Уæрæсейы Федерацийы Аразæджы бон нысан кæнынц 60 азæй фылдæр. Бæрæгбон æрвылаз дæр нысан фæцæуы августы мæйы дыккаг хуыцаубоны. Фыццаг хатт Аразæджы бон банысан кодтой 1956 азы 12-æм августы. 2011 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Федера-цийы Регионалон рæзты министрады уынаффæйæ Уæрæсейы Аразæджы бон расидт æрцыд федералон бæрæгбонæй.

Хуссар Ирыстоны дæр банысан кæнынц Аразæджы бон. Ацы аз æрхаудта 13-æм августмæ. Аразæджы професси тынг ахсджиаг у нæ царды – фæндæгтæ, хæдзæрттæ, бæстыхæйттæ… Бирæ арфæтæ райсынц уыцы бон ацы ахсджиаг æмæ хъæуæг профессийы кусджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы,  13-æм августы бирæ арфæтæ райсдзысты хуссарирыстойнаг аразджытæ дæр, сбуц та сæ кæндзæн нæ республикæйы къухдариуæгад.

Хуссар Ирыстоны аразæджы дæсныйадæн уæлдай стырдæр нысаниуæг ис, уæлдай актуалондæр у, 2008 азы августы тугуарæн хæсты фæстæ нæ уарзон хæстæфхæрд горæт иууылдæр уыд пырхæнты бын, ахæм цæрæн хæдзар, инфраструктурон объект нал баззад, кæцыйыл хæст йæ уæззау фæд нæ ныууагъта. Хъуыд æвæстиатæй,  куыд адæмы зæрдæты, афтæ хæдзæртты хъæдгæмттæ дæр гас кæнын. Æмæ нæм уæд фæзындысты нæхи арæзтадон организацитæ. Фæлæ абон бæрæгбоны цытæн ссардзыстæм курдиатджын инженер-аразæг, æхсæнадон архайæг, техникон зонæдты кандидат Хъоцыты Умар Степаны фырты ном. Уый йæ радтæг ирон адæмæн бакодта стыр лæггæдтæ. 25-æм августы йæ райгуырдыл  æххæст кæны 120 азы.

Курдиатджын инженеры цардвæндагæй

Райгуырд Дзауы районы Тъонтъобеты хъæуы. Фæстæдæр йæ фыд Степан (Гула) йæ бинонтимæ æрцард Цхинвалы. 1911 азы Умар бацыд райдиан ахуыргæнæндонмæ. Ахуыр кодта Дзауы хъæуы уæлдæр райдиан ахуыргæнæндоны. Каст æй фæцис 1916 азы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхин-валы Ирон гимназы. 1920 азы геноциды рæстæджы йæ бинонтимæ алыгъд Цæгат Ирыстонмæ. Фæстæмæ æрæздæхт 1921 азы марты мæйы, гуырдзиаг æфсæдты Хуссар Ирыстонæй куы фæсырдтой, уæд. Ам Умар райдыдта кусын барадхъахъхъæнæг органты, хайад иста æхсæнадон куысты. 1924-1925 азты куыста Фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы бæрнон секретарæй. 1925 азы æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта Тбилисы паддзахадон политехникон институмæ. Каст æй фæцис 1930 азы инженер-аразæджы квалификаци райсгæйæ. Куыста Советон Гуырдзыстоны районты арæзтады къабазы. Хайад иста Гуфтайы хид саразыны дæр.

