Фæзæгъынц, зæгъгæ, сывæллон у бинонты айдæн. Растдæр уымæ гæсгæ æнцон рахатæн вæййы сывæллон цахæм бинонты ‘хсæн хъомыл кæны, ныййарджытæ йын цахæм хъомылад дæттынц, уый.

Æмæ уæдæ кæд сывæллон бинонты айдæн у, уæд алкæцы паддзахады айдæн та сты йæ цæрджытæ. Æрцæуæггаг уазæг, æнæзонгæйы цæст стыр у æмæ уайтагъд алцыдæр фæхаты, цы бæстæмæ æрцыд, уым цахæм адæм цæры, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, 20 азы дæргъы хæстон уавæрты цæргæйæ, Хуссар Ирыстон бирæ цæмæйдæрты алæууыд фæстæмæ, йæ цæрджытæ бирæ хъизæмæрттæ февзæрстой, æппынæдзух хъуыды кодтой æхстыты рæстæджы сæ сывæллæтты, сæ бинонты кæм æдасдæр ран бамбæхсой, ууыл. Цивилизацион бæстæтæ размæ куыд цыдысты, рæстæгимæ æмдзу куыд кодтой, афтæ мах та фæстæмæ алæууыдыстæм, размæ ницæмæйуал рацыдыстæм. Фæстæмæ алæууыд куыд нæ экономикæ, инфраструктурæ, афтæ нæ адæмы культурæ дæр.

Фæлæ ныр 11 азы хæдбар паддзахад стæм, нæ цардуагон уавæртæ дæр бæрæг фæхуыздæр сты. Фæстаг цалдæр азы нæ горæты уынгтæй бирæтæ æрцыдысты хæрзарæзт, газонтыл хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ ныссагътой адæймаджы зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг алыгъуызон цъæхдарæнтæ æмæ рафидыдтой.  Фæлæ горæт Цинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ ландшафт-дизайнер Пæрæстаты Иринæйы сæргълæудæй цы уæззау фыдæбон кæнынц, уый алчи не ‘мбары æмæ уынджы иу хайæ иннæмæ ахизынц ацы дидинджытыл, кæрдæгыл балæгæрдгæйæ. Адæймаг ма сæм кæсгæйæ баззайы дискæнгæйæ. Ау, ахæм æнæмбаргæ адæймæгтыл цалдæр метры бауайынæй цы хъуамæ æрцæуа, цæмæй сæрмагондæй рахицæнгонд ахизæн бынатыл ахиза, уый тыххæй. Цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ, уæлдайдæр та фондз æвзонг сылгоймаджы цы удуæлдай куыст кæнынц нæ хæстæфхæрд горæты рæсугъддзинады сæраппонд, уымæн стыр аргъ кæнын хъæуы. Уыдон горæты уынгты газонты тауынц кæрдæг, садзынц сæ дидинджытæ æмæ декоративон къутæртæ, æгæ-рыстæмæй сын тынг тæвд бонты дæр иуран æрбадт нæй, афтæмæй архайынц уынгтæ рафидауын кæныныл.

Иннæ ахæм нæ горæты иуæй-иу æдзæсгом цæрджытæ сæ брон брондонмæ нæ хæссынц, ныккалынц, æрæвæрынц сæ уынгты, æгæрыстæмæй, адæм тынг кæм змæлынц, ахæм бынæтты дæр æмæ сын макæ зæгъæг нæй. Цалынмæ райсомæй  бронласæг машинæтæ рацæуынц, уæдмæ сæ дзæгъæл куыйтæ ныппырх кæнынц æмæ уынгмæрзджыты дæр бахъуæы дывæр куыст бакæнын. Нæ басастысты иуæй-иу амалиуæггæнджытæ дæр, сихорафонмæ сæ магазинты рæзты байдзаг кæнынц алыгъуызон бронæй, уыцы нымæцы хъæбæр гæххæтты къоппытæй дæр æмæ сæ цурты ахизæнтæ нал вæййы. Ахæмтæн куы бауайдзæф кæнæй, зæгъгæ, дæ брон уынджы, адæмы размæ цæмæн калыс, уæд сæхи зылынджынæй нæ рахатынц, хатыр нæ ракурынц, фæлæ уый хыгъд сæхи раст кæныныл фæвæййынц, зæгъгæ, нæ магазины  брон кæм æвæрæм, ома, æххуысы хæдзарадæн бынат нæй æмæ сæ уæдæ цы фæкæнæм. Ау, ахæм амалиуæггæнджытæ  æндæр горæтты дæр никуы уыдысты, исчи ма бафæлварæт æмæ йæ брон ныккалæт æнæран бынаты, æндæра йæ нæ фæивар кæниккой, суанг ын йæ магазин сæхгæныны онг дæр.

