Абоны бон нæ горæты уынгтæн сæ фылдæр хæрзарæзт æрцыдысты æмæ рафидыдтой. Ноджы ма йæ зæгъон, горæт Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджыты куыстмæ фау æрхæссæн нæй æмæ сын сæ куыстæн чи нæ аргъ кæны, уыдонæн та хуыцауы хай дæр нæй. Æрвылрайсом дæр горæты уынгтыл разилынц бронласæн машинæтæ æмæ комбинаты кусджытæ иу брон нал фæуадзынц уынгты, ног чындзау сæ афснайынц. Райсомæй хæрзæфснайд уынгтæм рахизгæйæ зæрдæ барухс вæййы, уыимæ газонты алыгъуызон дидинджытæ æмæ декоративон зайæгойты уынд дæр цæстæн вæййы тынг æхсызгон.  Адæймаджы стыр ныфс бацæуы, рæхджы нæ горæт йæ раздæры хуыз кæй æрцахсдзæн æмæ ноджыдæр кæй фæрæсугъддæр уыдзæн, уымæй.

Нæ горæты цæрджытæ æмхуызонæй куы аудиккой нæ горæты сыгъдæгдзинадыл, уæд абон нæ хæстæфхæрд, хъайтар горæт Цхинвал ноджы сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр уаид. Фæлæ иутæ аразгæ æмæ сыгъдæг куы кæной горæты уынгтæ, иннæтæ та сæ брон брондонмæ куынæ хæссой æмæ арæзт цы æрцыд, уыдон куы цъæл кæной, уæд нæ горæт йæ гаччы кæд хъуамæ æрбада? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты сыгъдæгдзинадæн ивгъуыд рæстæджыты куыд уыд, уыимæ абарæн дæр нæй. Горæты уынгты æвæрд æрцыдысты бронæмбырдгæнæн егъау контейнертæ, уырдæм цæрджытæ сæ брæттæ фæхæссынц æнæхъæн боны дæргъы æмæ сæ райсомæй раджы бронласæн машинæтæ аласынц. Фæлæ та мæ ам дæр фæнды иуæй-иу цæрджытæн бауайдзæф кæнын, алчи йæ брон брондонмæ кæй нæма хæссы æмæ сæ æнæран бынæтты кæй ныккалынц, уый тыххæй.  Тæболты Сергейы уынджы цæрджытæ дæр райгонд сты хæрзарæзтады комбинаты кусджыты куыстæй, фæлæ сын ацы районы цæрджытæй дæр иуæй-иутæ куыд æмбæлы, афтæ нæ аргъ кæнынц сæ куыстæн. Цæвиттон, бронласæн машинæ куы ацæуы, уый фæстæ дæр цæрджытæй бирæтæ сæ брон рахæссынц æмæ сæ тротуартыл ныккалынц, кæд æй тынг хорз зонынц, бронласæн ма-шинæ ацыд æмæ дыккаг бонмæ нал рацæудзæн, уæддæр. Æмæ афтæ фæлæзæрынц дыккаг бонмæ, уæдмæ сæ ныппырх кæнынц дзæгъæл куыйтæ, дымгæ сæ фæраскъæф-баскъæф кæны æмæ сæ алы къуымты банæмы æмæ афтæмæй уынг-мæрзджытæн, бронласджытæн сæ куыст фæдывæр вæййы. Иннæ ахæм амæй-размæ Тæболты Сергейы уынджы «Бензоколонка»-мæ æввахс районы цæрджытæй чидæр тротуарыл æрæвæрдта, хæдзары йæ чи нæ уал хъуыд, ахæм дыууæ зæронд стыр аджы æмæ-иу сæ суткæйы цафонфæнды дæр цæрджытæ калдтой сæ брæттæ, бронласæн машинæ ацыд æмæ дыккаг бонмæ кæй нал рацæудзæн, уымæ нæ кæсгæйæ. Иу дзырдæй, брондон дзы сарæзтой. Æвзæр цæвиттон хæцгæ низæй уæлдай нæу. Фæстæдæр ма ноджы ацы дыууæ агмæ бафтыд ноджыдæр иу, кæцыдæр цæрæджы та нал хъуыд йæ зæронд ми-гæнæн æмæ йæ уый дæр уыдоны цурмæ рахаста æмæ афтæмæй фыдуынд кодтой уынг. Уæд ацы рæнхъыты автор фæдзырдта хæрзарæзтады комбинатмæ æмæ сæм бахатыд, цæмæй ацы æртæ аджы уырдыгæй аластаиккой. Йæ цæрæнбон бирæ Джиойы фыртæн, сæххæст мын кодта мæ куырдиат æмæ цалдæр боны фæстæ агтæ уым нал уыдысты. Фæлæ сæ уый дæр нæ басаста æмæ цæрджытæй иуæй-иутæ уæддæр сæ брон калдтой уыцы бынаты. Уæд та фæдзырдтон Тæболты Сергейы уынджы фадыгон милиционер Сиукъаты Эдуардмæ æмæ йæм бахатыдтæн, цæмæй азила цæрджытыл æмæ сæ бафæдзæхса æмæ сæ брон æнæмбæлон бынæтты ма калой, фæлæ-иу сæ рахæссой райсомæй аст сахатмæ æввахс, цалынмæ бронласæн машинæ нæ разылд, уæдмæ, цæмæй сæ аласа. Йæ цæрæнбон бирæ Сиукъайы фыртæн, сæххæст нын кодта нæ куырдиат, азылд цæрджытыл æмæ семæ бакодта æмбарынгæнæн куыст æмæ уавæр фæхуыздæр, кæд ма ныр дæр иуæй-иу æнæмбаргæ цæрджытæ сæ брон суткæйы кæцыфæнды рæстæджы дæр рахæссынц, уæддæр сæ нымæц бæрæг фæкъаддæр.

