Ахуыргæнæг алы адæймагæн дæр йæ царды, йæ фидæны дæсныйадæн бындур кæй æвæры, уый алчидæр базоны, банкъары æмæ йын йæ фæлгондз æппæт йæ царды дæргъы йæ мысынадæй никуы фæиппæрд вæййы. Тынг бирæ хорз ныхæсты аккаг сты ахуыргæнджытæ се ‘ппæт дæр, фæлæ дзы абон æз ракæндзынæн фæндзæм астæуккаг скъолайы физикæ æмæ матеметикæйы ахуыргæнæг Абайты Фатимæйы кой.

Фатимæ нæ горæты райгуырд, ам хъомыл кодта, фыды уæзæгмæ йе стыр уарзондзинад дæр ам æвзæрыд йæ зæрдæйы. Скъоламæ куы бацыд æмæ куыд рæзт, афтæ фылдæр кодтой йæ  хорз миниуджытæ. Чызг уæвгæйæ, ссис йе ‘мцахъæнты раздзог.

Фатимæ ноджы хуыздæр удыхъæд æвдыста хæдзары, сыхæгтæ æмæ зонгæты ‘хсæн. Йæ мад Размадзе Медея æмæ йæ фыд Михаилæн, кæд се ‘ртæ хъæбулы хъомыл кæныны ницы зындзинæдтæ уыд, уыдысты зæрдæргъæвд æмæ сæ цайдагъ кодтой ахуыры фæндагыл. Хистæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ, Фатимæйæн йæ къам æрвылаз дæр конд уыдис скъолайы Кады фæйнæгыл. Къорд азты лæууыд скъолайы фæскомцæдисон организацийы сæргъ. Хорз кад ын уыдис æрмæст йе ‘мкъласонты ‘хсæн нæ, фæлæ йæ ахуыргæнджыты ‘хсæн дæр. – Фатимæ сæ абон дæр нæ рох кæны. Йæ ахуыргæнджытæй арæхдæр æрымысы Медойты Клавдя, Тыджыты Юри, Коцты Раиса, Коцты Яков æмæ æндæрты. Уыдонæн сæ амындтытæ, сæ фæлмæн ныхас абон дæр зæлы йæ хъусты. Скъола каст фæуыны фæстæ Фатимæ аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты физикæ æмæ математикæйы факултетмæ бацæуын. Уый йе ‘ввахс адæймæгтæй бирæтæн уыд æнæнхъæлæджы, дзургæ дæр ма йын кодтой, зæгъгæ, предметтæй уый у се ‘ппæтæй зындæр, мыййаг дæ бон куы нæ суа, зæгъгæ, фæлæ Фатимæ уæддæр акодта йæ фæнд æмæ æнтысгæйæ радта исæн фæлварæнтæ.

Адæймаг цы бауарза уый йæм алы хатт дæр фæкæсы цымыдисон, адджын æмæ рæсугъддæр. Фатимæйы абон дæр исчи куы афæрсы, зæгъгæ, цæмæн равзæрстай, цæмæй суай, физикæ æмæ математикæйы ахуыргæнæг, уæд хъуыды дæр нæ акæны афтæмæй фæзæгъы, ацы предметтæ, сæйраджыдæр, равзæрстон уымæн æмæ сæ бауарзтон, цымыдисон кæй сты, уый тыххæй. Æцæг ын, уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр кæнын фæзындæр. Уымæн æмæ ссардта йæ амонд, фæзынд ын кæстæртæ, йæ хæстæ фæфылдæр сты, фæлæ зындзинæдтæй нæ фæтарст.

Фатимæ æнтысгæйæ каст фæцис институт. Райста ахуыргæнæджы диплом æмæ кусын райдыдта 131-æм професионалон-техникон ахуыргæнæндоны. Уырдыгæй ацæуын йæ хъуыдыйы нæ уыд, фæлæ фæндзæм астæуккаг скъолайы математикæйы ахуыргæнæг кæй хъуыд, уый тыххæй йæ ракодтой ардæм.

– Куысты æнтыст бирæбæрцæй баст у, адæймаг цы коллективы ‘хсæн кусы уыдоныл, – зæгъы Фатимæ. Æмæ, æцæгæйдæр, коллективы уæнгты ‘хсæн хорз ахаст куы уа, уæд адæймаг йæ куыстмæ фæцæуы зæрдæйæ æмæ йæ хæстæ дæр феххæст кæны разæнгардæй. Фатимæ ныр къорд азты кусы фæндзæм астæуккаг скъолайы æмæ райгонд у ахæм æмуд коллективы ‘хсæн кæй кусы, уымæй.

Раздæры æмæ абоны ахуыргæнинæгты тыххæй дзургæйæ та Фатимæ, зæгъы, зæгъгæ, абоны скъоладзаутæ сты ныфсджын æмæ уæндондæр. Уый, зæгъгæ, иуæй у хорз, аннæмæй та, стæм хатт иутæ ахизынц скъолайы, ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты раз аразын цы не ‘мбæлы, ахæм митæм дæр. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, кæд абоны ахуыргæнинæгтæй, ахуыр кæнын домдæуы фылдæр, уæддæр ма фылдæр хъусдард аздахын хъæуы хъомыладон фарстатæм дæр.

Фатимæ стыр царды фæндагыл рацыд. Тагъд йæ педагогон архайдыл сæххæст уыдзæнис дыууисæдз азы. Уыцы рæстæджы уыд, зынтæ æмæ цæуыл цин кодта, ахæм цаутæ дæр. Йæхи амондджыныл нымадта, цалынмæ йæ хъæбултæй сæ иу, гуырдзыйы агрессийы амæттаг нæ бацис, уæдмæ. Уæд æнхъæл дæр нал уыд сфæраза ахæм æнамонды хабар, фæлæ йын йæ хиуæттæ, хорз зонгæтæ æмæ цы коллективы кусы, уыдоны фæрцы рахизын бантыст уыцы уавæрæй. Уыцы маст никуы ферох кæндзæнис, фæлæ йæ иннæ хъæбултæ, хъæбулы хъæбултæ, йæ размæ куы æрбауайынц уæд йæ зæрдæ хурварс  абадæгау вæййы.

Адæймагæн йæ куыстæн æмбæлон аргъ лæвæрд  куы цæуа, уæд фæтырны хуыздæр æнтыстытæм. Ахæм аргъ лæвæрд æрцыд Фатимæйы педагогон архай       дæн дæр. Æрæджы йын, ахуыргæнæджы боны цытæн Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы Барамындæй лæвæрд æрцыд «РХИ-йы адæмон ахуыргæнæджы» кадджын ном. Чи йын раарфæ кодта, уыдонимæ йын арфæ кæнæм мах дæр. 

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.