Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Наирæ уыд кусæгон балцы горæт Къуайсайы, йемæ ма уыдысты министрады кусджытæ.

Планон балц здæхт уыд бынаты социалон кусджыты архайд сæххæст кæныны мониторингы нысанæн. Фембæлдысты социалон хызæджы кусджытимæ, кæцыйы рæстæджы раразмæгонд æрцыдысты сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæныны рæстæджы сæвзæргæ фарстытæ. Æркастысты горæты  иунæг, æххуысхъуаг æмбæстæгты бабæрæг кæныны графиктæм.

Фембæлды фæстæ министры хæдивæг бабæрæг кодта горæты иунæг æмбæстæгты, кæцытæ сты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хыгъды, сæ цæрæнуатон уавæртимæ базонгæ  уæвыны нысанæн. Бынаты социалон кусæгæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй ныффысса горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæджы номыл горæты иу цæрæджы цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны фæдыл куырдиат, уымæн æмæ йæ хæдзар ис аварион уавæры. Фембæлды рæстæджы банысангонд æрцыд, æмбæстæгты фарсæрдыгæй социалон кусджыты архайдмæ  кæй нæй уайдзæфтæ, уыдонмæ сæ хъус дарынц æмæ сæ бон у æнæмæнгхъæуæг æххуыс райсын.

Ахæм балцытæ регуляронæй уагъд цæуынц æппæт районтæм. Азы райдианæй кусæгон балцытæ уагъд æрцыдысты Ленингоры, Æмдзæрины (Цъинагары), Знауыр æмæ Цхинвалы районты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.