Хорз уаид æмæ ма ахæм уавæр цы уынгты ис, уыдоны цæрджыты дæр-иу куы бафæдзæхсиккой фадыгон милиционертæ, цæрджытимæ æмбарынгæнæн куыст куы кæниккой, уæд нæ горæты сыгъдæгдзинады уавæр бирæбæрцæй фæхуыздæр уаид. Науæд, иуæй-иу цæрджытæ æппындæр нæ аргъ кæнынц нæдæр уынгмæрзджыты æмæ нæдæр бронласджыты куыстæн. Афтæмæй та уынгмæрзджытæн сæ фылдæр сæ куыстмæ рацæуынц æхсæвы цыппар сахатыл, цæмæй та горæты цæрджытæ райсомæй рахизой хæрзæфснайд уынгтæм. Алчи дæр сын хъуамæ аргъ кæна сæ уæззау куыстæн.

Ракæндзæн нæ горæты уынгтæй дыууæйы – Исахъы æмæ Хъайтарты уынгты кой. Ацы уынгты цы магазинтæ ис, уыдоны хицæуттæ  рахæссынц сæ брон, фылдæр хатт хъæбæр гæххæттæй къоппытæ æмæ сæ ныккалынц, адæм тынг кæм змæлынц, уыцы рæтты. Бирæ хатт уыцы хъæбæр гæххæттæй къоппыты дымгæ раскъæфы тротуармæ æмæ сыл адæймаг йæ къах скъуыры. Куы сын бауайдзф кæнай, зæгъгæ, сыгъдæгдзинад цæмæннæ хъахъхъæнут, уæд æфсæнттыл схæцынц, кæм сæ æвæрæм, ахæм бынат, дам, нын нæй. Кæд бизнес кæныс, уæд фæрнæй кус, фæлæ адæмы ма хъыгдар æмæ сын сæ нуæрттæ ма хал. Ацы магазинты хицæуттæй æппын Дзæуджыхъæуы кæнæ Уæрæсейы дæр никуы ничи уыд. Уым магазингæс йæ брæттæ уынгмæ куы ракала, уæд æй æнæмæнгæйдæр фæивар кæндзысты. Нæ горæты сыгъдæгдзинадыл нæхæдæг куынæ аудæм, уæд ыл чи хъуамæ ауда.

Æрæджы фæцæйцыдтæн Дзабиты Геннадийы уынджы æмæ мæ дисы баппæрста ацы уынджы сыгъдæгдзинад. Æнæхъæн уынджы цы бирæ хисæрмагонд хæдзæрттæ ис, уыдоны рæзты рæсугъд дидинджыты уындæй адæймаг æхцондзинад райста. Æцæг ам дæр дыууæ хæдзары раз калд уыд арæзтадон æрмæджытæ.

Курæг стæм не ‘мбæстæгтæй, цæмæй алчи дæр аргъ кæна нæ иумиаг хъуыддаг, горæты сыгъдæгдзинадыл чи кусы, уыдоны куыстæн. Æмхуызонæй куынæ аудæм нæ хæстæфхæрд горæты сыгъдæгдзинадыл, уæд æй раздæрау цæхæркалгæйæ никуы уал фендзыстæм.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.