1929 азы 1-æм ноябры, ома, 94 азы размæ  эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд Пацайы цæугæдоны сæрты хид. Гуфтайы хид саразыныл бахъуыдысты 10 мæйы. Немыцаг инженерты æххуысæй арæзтады тагъдадæн уыцы рæстæджы Фæскавказы аналог нæ уыд. Хиды дæргъ у 72 метры, йæ бæрзæнд та – 22 метры. Хиды арæзтады кондадон практикæйы хуызы хайад иста зынгæ аразæг Хъоцыты Умар.  Уый фæдыл йæ мысинæгты фыссы: «1928 азы æз кондадон практикæ цыдтæн Хуссар Ирыстоны Пацайы цæугæдоныл хиды арæзтады. Арæзтады штаты уыд æртæ адæймаджы: прораб (йæ мыггаг ын нæ хъуыды кæнын), техник Гоксадзе æмæ «десятник» Миорини, уый ма уыд æфтауц-доны гæс дæр. Прораб фæзынд фыццаг бонты, уый фæстæ нал æрбацыд. Фыццаг цалдæр боны Гоксадзеимæ куыстам хидмæ бацæуæнты фæндагыл. Ацы куыст фæуыны фæстæ мæн бахъуыд сыхаг хъæутæй кусæг-дых æрæмбырд кæнын. Кусын кæй бафæн-дыд, уыдоны нымæц уыд, цас хъуыд, уымæй  бирæ фылдæр. Къæдзæх пырх кæныны куыстытæ райдианæй кусджытæ быцæу кæнын райдыдтой Гоксадзеимæ сæ куыстмызд сын кæй ныллæгдæр кодта, уый тыххæй. Уый фæстиуæгæн Гоксадзе ацыд æмæ фæстæмæ нал æрбаздæхт. Афтæмæй æппæт куыстытæ дæр кодтон мæхæдæг. Куыстмæ-иу рахызтæн бонцъæхты æмæ-иу ацыдтæн изæры. «Югоосдортранс»-ы хистæр, инженер Сафарян æрбацыд æмæ куы федта куыстытыл æххæссын, уæд нал æрбарвыста инженерон-техникон кусджыты. Арæзтады хъуыд стыр куыст сæххæст кæнын. Фæлæ-иу куы ахъуыды кодтон хид дзы кæй нæй, уымæй адæм цы хъизæмæрттæ æвзæрстой, ууыл, уæд-иу мæ хъарутæ фæдывæр сты, мæ фæллад-иу æрбайсæфт. Афтæмæй бакуыстон цыппар мæйы, стæй мæ практикæйы æмгъуыд фæцис æмæ фæстæмæ аздæхтæн мæ ахуырмæ».

1939  азы  нысан  æрцыд  «Гур-Сталинир»-ы æфсæнвæндаджы хаххы арæзта-дон управленийы хистæрæй. Фæндаг арæзт æрцыд цыбыр æмгъуыдты – иу афæдзмæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ. Уыцы стыр арæзтад куыд æмæ цы уавæрты цыд, уый тыххæй йæ разамонæг, ныртæккæ дзæнæты бадинаг, къорд зонадон куыстыты автор Хъоцыты Умар йæ мысинæгты афтæ фыста: «Æфсæнвæндаг «Гур-Сталинир»-ы арæзтады разамонæджы хæстæ æххæст кæнынмæ  æрæвнæлдтон 1939 азы 7 январы. Уый размæ  разамынд кодтон «Сухум-Гагрæ»-йы æфсæнвæндаджы арæзтадон хайæн. 10-æм январы мах æрцыдыстæм Гурмæ æмæ фыццаг рады бацыдыстæм партийы райкоммæ, цæмæй сын фехъусын кодтаиккам фæндаджы арæзтады тыххæй æхсызгон хабар, кæцыйæн йæ 90 проценты цыд Гуры районы территорийыл æмæ æрмæстдæр йæ 10 проценты та – Хуссар Ирыстоныл, афтæ ма сæ хъуамæ ра-куырдтаиккам къанторæйы тыххæй бынат дæр. Фыццаг секретарь уыцы рæстæджы Мæскуыйы кæй уыд, уымæ гæсгæ бацыдыстæм дыккаг секретармæ. Уый нæм равдыста уазал ахаст æмæ нын рæстæгмæ бынат рахицæн кæныны тыххæй та загъта:  Мах, Гуры районы ацы фæндаг нæ хъæуы, уый арæзт æрцæудзæн Хуссар Ирыстонæн. Уымæ гæсгæ сымах ацыт Сталинирмæ æмæ уын уым ратдзысты бынат.

