Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли – Гуырдзыстонимæ арæны провокациты, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады скондмæ бацæуыны цæттæдзинады æмæ Владимир Путины РХИ-йы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты бæрæгбонмæ фæхоныны тыххæй.

Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фæхуыдта, цæмæй 2018 азы 26 августы – РХИ-йы хæдбардзинад банымайыны бон æрцæуа республикæмæ. Уыцы бон Цхинвалы æнхъæлмæ кæсынц Уæрæсейы премьер-министр Дмитри Медведев æмæ Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы æрцыдмæ дæр. Уый тыххæй «Известия»-йæн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Бибылты Анатоли. «Известия»-йæн интервьюйы уый  радзырдта дунейы Хуссар Ирыстоны банымайыны процессы, Республикæ Хъырымимæ æмгуыст кæныны æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæм баиу уæвынмæ цæттæдзинады тыххæй.

 – Апрелы ды уыдтæ Ялтæйы IV-æм æхсæнадæмон экономикон форумы сæйрагдæр уазджытæй сæ иу. Хъырымы кæй уыдтæ, уый тыххæй дæм цы тæлмæнтæ сæвзæрыд?

– Æрмæстдæр æвæрццаг тæлмæнтæ. Уый хауы æрмæст форумы организацимæ нæ, фæлæ ма уазджытæм ахастмæ дæр. Хуссар Ирыстонæн уый уыд тынг ахсджиаг балц.

Ялтæйы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы ‘хсæн арæзт æрцыд  Æмкуысткæнынады тыххæй бадзырд.

Мах уыдыстæм æфсиркуыстгæнæг хæдзарадтæй сæ иуы, кæцыйы хицæуттæ цæттæ сты Хуссар Ирыстонмæ инвестицитæ бакæнынмæ. Мах æрцыдыстæм иу хъуыдымæ æмæ кæрæдзийæн пайда кæй у, уый бамбæрстам. Æппæт æмбæлон уавæртæ саразынмæ Хуссар Ирыстон цæттæ у. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ дарддæр Хъырымимæ æмархайд тынгдæр рæздзæн.

– 26 августы Хуссар Ирыстон нысан кæны, Мæскуы йын йæ хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 10 азы сæххæсты бæрæгбон. Цхинвал ацы нысаниуæгджын цау куыд нысан кæндзæн æмæ цытджын уазджытæй кæмæ æнхъæлмæ кæсыс?

–  Фыццаг уал мæ зæгъын фæнды, уый махæн тынг ахсджиаг бон кæй у – 10 азы рацыд æрмæст хæдбардзинад банымайынæй нæ, фæлæ фактон æгъдауæй Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæгæй фервæзын кæнынæй. Хъыгагæн,  ацы цытджын боны размæ уыд 2008 азы 8 август, Гуырдзыстон дзыллон æгъдауæй Хуссар Ирыстоны территори æхсын куы райдыдта. Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы уый у иууыл нысаниуæгджындæр цаутæй сæ иу. Уый тыххæй мах цæттæ кæнæм уæрæхмасштабон бæрæгбонон мадзæлттæ.

Мах бирæ бæстæты къухдариуæггæнджытæм æнхъæлмæ кæсæм. Æз фæхуыдтон Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины, афтæ ма уæрæсейаг хицауады Сæрдар Дмитри Медведевы дæр, кæцы 2008 азы йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй барамындыл. Æнæдызæрдыгæй, фæхондзыстæм Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы, кæцы 2008 азы уыд Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министр,  уыцы ведомствойы къухдариуæггæнæг, кæцы аиуварс кодта, нæ бæстæйы цы гуманитарон катастрофæ æвзæрыд, уый. Августы мах æнхъæлмæ кæсæм æфсымæрон республикæты къухдариуæггæнджытæм – Абхазы æмæ æндæр бæстæты президенттæм, афтæ æнхъæлмæ кæсæм, Хуссар Ирыстоны историйы стыр ролы чи ахъазыд, уыцы адæймæгтæм дæр.

