Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта чырыстонтæн Чырыстийы аргъуыды ирд бæрæгбоны цытæн.

Йæ цардæмбал Куымæридтаты Линдæ æмæ йæ чызг Аннæимæ паддзахады сæргълæууæг уыд Донаргъуыды литуригийы, кæцы уагъд æрцыд Цхинвалы Æртæиууон аргъуаны. Бæрæгбонон бакуывд ауагъта фыд Серги.

Аргъуанмæ æрбацæуджытæн æмæ æппæт чырыстонтæн арфæйы ныхæстæ дзургæйæ, Бибылты Анатолийæн йæ цæст бауарзта уыдонæн сабырад, амонд æмæ хорздзинад. «Мæ цæст алкæмæн дæр уарзы, цæмæй цæрат кæрæдзи уарзгæйæ, нæ Хуыцау-Йесо Чырыстийы куыд фæндыд, афтæ», – загъта уый.

Бæрæгбонон литургийы фæстæ паддзахады сæргълæууæг ацыд цæугæдон Чысыл Леуахимæ дон-аргъуыды хинайынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.