Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуфтайы хъæуы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ 14 хæдзармæ уадзынц нуазыны дон. Уый тыххæй информагентад «Рес»-æн фехъусын кодта районон администрацийы пресс-службæ.

Хъæуы цæрджытæ раздæр зындзинæдтæ æвзæрстой, нуазыны дон сæм кæй нæ цыд, уый тыххæй. Уыцы проблемæйы фæдыл уыдон бахатыдысты районы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæгмæ, кæцы бахæс кодта, цæмæй ацы фарст скъуыддзаг æрцæуа тагъд рæстæджы.

Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ Моргойы хъæуы та цæуынц хид цалцæггæнæн куыстытæ.

«Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ хид мæгуырау уавæры кæй уыд, уымæ гæсгæ йыл автотранспортæн ацæуæн нæ уыд, æмæ Моргойы хъæуы цæрджытæн зындзинæдтæ æвзарын кодта. Ныр уыцы проблемæ æввахс рæстæджы скъуыддзаг æрцæудзæн», – загъта Цхуырбайы фырт.

Хид иу кæны поселочы центр Морго, Жрия æмæ Къуылыхты хъæутимæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.