Цхинвалы районы ветеринарон службӕ ӕппӕт амӕлттӕй дӕр архайы, цӕмӕй хъӕууон цӕрджыты ӕмӕ фермерон хӕдзарадты фос хызт уой алыгъуызон хӕцгӕ низтӕй ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн рӕза ӕмӕ фылдӕр кӕна куыд фосы нымӕц, афтӕ сӕ продуктивондзинад дӕр. Районы ветдохтыр Дудайты Леонид йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ кӕсы бӕрндзинады цӕстӕй ӕмӕ йӕ дӕлбаруӕвӕг ветфельдшертӕй дӕр домы ахӕм аудгӕ ахаст.

Практикӕ куыд амоны, афтӕмӕй хицæн низтæ фӕзынынц уалдзӕджы, иугӕр кӕрдӕг куы фӕцъӕх вӕййы ӕмӕ фос сӕр-вӕтмӕ куы аивылынц, уӕд. Уый зӕрдыл даргӕйӕ, районы ветеринарон службӕ æрæвнæлдта хъӕууон фӕллойгӕнджыты стуртӕн низы ныхмӕ судзинтӕ аразынмӕ. Ацы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕс ныр цалдӕр боны Къостайыхъӕуы  ӕххӕст кӕны Хаситы Бабули.

 

____________

Зынгсирвæзт ахуыссын  кодтой

 

Ӕрӕджы Къостайыхъӕуы цӕрӕг Гӕбӕраты Дусийы мӕнгагъуыст ӕбӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ ссыгъд. Уыцы хъуыддаг ӕрцыд ӕмбисӕхсӕв. Зынгсирвӕзтмӕ райхъал сты сыхӕгтӕ Хуыбиаты Георги ӕмӕ йе ‘мкъай, стӕй чысыл дӕрддзӕфдӕр цӕрӕг Хуыбиаты Дадте ӕмӕ фӕдзырдтой горӕты зынгхуыссынгӕнджытӕм. Уайтагъд бынатмӕ фӕзындысты къараулы хистӕр Бикойты Сослан, хайады командир Бестауты Альберт, зынгхуыссынгӕнджытӕ Дзасохты Сӕрмӕт, Дзабиты Азӕмӕт, Биазырты Геннади ӕмӕ шофыр Тадтаты Артур. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ зынгсирвӕзтмӕ цырд куынӕ фӕлӕууыдаиккой, уӕд тӕссаг уыд хъӕдын хӕдзарӕн дӕр. Хӕдзары хицау райгондæй баззад, фӕдисмӕ чи ӕрбацыд, уыдоны архайдæй.

   ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.