Нæ горæты цардуагон лӕггӕдты хӕдзар, модӕты ателье ӕмӕ абанатӕ сты цæрджытæн цардуагон лæггæдтæ чи кæнынц, ахæм уагдæттæ æмæ хауынц паддзахадон унитарон куыстуат «Цæрджытæн цардуагон лæггæдтæ»-мæ – йӕ сӕргълӕууӕг та у Тасойты Анжелӕ.

Уӕлдӕр ранымад объекттæ абон цы уавӕрты æмæ цæуыл кусынц, цы проблемӕтыл ӕмбӕлынц, уыдӕтты тыххӕй нын радзырдта Тасойты Анжелӕ.

Цардуагон лӕггӕдты хӕдзар йӕ куыст кӕны ныр 45 азӕй фылдӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы нӕ бӕстӕйы уӕззау дугивӕнтӕ ууыл дӕр ныууагътой сӕ сау фӕд. Уыйбӕрц азты дæргъы цардуагон лӕггӕдты хӕдзары бӕстыхай кӕм зӕронд кодта, кӕм хӕсты азарӕй ӕфхӕрд ӕййӕфта, фӕлӕ уӕддӕр йæ куыстуарзаг коллективы фӕрцы абон дӕр йӕ куыст кӕны æмæ æххæст кæны горæты цæрджыты цардуагон домæнтæ. Бӕлвырддӕрӕй та цардуагон лӕггӕдты хӕдзары сӕ куыст кӕнынц ахӕм дӕснытӕ: дзабырхуыйджытӕ, телевизортӕ, гӕрзтӕхсӕн машинӕтӕ аразджытӕ, уӕлӕдарӕс хуыйджытӕ, хилӕлвынджытӕ ӕмӕ ӕгӕрстӕмӕй зӕрингуырд дӕр. Иудзырдӕй ис дзы ӕппӕт хъӕугӕ лӕггӕдтӕ дӕр. Стӕй кусджытӕ се ‘ппӕт дӕр сты сæ хъуыддаджы дæснытæ. Уый банысан кодта Тасойты Анжелӕ дӕр. «Цардуагон лӕггӕдты хӕдзары кусджытӕ иууылдæр иттӕг хорз зонынц ӕмӕ уарзынц сӕ куыст. Ууыл дзурӕг сты, арӕх иу кӕнӕ иннӕ кусӕджы хорз куысты фӕдыл адӕмӕй цы æппæлæн ныхӕстӕ фехъусын, уыдон дӕр»,- загъта Тасойты чызг.

Ис дзы ахӕм кусджытӕ, кӕцытӕ кусынц цардуагон лӕггӕдты хӕдзарӕн йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ. Уыдон абон дӕр сӕ кармӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ӕрвылбон дӕр сты сӕ куысты уӕлхъус ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц цӕрджыты домӕнтӕ. Нæ хуыздæр кусджытæй, сӕ иу уыд Болататы Нодар, кӕцы нымад цыд национ стилы нӕ Республикӕйы фыццаг дарӕсхуыйӕгыл. Хъыгагӕн, Нодар ӕрӕджы ацыд а-дунейӕ, фӕлӕ йӕ куыст нæ ныууагъта йæ царды фæстаг бонтæм. Хистӕр карӕй дарддӕр, ам фӕллой кӕнынц ӕвзонг куысты дӕснытӕ дӕр. «Уыдоны куыст дӕр у раппӕлинаг. Сӕ куыстыл не сты уæлæхох ӕмӕ сын ӕнтыстытӕ дӕр ис», – банысан кодта не ‘мныхасгæнæг. Мах бацымыдис кодтам, зӕгъгӕ ӕвзонг специалисты ацы куыстыл ныллæууын куы бафӕнда, уӕд ын æххуыс уыдзæн æви нæ ӕмӕ Тасойты чызгӕн йӕ дзуапп уыд тынг ныфсдӕттӕг. «Ныртӕккӕ ам цы кусӕн хатӕнтӕ ис, уыдоны ис кусджытæ, фӕлӕ кусын кӕй фӕнды, мӕнмӕ уыцы адӕймаг куы ӕрбахата, уӕд ын ӕз амал ссардзынӕн, кӕд ӕппын ницы, ӕз та йын мӕхи хатӕн ратдзынӕн», – загъта Тасуен. Уый та мæнмæ гæсгæ у, йӕ куыст чи зоны ӕмӕ уарзы, ахӕм сӕргълӕууӕджы ныхас.

Уӕдӕ куыстуаты сӕргълӕууӕгмӕ ис дарддӕры фӕндтӕ дӕр, уыдон та баст сты кусынӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ саразынимӕ. Цардуагон лӕггӕдты хӕдзар 2008 азы хӕсты рӕстӕджы бахъыгдард, стӕй фӕстӕдӕр цасдæрбæрцæй цалцӕг ӕрцыд, фӕлӕ бӕстыхайы æддаг хуыз у хуыздæрхъуаг, домы ӕмбӕлон цалцӕг, уымӕй дарддӕр бӕстыхайы мидӕг нӕй ӕмбӕлон хъæрмад, гъе уымӕ гӕсгӕ фӕнд кӕнынц ацы фарст æрбæстон кæнын, стӕй ма æппæт цалцӕггӕнӕн куыстытӕ дӕр сӕххӕст кӕнын.

Модӕты ателье дӕр йӕ куыст кӕны, кӕд уый дӕр 2008 азы тынг бахъыгдард, уӕддӕр фӕстӕдӕр цалцӕг ӕрцыд. Уым кӕд раджы ӕрмӕст дзаумӕттӕ хуыдтой, уӕд дзы фӕстӕдӕр та фӕзынд ӕндӕр лӕггӕдтӕ дӕр, кӕцыты кой кодтам уӕлдӕр.

8 июны, стæй Ирæтты уынгтыл цы абанатæ ис, уыдон хъысмӕт та ӕвӕццӕгӕн алчидӕр зоны. Ныр дзӕвгар рӕстӕг ӕдзӕллагӕй лӕууынц. Афтӕмӕй та нӕ Республикӕйы абанаты сӕр тынг хъӕуы, фӕлӕ паддзахадон унитарон куыстуат «Цæрджыты цардуагон лæггæдтæ»-йæн йæ бон нæу уыдоны куыст сæндидзын кæнын. Хорз хъуыддаг уаид, ацы абанатæ куы скусиккой ӕмӕ сӕ лӕггады хай куы кӕниккой адӕмӕн.

Къӕбысты Заринӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.