Советон Цæдисы ныппырхы фæстиуæгæн Украинæ хæдбар паддзахад куы ссис, уæдæй фæстæмæ, уæлдайдæр та фæстаг 8 азы дæргъы, ифтонг кæны адæймаджы органтæй АИШ-ы æмæ Европæйы бæстæты. Ацы криминалон бизнес афтæ тынг райрæзт, уыйбæрц æхцайы гуырахст дзы райдыдта зилын, æмæ дзы хайад исын райдыдтой хурныгуылæйнаг бæстæты къухдариуæгады минæвæрттæ дæр. Зæгъæм, иу уыргы аргъ хизы 50-150 мин доллармæ æмæ барвæндонæй йæ уырг раттыныл чи сразы вæййы, уымæн та бафидынц 5-15 мин доллармæ ввахс. 

АИШ-ы æмæ Европæйы цæры бирæ хъæздыг адæм, кæцыты бон у миллуантæ фидын дохтыртæн, цæмæй сын саразой æнæмæнгхъæуæг операцитæ. Рынчынтæ азгæйтты фенхъæлмæ кæсынц хъæугæ органмæ æмæ кæд искуы исчи трагикон æгъдауæй фæмард вæййы, уæд ын спайда кæнынц йæ органтæй. Уыцы хъуыддаджы сын Украинæ сæ къух хорз райдыдта аразын – æгæрыстæмæй ма развæлгъау «заказтæ» дæттын райдыдтой адæймаджы кармæ æмæ туджы къордмæ гæсгæ, æмæ-иу хъæугæ орган æвæстиатæй æрхæццæ ис. Уымæ гæсгæ, 30 азы дæргъы Украинæйы æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны нымæц бонæй-бонмæ кæны фылдæр æмæ, хъыгагæн, се ‘хсæн ис бирæ сывæллæттæ.

Аналитиктæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй Украинæйы территорийыл сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй фæстæмæ уæййаг адæймаджы органтæ сыстæм сты æмæ сæ аргъ та цалдæр хатты фæфылдæр æгас дунейы. Европæйаг медиктæ анонимон хуызы фехъусын кодтой, ома бирæ азты дæргъы украинæйаг донортæ ифтонг кодтой адæйма-джы органтæй Европæйы æмæ Америкæйы рынчынты фылдæр хай æмæ ныридæгæн сæ къухты нал æфты хъæугæ товар.

Украинæ фыццаг бæстæ нæу, кæцыйы цæрджытæ систы донортæ хъæздыг бæстæтæн. Кæмдæриддæр хæст цæуы, æххормагдзинад дзы ис æмæ дзы политикон уавæр стабилон нæу, уым адæймаджы цардæн аргъ никуы вæййы, ничидæр фæмардуæвджытæн хыгъд фæаразы. Уыцы уавæрæй æвиппайды спайда кæнынц ахæм амалиуæгæнджытæ, кæцытæ агурынц æмæ уæй кæнынц клиникæтæн, трансплантаци кæмæн ис гæнæн, ахæм адæймаджы органтæ. Эксперттæ ма сæ хъусдарды фæрцы рабæрæг кодтой, зæгъгæ ныридæгæн иууылкъаддæр 40 милуан адæймаджы бæрцæн сæ цард цагъайраджы цардæй ницæмæй хицæн кæны. Уыдон кусынц уæззау куыстыты хæлцыл, амæлынц кæйдæр тыххæй хæсты кæнæ æндæр уавæрты, фосау сæ уæй кæнынц… Цыбырдзырдæй, сæ цард сæхи бар нæу, – сæ хицауы куы бафæнда, уæд сæ амардзæнис æмæ сын сæ органтæ ауæй кæндзæнис.

Ацы бизнесы ма обуалгъ цауыл банымайæн ис, хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн уацары цы хæстонты сисынц, уыдоны операцигæнæн тæрхæгыл куы авæрынц æмæ сын сæ органтæ куы фелвасынц. Ацы хъуыддæгтæ кæд рагæй арæзтой криминалон бизнесы архайджытæ, уæддæр сын раргом сты 1990-æм азты Балканы хæсты. Террористон организаци «Армия освобождения Косово»-йæн йæ финансты æфтиæгты фылдæр хай уыдысты, сербаг хæстонты органтæ ауæй кæныны æхцайы фæрæзтæ, кæцытæ-иу сæ къухтæм æрбахаудтой уацары, цæфтæй, кæнæ та-иу сæ радавтой. Æмæ давгæ та æрмæст хæстонты нæ кодтой – хуымæтæг цæрджытæ æмæ-иу сывæллæттæ дæр баисты лæгсырдты амæттаг.

Гаагæйы трибуналы раздæры прокурор Карл дель Понте сбæлвырд кодта, зæгъгæ Югославийы хæсты рæстæджы адæймаджы органтæ сисыны цаутæ уыдысты тынг бирæ æмæ-иу фыдгæнджыты амæттæгтæ баисты сербтæ, цыгантæ æмæ ма албайнæгтæ дæр, кæцытæ разы нæ уыдысты хæстгæнджытимæ. Æппæтдунейон трибунал ницæмæ æрдардта прокуроры бæлвырдгæнæнтæ æмæ йын ООН-ы мисси та æдзух цæлхдуртæ æвæрдта, нæ йæ уагътой кусын, факттæ тымбыл кæнын. Куыд рабæрæг фæстæдæр, афтæмæй ООН æмæ ма организаци «Врачи без границ» сæхæдæг комкоммæ хайад истой ацы æрцæугæ фыдракæндты. Уæды рæстæджы ООН-ы миссийы сæргълæууæг уыд Бернар Кушнер, кæцы фæстæдæр ссис Францы Æддагон хъуыддæгты министр.