Ивгъуыд аз, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боныл дæс азы сæххæсты сæраппонд уæрæхмасштабон бæрæгбонон мадзæлттæм нæ горæтмæ æрцыд бирæ уазджытæ, цæмæй уыдон хуссарирыстойнаг цæрджытимæ иумæ фæцин кодтаиккой нæ цины бæрæгбоныл.  2018 азы 26-æм августы райсомæй фараст сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ мæм мæ фырт Батрадз æрбауад къæбицмæ æмæ мын афтæ дзуры, акæс-ма, дам, дæлæ, зæгъ, нæ хæдзары ныхмæ лæууы Александр Сладков, уый, зæгъ, телефоны кæимæ дæр ныхас кодта æмæ, дам, æй йæ хъæлæсæй  базыдтон. Акастæн рудзынгæй æмæ æцæгæйдæр уартæ Сладков лæууы дыууæ адæймагимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон æнхъæлмæ кастысты машинæмæ æмæ сæм чысыл фæстæдæр æр-бацыд Уæрæсейы телеуынынады 2-æм каналы машинæ æмæ ууыл ацыдысты бæрæгбонон мадзæлттæм. Æвæццæгæн æй æх-сæвиуат кæнынмæ акодта Заводы уынджы бирæуæладзыгон корпусты кæцыдæр цæ-рæг. Александр Сладков цыран лæууыд, ома, Тæболты Сергейы уынджы, «Нефтебаза»-мæ æввахс, уым йæ тæккæ раз уыд брæтты чысыл обау. Цæвиттон, æрвылрайсом дæр, хуыцаубонæй дарддæр, ацы уынджы рацæуы бронласæн машинæ æмæ аласы, цæрджытæ уым цы брæттæ æрæвæрынц, уыдоны. Мæнæн мæ цæсгом ссыгъд фырæфсæрмæй, зæгъын, ныр цы ахъуыды кæндзæн уæрæсейаг зындгонд журналист ацы брæттæм кæсгæйæ, уымæй дæр сæ куыйтæ фæйнæрдæм ныппырх кодтой, афтæмæй пырхытæй лæууыдысты… Æниу кæд цæрджытæ зонынц хуыцаубоны бронласæн машинæ нæ рацæуы, уый, уæддæр сабаты изæры дæр æмæ хуыцаубоны дæр рахæссынц æмæ уынгты ныккалынц сæ брæттæ æмæ суанг дыгай бонты фæлæзæрынц уым,  куыйтæ æмæ сæ дымгæ ныппырх кæнынц, афтæмæй…

2008 азы августы тугуарæн хæсты райдайæныл æмæ нын Стыр Уæрæсе  нæ хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл ныр 11  азы æххæст кæны æмæ та нæм æнæ-мæнгæйдæр æрцæудзысты уазджытæ, нырма 8-æм августы фыдохы мадзæлттæм æмæ 26-æм августы та – бæрæгбонон мадзæлттæм. Хорз уаид, æмæ цæрджытæ ацы хъуыддаг уæддæр куы бахынциккой æмæ сæ брон брондонмæ куы хæссиккой, науæд нын нæ худинаг фæхæсдзысты æрцæуæггаг уазджытæ. Ныр 11 азы сабыр цардæй куы цæрæм, æхстыты хъæр куынæуал хъусæм, уæд нæ алчидæр хъуамæ тырнид цы бирæ цухдзинæдтæ нæм æрæмбырд нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгты аххосæй, уыдоны аиуварс кæнынмæ, фæлæ…

