Сыгъдæгдзинад алы ран дæр хъахъхъæнын хъæуы æмæ йыл аудынц цæрджытæ сæхæдæг дæр сæ хисæрмагонд цæрæн бынæтты, афтæ æмбæлон органтæ дæр. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыст рагæй æрфидар нæ горæты, фæлæ уыцы хъуыддагмæ дæр хъæууон бынæтты фæстаг рæстæджы здæхтæуы хуыздæр хъусдард. Цæвиттон, Цхинвалы районы раздæры разамынад цалдæр азы размæ батыхст уавæр æрбæстон кæныныл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Хъæууон цæрджыты брæттæ ласын райдыдтой 2010 азæй фæстæмæ. Ацы куыстыл лæуд сты шофыр Джиоты Ромик æмæ æвгæнæг Саулохты Нодар. Уыдон къуыри иу хатт сæ фæндаг адарынц Къостайыхъæу, Тъбет æмæ Ногхъæуыл æмæ цы брон сæмбырд вæййы, уый аласынц æмбæлон ранмæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.