Ахæм дзуапп мæм тынг диссаг фæкаст æмæ равдыстон ме ‘нæразыдзинад:

– Фæндаг цæудзæн гуырдзиаг хъæутыл, Шиндисы хъæуы та уыдзæн стыр станц. Кæмæн арæзт цæуынц уыцы æрлæууæн пункттæ, кæд æмæ Гуры районы цæрджыты нæ хъæуы ацы фæндаг, уæд?..

Организацион фарстатæ алыг кæныны фæстæ бындуронæй мæ куыстмæ æрæв-нæлдтон  1939 азы апрелы мæйы. Уыцы аз æххæст цыдысты æрмæстдæр цæттæгæнæн куыстытæ, кусæгон хахнывтæ нын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Куыст фæстиат кодта, кусæгдых кæй нæ фаг кодта æмæ финанс-кæнынады дæр къуылымпытæ кæй уыд, уый аххосæй.  Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ Гуры районы бынæттон организацитæ не сразы сты арæзтады тыххæй колхозтæй кусджытæ радтыныл, æгæрыстæмæй, быдырон куыстытæй сæрибар рæстæджы дæр… 1940 азы февралы мæйы Хуссар Ирыстоны автономон областы партийы областон ко-митет сарæзта къамис Гур-Сталиниры арæзтадон управленийы куыстытæ бабæрæг æмæ фæндаджы арæзтады темптæ фæцырддæр  кæныны тыххæй конкретон мадзæлтты фæдыл. Æз обкомы пленумы сæвæрдтон фарст колхозонты массон æгъдауæй куыстмæ æрбакæныны тыххæй, кæцыты хъуыд къухæй æххæст кæнын. Æрхастон цæвиттонæн Узбекистан æмæ Таджикистаны колхозонтæ кæй сарæзтой, уыцы Стыр Ферганайы къанауы, кæцыйы дæргъ уыд 270 км. Кæд ацы фарсты фæдыл не сразы сты бирæтæ, уæддæр пленумы рахастæуыд уынаффæ, цæмæй арæзтад нымад æр-цыдаид адæмон арæзтадыл. Цыппар райо-нæй нын хъуамæ рахицæн кодтаиккой 600 колхозоны бæрц. Колхозонтæ куыстмæ цыдысты райзæрдæйæ, 600 адæймаджы бæсты трассæмæ æрцыдысты 700 адæймагæй фылдæр. Фæндаг арæзтой къухæй. Кусджытæ пайда кодтой белтæ, джиркъатæй, сыджыт хастой уисæй быд чыргъæдты, цардысты цатырты, уыдис сын цæугæ хæрæндон æмæ медпункт. Куыстой кæрæдзи æмбаргæйæ, хъæлдзæгæй…

1940 азы 28-æм июлы Гуры станцæй Сталинирмæ рараст фыццаг бæлццæттæласæн поезд. Уый уыд бæрæгбонвæлыст, вагæттæ æмæ тæфдзу нал зындысты алыгъуызон дидинджытæ æмæ транспаранттæй».

1941 азы Умар æвзæрст æрцыд сæудæджерад æмæ транспорты фæдыл партийы Хуссар Ирыстоны обкомы секретарæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы йæм æрсидтысты фронтмæ. Уый фæстæ куыста арæзтадон æмæ транспортон къабæзты, лекцитæ каст уæлдæр ахуырадон уагдæтты. 1946 азы Хъоцыты Умар уыд Æфсæнвæндаджы транспорты инженерты Тбилисы институты лектор. 1949 азы бахъахъхъæдта диссертаци æмæ йын лæвæрд æрцыд техни-кон зонæдты кандидаты ахуырадон къæпхæн.

Хъоцыйы фырт цардæй ахицæн 1985 азы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.