Ацы бонты фæцæйцыдтæн Пушкины уынджы кинотеатр «Чермен»-ы цурты. Уым иу хисæрмагонд хæдзары размæ бандоныл бадтысты дыууæ æвзонг лæппуйы. Уыдон хордтой хурмæзилæнтæ æмæ сын сæ цъæрттæ сæ къæхты бынмæ калдтой, æз нал фæлæууыдтæн æмæ сын бауайдзæф кодтон, зæгъын, уый цы аразут, худинаг уæм ницы кæсы, уæ фæстæ уын чи хъуамæ бафснайа? Лæппутæй сæ иу фæцырд æмæ мын загъта, зæгъгæ, ацы хæдзар нæхи у æмæ сæ сæрфгæ дæр нæхæдæг ныккæндзыстæм. Уым кæдмæ лæууыдаин æмæ ацыдтæн дарддæр. Уыцы бон мын ууылты рацæуынæн рæстæг кæй нал фæцис, уымæ гæсгæ йæ нал  базыдтон, лæппутæ сæ фæстæ бафснайдтой æви сæ афтæ ныууагътой æмæ уынгмæрзæджы æфснаинаг фесты, уый. Фæлæ, æгæрыстæмæй, кæд сæ фæстæ бафснайдтой, уæддæр цас рæсугъд у уынджы хурмæзилæджы æхсынæнтæ фæйнæрдæм фурт кæнын… Ахæм цаутæн та нæ горæты уынгты арæх ис фенæн. Нæ горæты Октябры уынг хæрзарæзт куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ ссис цæрджыты уарзон бынат æмæ дзы æрвылæхсæв дæр фæтезгъо кæны бирæ адæм. Æрæджы ацы уынджы бадтысты æртæ æвзонг нæлгоймаджы, уыдон дæр хордтой хурмæзилæнтæ æмæ сæ цъæрттæй сæ цурты ахизæнтæ нал уыд. Нæ та фæлæууыдтæн æмæ сын бауайдзæф кодтон, зæгъын, чи у хæсджын, уæ фæстæ уын чи бафснайдзæнис. Уыдон кæд разындысты æрцæуæг-гæгтæ æмæ мын уырыссагау афтæ бакодтой, зæгъгæ, дам, сæ райсом уынгмæрзæг ны-мæрздзæн, мызд, зæгъ, ын уый тыххæй фи-дынц. Цы ма хъуамæ сдзурай ахæм æнæм-баргæ адæймæгтæм? Кæцыдæр «сахъгуырд» та ацы уынджы бандæттæй сæ иуы фæйнæг алыг кодта. Хорз уаид æмæ-иу ацы уынджы изæрыгон уæддæр куы разилид фа-дыгон милиционер æмæ-иу ахæмтимæ æмбарынæгæн куыст куы бакæнид.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ, зæгъгæ, цæрджытæ æмхуызонæй аудынц нæ горæты сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадыл, уæд афонмæ нæ хæстæфхæрд горæт  ноджы сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр уаид. Фæлæ иутæ аразгæ æмæ сыгъдæг куы кæной горæты уынгтæ, иннæтæ та сæ брон брондонмæ куынæ хæссой æмæ арæзт цы æрцыд, уыдон куы цъæл кæной, уæд нæ горæт йæ гаччы кæд хъуамæ æрбада.

Рæсугъддзинад, сыгъдæгдзинад кæцы адæймаг не ‘мбары, уый сырдæй æвзæрдæр у, фæнды ас адæймаг уæд, фæнды саби уæд…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.