РЕСПУБЛИКÆЙЫ – КАДРОН ИВДДЗИНÆДТÆ

Фæстаг æртæ азы республикæйы хицауиуæггæнæг органты бирæ кадрон ивддзинæдтæ æрцыд, фæлæ ныры хуызæн бындурон – нæма. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы указæй Хицауады Сæрдары хæдивджыты бынæттæ бацахстой Ахуырад æмæ зонады раздæры министр Ирина Азимова, Арæзтад æмæ архитектурæйы раздæры министр Икъаты Русланбег æмæ Годжыцаты Тамерлан. Годжыцайы   фырт ма уыдзæн Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр дæр. Раздæр куыста Мæскуыйы медицинон уагдæттæй иуы.

Физикон культурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасаны раивта зынгæ футболист Гæбулты Владимир; Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игоры бæсты æрлæууыд республикæйы Сæргълæууæджы раздæры æххуысгæнæг Хуыбиаты Барис; Коммуналон хæдзарад, æртаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберты раивта Дзæуджыхъуы администрацийы мэры хæдивæг Таматы Майрæн; Культурон бынтæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæргъы ‘рлæууыд амынд уагдоны кусæг Эмилия Агаева; Хицауады Сæрдары раздæры хæдивæг Анатолий Поляков нысангонд æрцыд республикæйы Сæргълæууæджы æххуысгæнæгæй Мæздæджы районимæ баст фарстаты.

Культурæйы министры хæстæ уал Милдзыхты Русланы бæсты рæстæгмæ æххæст кæндзæн ансамбль “Алан”-ы раздæры аивадон разамонæг Къубалты Эльбрус, Ахуырад æмæ зонады министры хæстæ та рæстæгмæ æвæрд æрцыдысты ацы уагдоны кусæг Людмила Башаринайыл.

 

СÆ АИВАДИМÆ – ФЫДÆЛТЫ ЗÆХМÆ

Нæ туркаг æмзæххонтимæ фыццаг фембæлдтытæ, кæрæдзимæ уазæгуаты цæуын стайæм азты райдыдтой. Хорз æй хъуыды кæнын, фыццаг хатт ирон лæг Туркæй Дзæуджыхъæумæ куы ‘рцыд, уæд уый куыд диссагæн дзуринагæн баззад. Афтæ-иу уыдысты, ардыгæй-иу чи ацыд, уыдон дæр.

Фæлæ ныр рæстæг аивта. Бирæ фæхуымæтæгдæр арæныл хизыны фæтк. Æмæ сæ фыдыуæзæгмæ стыр цинимæ арæх æрцæуынц туркаг ирæттæ. Уыдон канд сæ уидæгтæ нæ нымайынц, фæлæ сæ историон бæстæйы хуыздæр традицитыл ноджы æфтауынц. Ныр та сфæнд кодтой фыццаг хатт сæ аивад Ирыстонмæ æрласын.  Æмæ разынд се ‘хсæн бирæ курдиатджын адæймæгтæ Таутиаты, Хосонты, Цъæхилты, Абысалты, Æлбегаты, Къуындыхаты, Хъуысаты, Цæрикъаты, Сæбæтхъуаты, Хъамырзаты æмæ Кинаты мыггæгтæй. Семæ ма æрбаиу сты ирон хæрæфырттæй дæр цалдæр æмæ фыццаг хатт Ирыстоны арæзт æрцыд сæ куыстыты равдысты стыр бæрæгбон “Туркæй Теркмæ”, зæгъгæ, ахæм номимæ.  Уый арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы Культурæ æмæ Национ хъуыддæгты фæдыл министрадты æххуысæй. Дзæуджыхъæуы Национ музейы равдыстыты залмæ уыйас адæм æрбацыд, æмæ уыцы стыр залы æрлæууæн бынат нал уыд. Архайдтой дзы республикæ æмæ министрадты разамонджытæй дарддæр ма æхсæнады минæвæрттæ, сфæлдыстадон кусджытæ, скъоладзаутæ, студенттæ, уазджытæн сæ хæстæджытæ, се ‘рвадæлтæ… Æрбацыдысты республикæйы хъæутæй дæр.

Равдыст гом кæнгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав куыд банысан кодта, афтæмæй ацы цауæн ис стыр нысаниуæг æрмæст культурæйы нæ, фæлæ æмткæй нæ царды дæр. Хъуысаты Садреттины схорзæхджын кодта майдан “Ирыстоны Намысæн”-æй. Æхсæнад “Алантæ” йæн та балæвар кодта Санаты Барисы диссаджы скульптурон куыст “Чужбина”. Уыцы куысты æвдыст æрцыд, ирон адæм Туркмæ куы лыгъдысты, уæд цы æгæрон хъизæмæрттæ бавзæрстой фæндæгтыл, уыцы трагеди.

Хъуысаты Садреттин куыд загъта, афтæмæй йæ цин йæ зæрдæйы нал цæуы, зæгъгæ нын ирон адæм нæ равдыстыл ахæм цинимæ сæмбæлдзысты, уый æнхъæл нæ уыдтæн.

Равдысты цæст сæхимæ здæхтой алыхуызон диссаджы куыстытæ: кæттагыл æрдзы нывтæ, графикон куыстытæ, портреттæ, натюрморттæ, къамтæ, ирон дзаумæттæ, къухæй арæзт хæцæнгæрзтæ, сыгъзæрин æмæ æвзистæй рæсугъдгæнæнтæ. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ куыстыты фылдæр хай баст кæй у ирон цардимæ.

Хицæнæй дзурыны аккаг сты рагон къамтæ. Уыдон ма ист æрцыдысты æнудæсæм æнусы Туркмæ алидзыны размæ, Ирыстоны. Къамтæ сæ хицæуттимæ афтыдысты Туркмæ. Абон дзы бирæтæ бæрæг дæр нал сты, чи сты, уый. Фæлæ дзы кæмæ ис, уыдон сæ хъахъхъæнынц цæсты гагуыйау. Уыдоны равдыст бацахста залы стыр хай. Бæрæг ма дзы чи сты, уыдоны бынмæ сты сæ нæмттæ, иннæты бынмæ та ис, кæй архивæй сты, уыдоны нæмттæ. Ацы къамтæ равдысты архайджытæм равзæрын кодтой стыр цымыдисдзинад. Чидæртæ дзы ссардтой сæ хæстæджыты дæр.

Равдыст кæронмæ æрхæццæ. Уал боны равдыстыты зал адæмæй нæ рацух. Æгæрон æхсызгондзинад райстой ацы бæрæг-бонæй фысымтæ дæр æмæ уазджытæ дæр.

Æнхъæлмæ та кæсæм нæ туркаг æмзæххонты иннæ æрцыдмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.