2018 азы 10 ноябры РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Цоциты Аллæ æмæ РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон политикæйы фæдыл УФ-йы уынаффæгæнæг Игорь Галь бабæрæг кодтой Ленингоры районы централон рынчындон. Кусæгон къорды ма уыд уæрæсейаг специалист Артем Осипов –  хъусын кæны РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны пресс-службæ.

Уыдон базонгæ сты рентгены кабинет, лаборатори, тагъд медицион æххуысы хайады куыстимæ. Басгæрст æрцыдысты стационарон хайады палатæтæ. Централон районон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæгимæ æркастыты, стационары цы рынчынтæ ис, уыдон медицинон картæтæм, æххæст æрцыд рынчынтæй сæ иуæн рентгенологон басгæрст.

Цоциты Аллæ, Игорь Галь æмæ Артем Осипов рынчындоны кусджытимæ бабæ-рæг кодтой, кæмæй нæ пайда кæнынц, уыцы æнæспайдагæнæг медицинон ифтонггæрзты æфтауцдон.

Централон районон рынчындоны азылды фæстиуджыты фæдыл Æнæниздзинад хъæхъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады уæрæсейаг уынаффæгæ-нæджы хайадистæй уагъд æрцæудзæн æмбырд РХИ-йы Ленингоры районы цæрджытæн медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæныны тыххæй ахадæн мадзæлттыл бакусыны фæдыл. Уæлдай хъусдард здæхт æрцæудзæн Ленингоры районы централон районон рынчындоны медицион архайды æдасдзинады фарстатæм.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.