– Хуссар Ирыстон у постсоветон тыгъдады хай. Куыд кæсыс Хæдбар Паддзахадты Æмхæларадимæ республикæйы баиуы фадатмæ, кæцы иу кæны раздæры ССР Цæдисы бæстæтæн сæ фылдæры?

– Мах æрмæст фæндгæ нæ кæны, фæлæ уыцы здæхты аразæм къорд къахдзæфтæ дæр. Ныртæккæ цалдæр æхсæнадæмон организацийы сконды стæм цæстдарæджы хуызы. Хæдбар Паддзахадты Æмхæларад у уыцы тыгъдад, кæцы, историон цæстæнгасмæ гæсгæ, махæн у æввахс. Æмхæларад иу кæны, мах бирæ рæстæджы дæргъы иу паддзахады сконды кæимæ уыдыстæм, уыцы бæстæты. Махæн уыдонмæ ис хъарм æмæ цыты ахаст. Мæ зæрдæ дарын, фидæны Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хай кæй суыдзысты, ууыл. Ныртæккæ зын сбæрæггæнæн сты, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хай кæд суыдзыстæм, уыцы æмгъуыдтæ æмæ конкретон бон. Уый æрмæст махæй аразгæ нæу, фæлæ Æмхæларады бæстæтæн сæхицæй дæр, скъуыддзаг дæр æй уыдон хъуамæ акæной. О, фæлæ мах дæр иу ран ма хъуамæ бадæм, дарддæр хъуамæ кусæм, цæмæй нын нæ паддзахад банымайой дунейы æмæ баиу уæм серьезон æхсæнадæмон институттæм, кæцытæ уæвынад кæнынц абон.

– Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æрмæст Уæрæсе нæ банымадта, фæлæ Никарагуа, Венесуэлæ, æмæ сабырокеанаг сакъадахты бæстæтæй ноджы цалдæр. Цæмæй республикæйы æндæр бæстæтæ банымайой, уый тыххæй исты бадзырдтæ цæуы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, цæуы. Уыцы здæхты æныдгъд куыст цæуы. Хъыгагæн, Гуырдзыстон чысыл исты информаци куы райсы, уæд дæр архайы нæ архайдтытæ нын æрæхгæныныл. Фæлæ мах цыфæнды æгъдауæй дæр ацæудзыстæм уыцы фæндагыл æмæ æвдисæн уыдзыстæм æндæр бæстæты æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны хъуыддагæн. Конкретон бæстæты тыххæй хуыздæр у «факты фæдыл» дзурын.

– Ныртæккæ Цхинвал æмæ Тбилисы ‘хсæн ахастытæ цавæр æмвæзадыл сты?

– Хъыгагæн, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ницы ахастытæ ис. Гуырдзыстон абоны онг дæр йæ къух кæй не ‘рфыста, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй меморандумыл, уый мах тынг тыхсын кæны. Ахæм ахаст æвдисæн у, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фæстæмæ раздахын тыхы руаджы кæй хъавы, уымæн.

– Арæныл уавæр ныртæккæ цас сабыр у?

– Арæн хъахъхъæнынц уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ. Вæййы провокацитæ, кæцыты аразы гуырдзиаг фарс, фæлæ уыдон не ‘ндавынц республикæйы æдасдзинадыл æмæ бынæттон цæрджыты хæрзиуæгон цардыл. Мах уыцы провокациты аиуварс кæнæм. Уый фылæр у «паддзахадон къæбæдадзинад», уымæн æмæ провокацитæ фылдæр разæнгард цæуынц бæрзонд политикон æмвæзадыл. Цæвиттон, бахъавдтытæ уыд, арæныл цы инженерон арæзтадтæ ис, уыдон фехалынмæ.

Дмитри Лару

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.