Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта автомобилон фæндаг Гуфта-Къуайсайы арæзтад, афтæ ма Дзауы районы Кировы хъæуы хиды арæзтад дæр.

Паддзахады сæргълæууæгимæ уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдурад æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы генералон директор Мæхъиты Семен.

Президент базонгæ фæндаджы арæзтадимæ

Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта, зæгъгæ, Хъемултайы хъæуæй Замтареты хъæумæ автомобилон фæндаджы реконструкцийы æртыккаг этап, кæцыйæн йæ дæргъ у 14, 816 км, дих у æртæ фадыгыл. Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» райадминистрацийы цæрæнуатон-коммуналон-хæдзарад цы куыстытæ æххæст кæнынц, уыдоны хайад исынц 90 адæймаджы æмæ техникæйы 56 иуæджы.

«Ацы фадыджы æххæст цæуынц цæттæгæнæн æмæ зæххы куыстытæ, сæйраджыдæр, цæттæ кæ-нынц фæндаг, аразынц донцæуæн хæтæлтæ, быцæукъултæ, æххæст кæнынц асфальтбетонон куыстытæ. Уыдон цæуынц планмæ гæсгæ», – загъта уый.

Банысан кæнын хъæуы, Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад хаст кæй æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ. Автомагистралы иумæйаг дæргъ у 38 км  фылдæр. Фæндаджы арæзтады фыццаг этап ( Гуфтайы хъæуæй – Хъемултайы хъæумæ), кæцыйы дæргъ у 13, 24 км  фæцис 2017 азы, дыккаг та (Замтареты хъæуæй – горæт Къуайсамæ), кæцыйы дæргъ у 10, 142 км  – 2019азы.

Бибылты Анатоли райгондæй баззад куыстыты темптæй æмæ ныфс бавæрдта, октябры æмбисмæ автомобилон фæндаджы арæзтад æххæстæй кæй фæуыдзæн.

Президент базонгæ фæндаджы арæзтадимæ

Уый фæстæ Президент бабæрæг кодта Кировы хъæуы хиды арæзтад.

Мæхъиты Семены ныхæстæм гæсгæ, Кировы хъæуы хиды арæзтад фæуыдзæн графикæй раздæр.

«Бригадæ æмæ техникæ ис. Æрмæджытæ нæм ласынц. Нæй нын проблемæтæ», – загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент  æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.