Республикæйы Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты æххуысæй майрæмбоны, Национ наукон библиотекæйы,  чиныгкæсджытимæ йæ радон фембæлд сарæзта рауагъдад «Ир». Уыцы рæсугъд традици сæм ныффидар, Таутиаты Хъазыбег директорæй кусын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ.

Чиныджы бæрæгбонмæ æрбацыдысты нæ интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуырдзау фæсивæд, чиныгуарзджытæ…

Райдианы уал изæры архайджытæ бакастысты сценæйыл æвæрд экраныл видеосюжетмæ. Уым равдыстой рауагъдады истори æмæ йæ абоны цард æмæ архайдыл документалон киноныв.

Комитеты Сæрдары хæдивæг Габалова  Мæдинæ йæ раныхасы бæстон радзырдта комитет æмæ рауагъдады æмгуыстады, стæй фидæны пъланты тыххæй.

Рауагъдады директор Таутиаты Хъазыбег бæлвырд æрлæууыд сæ къухы цы бафтыд, цавæр чингуытæ рауагътой, сæ нысаниуæг царды, сæ дарддæры пълантæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм фембæлдæн схонæн ис сфæлдыстадон хыгъдраттæн (отчетный) бæрæгбон æмæ фæсидт изæры архайджытæм, цæмæй чиныг уарзой æмæ йыл ма суæлæхох уой.

«Ир»-ы  редактор Мамыкъаты Хъазыбег æрдзырдта, цы хайады кусы, уыцы литературæ – «Алайнаг библиотекæ»-йы чингуытыл куыд куыстой,уый тыххæй. Уый равдыста, Аланийы саргъуыдыл 1100 азы бонмæ «Ир» чырыстон дины тыххæй цавæр чингуытæ рауагъта, тæлмацгонд дзы цы ʻрцыд æмæ ма цæуыл кусынц, уыдæттæ.

Рауагъдады сæйраг редактор Тъехты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй ардæм æрбацыдысты чиныг чи уарзы, уыдон. Чиныгуадзæн «Ир» дæр йæ рæстæджы ахæмты тыххæй арæзт æрцыд. Фæстаг рæстæг кæй рауагътой: Касаты Батрадзы, Гуырдзыбеты Бласкайы, Гусалты Барисы, Абайты Эдуарды, Нигеры, Къадзаты Станиславы чингуытæн сæ ахадындзинады тыххæй алкæцыйы тыххæй дæр хицæнæй радзырдта. Тамерлан ма радзырдта ирон поэзийы серийы томтæ куыд адарддæр кодтой, уый тыххæй. Уыдонæй нырмæ рацыд иу ссæдз авторы чиныджы, ныр  фæстаг рæстæг «Ир» сног кодта уыцы куыст. Рауагъта Дзуццаты Хадзы-Мураты, Скъодтаты Эльбрусы æмæ Бабочиты Русланы чингуытæ.

Ахуыргонд Цыбырты Алексей бæлвырд æрдзырдта Жорж Дюмезил æмæ Абайты Васойы писмоты æмбырдгондæй кæй рауагътой, уыцы цыппартомон чингуыты тыххæй.

Рауагъдады кусджытæн ма сæ ахсджиаг æмæ зын куысты тыххæй арфæ ракодтой æмæ сæ хъуыдытæ загътой ахуыргонд Цыбырты Людвиг, Екатеринбурджы Галаты Барисы номыл Культурæйы фонды Сæргълæууæг Гаглойты Лианæ, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Уаниты Хетæгкаты Оксанæ. Уый ма зæрдæмæхъаргæ бакаст Нафийы æмдзæвгæ «Сусæг куывд». Йæхи фыст æмдзæвгæ ма бакаст поэт Гуырдзыбегты Иринæ.

Изæры архайджытæн йæ аивад равдыста ансамбль «Фадат». 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ та бакастысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ.

Уымæй уæлдай уазджытæ федтой рауагъдад «Ир»-ы уагъд чингуыты равдыст.

 

НОГ ЗАКЪÆТТÆ – ЦАРДЫ

Уыцы иу рæстæг цалдæр закъоны проект æвзарынц республикæйы Парламенты депутаттæ. Уыдонæй иу у «Уæрæсейы Федерацийы гражданты æнæниздзинады бындуртæ хъахъхъæныны тыххæй». Йæ нысан  у медицинон кусджыты мызд æмæ социалон æххуысы гæнæнтæ фæфылдæр кæнын. Рахаста йæ Паддзахадон Думæ æмæ йе ʻвварс рахæцыдысты нæхи депутаттæ, фæлæ фидаргонд нæма ʻрцыд.

Проекты амоны медицинон кусджыты мызд фæфылдæр кæнын, куысты сахаттæ фæкъаддæр кæнын, отпускмæ бафтауын, премитæ дæттын…

«Ахæм закъоны проект у тынг ахсджиаг æмæ хъæугæ, фæлæ йæ сæххæст кæнынæн хъæуы дзæвгар уæлæмхасæн фæрæзтæ. Мыййаг уæз регионтыл куы æрæнцайа. Парламент ацы проектыл бакусдзæн æмæ кæд федералон бюджетæй баххуыс кæной, уæд царды уагъд æрцæудзæн»,— загъта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

Цæгат Ирыстоны Парламент ма æндæр закъоны проект бавдыста Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустинмæ. Йæ нысан у Уæрæсейы æппæт скъолаты ахуырдзаутæн сæ разы ахæм домæнтæ сæвæрын, иухуызон  уæлæдарæс æмæ ахуыргæнæн дзаумæттæ куыд дарой. Уыдоныл хъуамæ конд уа, талынджы чи ʻрттивы, ахæм уаццæгтæ, цæмæй сæ шофыртæ уыной æмæ фыдбылызтæ ма цæуа. Уыцы проектмæ ма хауы фæнæгтыл цæуыны Уагæвæрд ахуыр кæныны тыххæй скъолатæн фылдæр сахаттæ раттыныл, стæй йæ амонын сывæллæтты рæвдауæндæтты дæр, цæстуынгæ æрмæгæй сæ ифтонг кæнын. Закъоны проект чи бахаста, уыдоны уырны, уымæй фæндæгтыл цæуыны зиантæ кæй фæкъаддæр уыдзысты.

                                                                                    Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.