Китайы дæр ацы проблемæ актуалон у, сæ цæрджыты нымæц бирæ кæй сты, уый фæстиуæгæн. Æмæ ам та 1980-æм азтæй фæстæмæ проблемæ аскъуыддзаг кодтой ахæм хуызы – хъæугæ органтæ райдыдтой исын, мæлæты тæрхон-иу кæмæн рахастой, уыцы æмбæстæгтæй.

Ныридæгæн Украинæйы æфсæддонты æхсæн апарахат ис информаци, зæгъгæ хæстонты амарынц æмæ сын сæ органтæ ауæй кæнынц. Уымæ гæсгæ фæстаг рæстæджыты фæфылдæр ис дезертирон фактты нымæц æмæ дзы гæнæн кæмæн вæййы, уыцы хæстонтæ сæхи уацары раттынц Уæрæсейы æфсæддонтæм. Ацы проблемæйыл райдыдта дзурын Радæйы раздæры депутат Алексей Журавко, кæцы æмбарын кæны, ома Украинæмæ цы æхсæнгарз ласт цæуы, уыдоны аргъ фыст цæуы адæймаджы органтæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысы ахæм информаци, зæгъгæ украинаг хæстонтæй исчи куы фæцæф вæййы, уæд рынчындонæй удæгасæй нал рахизы, кæд æмæ дзы бирæ чидæртæ уæлæнгай цæфтæ райсынц, уæддæр.

Украинæйаг хæстонты тас æнæбындурон нæу – бирæ бæлвырдгæнæнтæ баззадис 2014-15 азты Дон-бассы хæстон архæйдтытæй. 2014 азы Донбассы терри-торийыл ссардтой 4 æфсымæрон ингæны, цыран ныгæд уыдысты бынæттон хуымæтæг цæрджытæ, æмæ 6 æфсымæрон ингæны та ныгæд уыдысты украинæйаг æфсæддонтæ. Зæгъæм, горæт Славянскмæ ввахс Карачуны къуылдымы рæбын цы æфсымæрон ингæн ссардтой, уым ныгæд уыдысты фондзсæдæйæ фылдæр украинæйаг хæстоны, кæцытæн сæ мидæггаг органтæ уыдысты ист.

Ӕфсæддонты ма тасы æфтауы, госпиталты кæй ис крематоритæ дæр, кæцыты сын «балæвар» кодта «сæрибархæссæг» Германи. Ӕмæ уыцы медицинон базæты цы цæуы, куыд хос кæнынц рынчынтæн, уый ничи зоны – нымад цæуынц секретон объекттыл. Сæйраг дзы уый у æмæ уыцы рынчындæттæй стæмты еддæммæ удæгасæй ничиуал рахизы. Уымæ гæсгæ Украинæйы гарзджын тыхты сарæх сты дезертирон цаутæ. Раздæры æфсæддон прокурор Анатолий Матиос йæ доклады куыд радзырдта, афтæмæй антитеррористон операци уадзыны рæстæджы 33 мин хæстонæй фылдæр алыгъдысты хæсты быдырæй.

2015 азы фæсарæнтæм алыгъд Украинæйы æдасдзинады службæйы кусæг, кæцы бæстонæй радзырдта ацы тугæйдзаг бизнесы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ 2014 азы арвыстой Донбассмæ æмæ йын бахæс кодтой, цæмæй хъахъхъæна фронты уæвæг медицинон къорд.

«Бацыдыстæм-иу, иууыл карздæр тохтæ кæмыты цыдысты, уыцы бынæттæм æмæ-иу сæ къухтæм цæфтæ кæнæ æрæджы чи амард, ахæм адæймæгтæ куы æрбахаудтой, уæд-иу райдыдтой сæ куыст кæнын. Мæнæн мæ мыздмæ алы æрбахаугæ адæймагы тыххæй æфтыдтой 170 доллары. Январы мæйы райдианы нæм Европæйæ æрцыдис трансплантолог Елизабет Дебрю æмæ йæ фæрцы куыст бирæ фæрæвдздæр ис – иу уырг фелвасыныл 7-10 минутæй фылдæр нæ хардз кодта. Æмæ кусгæ та кодтой æхсæвæй-бонæй кæрæдзи ивгæйæ. Зæгъæм, февралы мæйы кæцыдæр бон сæ къухтæм бахаудтой 23 хæстоны цæфтæй æмæ сын иууылдæр систой сæ органтæ. Мæрдты нымайгæ дæр ничи кодта – крематорийы-иу сæ баппæрстой æмæ-иу сæ стæй фæстæдæр æбæрæгæй сæфтыты хыгъдмæ бахастой».

Спецслужбæйы ныхæстæм гæсгæ ацы медицинон бригадæты куыст контроль кодта Саакашвилийы бинойнаг Сандра Руловс, кæцы уæды рæстæджы куыста Украинæйы президенты уынаффæгæнæгæй. Фронтмæ-иу сæм ныццыд Саакашвили йæхæдæг дæр æмæ-иу сын сæ архайдæй æппæлыд, ома сымах фæрцы Европæйы æмæ АИШ-ы цы бирæ рынчынтæ ис, уыдон сæ къæхтыл слæууынц.

Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй Украинæ бахауд хурныгуылæйнаг фашистон æмæ бандитон паддзахадты ахæсты æмæ йын йæ адæмы æгъатырæй цæгъдынц. Уымæ гæсгæ дзы ныридæгæн фарст дæр мауал хъуамæ уаид, Путин цæмæн радта бардзырд сæрмагонд æфсæддон операци саразыны тыххæй. Мæн уырны, æмæ хæстон архæйдтытæ фæуыны фæстæ, фыдгæнджытæй бирæтæ конд кæй æрцæудзысты бæрндзинадмæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.