Национ музейы 100 азы бонмæ

 

Ацы бонты нæ Национ музей нысан кæндзæн йæ 100 азы юбилей. Уымæн йæ истори æмæ нысаниуæгыл, йæ хæрзтыл бирæ дзурджытæ уыдзæн æмæ, æнæмæнг, ракæндзысты Плиты Оляйы кой дæр. Уымæн æмæ дзы йæ хъиамæт егъау ис.
Чи уыд Оля, цы царды фæндæгтыл рацыд, цы бынат æрцахста нæ историйы, ууыл уыдзæн нæ дарддæры ныхас.

Плиты Оля уыдис уæллаг рукъаг, уæздан хæдзарвæндаджы чызг. Фыдæлты номæй сæ хуыдтой Дзапъитæ. Оля æмæ Иссæ иу хæдзарвæндагæй уыдысты, сæ хæдзæртты пырхæнтæ абон дæр бæрæгæй зынынц кæрæдзийы фарсмæ.

Иссæйы фыды фыд йæ хъалæй нæ алыгъд Цæгат Ирмæ. Рукъы афтæ дзурынц: Алыксандры фыд арæзта хордон. Æлдары чапартæ хъалон исынмæ куы бацыдысты, уæд дзы сæ иу ехсæй æрцавта Иссæйы дадайы. Ахæм цæф ныббарын мæлæтæй фыддæр уыд æмæ йæ уый дæр агæрах кодта, стæй схæцыд æмæ алыгъд Зæронд Бæтæхъойы хъæумæ.

Дзапъийы фыд Мæхæмæт баззад Ручъы цæргæйæ. Плиты Оляйы хæдзарвæндаг рохæн æвгъау сты æмæ мæ фæнды сæ хæдзарвæндаджы кой цыбыртæй ракæнын. Сæйраджыдæр уымæн, æмæ номдзыд, уæздан, домбай хæдзарвæндаг уыдысты. Деметæй иу зæронд лæг Иликъо хуындис. Уый-иу Дзапъийы кой куы фехъуыста, уæд-иу йæ ныхас ахæм уыд: «Уыдонæй уæздандæр хæдзарвæндаг нæ уыд. Сæ гæды дæр искæй цыхт нæ хордта».

Дзапъийæ райдайгæйæ, хæдзары бинонты сконд уыд ахæм:

Дзапъийæн уыдис 10 лæппу æмæ 2 чызджы. Лæппутæй 2 амард, иннæтæ  схъомыл сты, царды сæ бынат ссардтой. Михел уыд зæхкусæг лæг, уæздан æмæ æгъдауыл хæст, Григол – паддзахы æфсады булкъон, Степан – фæуд ын уыд Краснодары уæлдæр ахуыргæнæндон, Иван – Ирыстоны фыццаг юрист, Петре – техник-аразæг, Джиуæрджи-æрзæткъахæнты кусæг, зыдта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы, Исо – фыссæг, Советон фысджыты Цæдисы уæнг, Симон – зæхкусæг лæг, Машо – зынгæ рухстауæг, Куымæридтаты Кимайы бинойнаг, Сабе дæр  комбæсты уыд номдзыд сылгоймаг.

Ранымадæй бæлвырд у, кæй уыдысты æцæг ирон нæргæ хæдзар – сæ цард, сæ куыст кæд алы рæтты уыд, уæддæр ирон æгъдау бахъахъхъæдтой, нæлгоймæгтæ се ‘ппæт дæр ныгæд сты Ручъы.

Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ ацы хæдзарвæндаджы сиахс кæй уыд Чиаты Иосиф.

Оля уыд кæстæр æфсымæр Симоны чызг. Райгуырдис Дзауы, уым каст фæцис райдиан скъола дæр, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Гуры сылгоймæгты гимназы. Каст æй фæцис 1918 азы.

Йæ æхсæнадон куыст райдыдта Тифлисæй, куыста дзы æфсæнвæндаджы скъолайы ахуыргæнæгæй. Уый уыд 1919 азы. Афæдзы фæстæ, 1920 азы та куыста Дзæуджыхъæуы сывæллæтты хæдзары ахуыргæнæгæй.

Дуджы знæт уылæнтæм райсынмæ Оля æвзонгæй бахауд, йе ‘хсæнадон куыст фæцис номхæссæн, фæкодта йæ суанг йæ амæлæты уонг.

1920 азы Оля кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны партийы обкомы хæххон сылгоймæгты куысты инструкторæй. Уырдыгæй æрвыст æрцыд  Мæскуымæ сылгоймæгты Æппæтуæрæсейон съездмæ.

Стыр удвидардзинад равдыста мидхæсты азты, йæ тохы æмбæлттæ йæ хуыдтой сырх партизанкæ. Хъæбатыр сылгоймаг уыд, ныфсы адæймаг уыд Хуссар Ирыстоны бригадæйæн, уæлдайдæр та зымæджы æфцæджы сæрты хизгæйæ, Цæгат Ирæй Хуссармæ. Уыдис Гаглойты Тъотъойы партизанон къорды.

Гаглойты Тъотъо йæ мысинæгты афтæ зæгъы: «При переходе через снежные вершины наши бойцы проявили необычную выносливость. Не могу не отметить в этом отношении стойкость находившиеся в отряде девушки, члена Компартии, Плиевой Ольги, с оружием в руках  шедщей с нами в походном порядке».

