Ивгъуыд къуырийы кæрон РХИ-йы Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджыны цур сывæллæтты æхсæнадон советы активисттæ сорганизаци кодтой экологион акци «Подари свое дерево», зæгъгæ, ахæм номимæ, кæцы уагъд æрцыдис «Медицинон-социалон центры» территорийыл. Уым, куыд зонæм, афтæмæй сæ зæрыбонтæ æрвитынц ацæргæ, æвæгæсæг адæймæгтæ æмæ акцийы къухдариуæггæнджыты бафæндыд уыдонæн хæрзиуæгон хъуыддаг саразын, сæ зæрдæтæ сын барухс кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджыны цур сывæллæтты æхсæнадон советы активисттæй дарддæр ма экологион акцийы хайад райстой уæлдæрбанысангонд центры персонал æмæ йæ цæрджытæй дæр йæ бон кæмæн уыдис талабæлæстæ садзын, уыдон. Акцийы ма активон хайад райстой æрдзхъахъхъæныны организаци «Зеленая Алания»-йы хайадисджытæ дæр.

РХИ-йы Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сын акцийæн талабæлæстæ самал кодтой нæ республикæйы хъæды хæдзарад. «Мах, сывæллæттимæ аскъуыддзаг кодтам æмæ рахастам ахæм фæндон, цæмæй сорганизаци кодтаиккам экологион акци «Подари свое дерево» æмæ 50 бæрзбæласы талатæ ныссагътаиккам «Медицинон-социалон центр»-ы территорийыл. Ныртæккæ ацы центры чи цæры, уыдоныл уæлдай тынгдæр хъæуы аудын, уымæн æмæ ардæм сæ хорз цардæй не ‘рбахаудтой. Уый мах не ппæт дæр хъуамæ æмбарæм æмæ сын куыд нæ бон у, афтæ æххуыс кæнæм. Ацы адæймæгты хъæуы мидбылхудтимæ рæвдауын æмæ сæ уарзын. Мæнмæ гæсгæ, мах цы   сарæзтам, уый уыдис стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. Центры цæрджытæ йæ куы базыдтой, хъуамæ сæм концертон программæимæ бацæуæм, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Тынг æхсызгон сын уыд, кæй сæ æрхъуыды кодтам æмæ сæ фарсмæ кæй балæууыдыстæм, уый. Фæнды мæ, цæмæй цы бæрзбæлæсты талатæ ныссагътам, уыдоны бын сæ фæллад уадзой æнæмаст æмæ уæнгрогæй», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Уый ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй 25-æм апрелы Уæрæсейы Федерацийы æмæ æндæр бæстæты дæр æрвылаз дæр акци «Сад мира»-йы фæлгæтты ныссадзынц бирæ алыгъуызон тала-бæлæстæ. Ацы бон æрымысынц Дыккаг дунеон хæсты хъайтарты рухс нæмттæ. «Дунейы иунæг ахæм бæстæ дæр нæ разындзæн, кæцы экологийыл нæ ауды. Цæмæй нæ сомбон рæсугъд æмæ хуыздæр уа, уый тыххæй мах абон хъуамæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнæм нæ экологи», – зæгъы РХИ-йы Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын.

Цхуырбаты Татьянæ ма нын куыд загъта, афтæмæй Сывæллæты æхсæнадон советы активисттæ акцийы фæлгæтты «Медицинон-социалон центр»-ы цæрджытæн сæхи тыхтæй сорганизаци кодтой цымыдисон концерт, цыран фæсивæд сæххæст кодтой ирон националон зарджытæ æмæ кæфтытæ. Концерты фæстæ сывæллæттæ æвæгæсæг адæймæгтæн зæрдæбын арфæтимæ байуæрстой лæвæрттæ. Фысымтæ сывæллæттыл тынг фæцин кодтой æмæ сын дзырдтой стыр бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ. Сывæллæтты омбудсмен куыд загъта, афтæмæй лæвæрттæ æлхæд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы финансон æххуысæй. «Мах цы акцитæ æмæ мадзæлттæ ауадзын фæнд кæнæм, уыдонæн финансон æххуыс кæны нæ бæстæйы сæргълæууæг æмæ йын уый тыххæй зæгъæм стыр бузныджы ныхæстæ», – банысан кодта Цхуырбиан.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.