта хайады гæс.

Æнæниз ут уæхæдæг дæр æмæ уæ хиуæттæ дæр.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.