Уыцы уæззау дуджы Оляйы ахаст цахæм уыд йæ хæстон æмбæлттæм, чызджытæ æмæ нæлгоймæгтæм, уый та бæлвырд у Хуссар Ирыстоны ревкомы уæнг Гæззаты Ладийы мысинæгтæй, кæцы фыста: «Плиты Олямæ лæг хъусынæй не ‘фсæст, ораторон дæсныйад æм тынг уыд, æмбæстæгты зæрдæтæм зыдта фæндаг арын, ирон партизантæн уыдис сæ рæвдауæг, не ‘ппæтæн дæр уыд, куыд нæхи мæдтæй райгуыргæ хо, иууылдæр æй хуыдтам «Нæхи Оля», «Нæ хо Оля».

Æнæауæрдон уыд йæ тох Советон Хицауад æрфидар кæныныл, бирæ скъæрæнты бахауд автономи райсын, Ирыстоны дихдзинад аиуварс кæныны фæндæгтыл куы слæууыд, уæд.

Плион тохы фæндæгтыл цæугæйæ, хорз æмбæрста, революци æмæ ног хицауад цæрæнбонтæм кæрон кæй скæндзысты дзыллæйы тухиаджы цардæн. Уый сæрвæлтау йæ цард дæр æвгъау нæ кодта.

Ног дуджы къæсæрыл Плион ныхъхъуыды кодта, ног  цард  аразынæн  кæй  хъæуы   æмбæлон ахуырдзинад райсын, æмæ уыцы хъуыдыимæ фæраст Мæскуымæ, бацыд МПУ-ы юридикон факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1925 азы. Ахуыры æмрæнхъ кодта æхсæнадон куыст Мæскуыйы ВКП (б) комитеты.

Бирæ рæтты куыста Плион, уыд Мæскуыйы Краснопреснескы районы тæрхонгæнæг, куыста Уæрæсейы æндæр горæтты. Бакойы нефтгуырæнты партион организацийы секретарæй. Уыдис Тбилисы сылгоймæгты съезды делегат.

Алы ран дæр хорз, фæлæ хæдзары – хуыздæр. Уыцы рæсугъд хъуыдыимæ Плион æрыздæхт йæ Хуссар Ирмæ æмæ райдыдта нæ автономон облæсты прокурорæй кусын.

Оля дæр бахауд дуджы скъæрæнты. Æруагъта йыл йæ уæз 1937аз. Бирæ хъыцъыдæттæ йын фæдардтой, дзæвгар азтæ арвыста хъизæмарæвзарæн лагерты. Цардбæллон уд сын бафæрæзта, æрыздæхт та йæ уарзон ахстонмæ. Уайтагъд райдыдта кусын Цхинвалы бæстæзонæн музейы хистæр зонадон кусæгæй.

Куыста, фыста Иры историйыл, цæуыл фæтох кодта, уыдæттыл. Куыста, фæлæ цæссыгкалгæ, куыдта йе ‘дзард æмгæрттыл, тохы фæндæгтыл æй «хо» чи хуыдта, йæхæдæг та æфсымæртыл кæй нымадта, уыдоны байсæфтыл.

Лæджы æмсæр сылгоймаг цы уавæрмæ æрхауд, дуг Иры разагъта фæсивæды куыд аныхъуырдта, Оля кæугæйæ, æрдтæдæлармæй куыд аззад, уый нын радзырдта дзæнæтыбадинаг, нæ зынгæ ахуыргонд Уанеты Владимир.

Афтæ дзы зæгъы: «…Нæ алы фембæлды рæстæджы кодта кæугæ, æрымысыд-иу, йæ удæн, Ирыстонæн зынаргъ чи уыд, уыцы æввахс адæймæгты. Уыцы мысинæгтæ мæгуырауырдæм тынг æндæвтой йæ уды кондыл, æмæ-иу архайдтон ууыл, цæмæй йыл арæх ма æмбæлон».

Егъау уыд йе ‘хсæнадон-зонадон куыст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты дæр Оляйæн. Дуджы уæззау уавæр, Ирыстоны адæмы аивылд, фæсфронт баззайæг адæмы иузæрдион куыст – æппæтыл дæр фыста Оля, уыдис сын уыцы азты дæр ныфсы адæймаг.

Сæдæ азы сæдæ боны не сты. Стыр лæггæдтæ бакодта æмæ кæны нæ æрдхæрæны музей. Бирæ скъæрæнты бахауд, бирæ йын фæкъахтой йæ къæбиц, бирæ хæзнатæ дзы фесæфт, фæлæ – табу Хуыцауæн, уыцы рæстæджытæ фæстейæ баззадысты.

Плион Оляйы ном æгæр рохуаты баззад. Уый йæ Иры сæрвæлтау лæвæрдта йæ цард, æрбадт, æрулæфт нæ зыдта, Уæрæсейы къуымтыл нал дзурын, Ирыстонæн, йæ адæмæн кодта хойы, мады лæггад.

Йæ егъау фыдæбæттæ æмæ хъуыддæгтæ уымæн фадат нæ радтой йæхи цард саразынæн. Амард иунæгæй, иу хъарæггæнæг дæр ыл нæ уыд, афтæмæй бацыд мæрдтæм 1957 азы.

Плиты Гацыр, РХИ-ы зонæдты

сгуыхт кусæг,

Хетæгкаты Къостайы номыл

 падзахадон премийы лауреат, профессор

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.