Не ‘мбæстаг Хъæцмæзты Мадинæ нæ горæты Цхуырбаты Гурамы номыл стадионмæ фыццаг хатт йæ къах куы бавæрдта, уæд ыл бæрцæй цыд æртындæс азы. Бакодта йæ Хуссар Ирыстоны спорты сгуыхт кусæг, тренер Гатыгкоты Уасил. Кæнгæ та йæ уымæн бакодта æмæ уæд, фæстаг цалдæр азы не скъолаты ‘хсæн рог атлетикæйæ цы ерыстæ уагъд цыд, уыдонæй-иу бирæ хуызты фæуæлахиз.  Уæд тренер рахатыд рог атлетикæмæ Мадинæйы ‘взыгъддзинад  æмæ нæ фæрæдыд. Уый фæстæ дæр ма тренер арæх дзырдта, зæгъгæ, «Мадинæ йæ тренировкæтæм цыд рæстæгыл, исгуы сæ рауагъта, уый нæ хъуыды кæнын. Уыдис-иу афтæ дæр, фæрынчын, йæ бон нæ уыд тренировкæ кæнын, фæлæ-иу уæддæр æрбацыд æмæ-иу дардæй каст, йе ‘мбæлттæ куыд архайынц, уымæ». Уый та дзурæг у ууыл æмæ тынг кæй уарзы йæ равзаргæ спорты хуыз.

Иу аз куы рацыд, уый фæстæ Мадинæ 300 æмæ 800 метры дæрддзæгмæ лидзынæй рамбылдта Гуырдзыстоны чемпионат. Фæстæдæр фынддæсаздзыд ирон чызг ссис Гуырдзыстоны рог атлетикæйы командæйы уæнг. Уыцы æмæ ма æндæр дæрддзæгтæм, цалынмæ 1989 аз не ‘рбалæууыд, цалынмæ Гуырдзыстон ирон адæм æмæ Ирыстоны ныхмæ йæ алыгъузон фыдракæндтæ аразын нæ райдыдта, уæдмæ Мадинæйы ничи æмбылдта. Йæ хорзæхты нымайыныл куы схæцай, уæд дын ахиздзысты æвдайæ.

Мадинæ райгуырд æмæ схъомыл нæ горæты. Йæ фыд Зауыр æмæ йæ мад Козаты Евгения кæд хъомыл кодтой фондз кæстæры, уæддæр сæ ницы цух уагътой. Æппынæдзух архайдтой, цæмæй сæ кæстæртæ цы æхсæнады хъомыл кæнынц, уым рабæззой, уой аккаг кæстæртæ. Æмæ афтæ дæр рауад. Мадинæйы хотæ Азæ, Зæлинæ, æмæ Юзæ  уæлдæр ахуырад райстой Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Йæ иннæ хо Лианæ та каст фæцис украинаг горæт Сумыйы политехникон институт. Мадинæ нæ университеты фыццаг каст фæцис райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæйы факультет, фæстæдæр та  физикон культурæйы факультет. Хотæ се ‘ппæт дæр ссардтой сæ амæндтæ, ис сын кæстæртæ, кæстæры кæстæртæ. Азæ, Залинæ æмæ Мадинæйæн сæ  фырттæ иу азæй фылдæр хайад исынц, Украинæйы сæрмагонд операцийы.

Мадинæ ныр 29 азæй фылдæр тренеры хæстæ æнтысгæйæ æххæст кæны йæ раздæры тренер Гатыгкоты Уасилимæ. Рог атлетикæйæ æнтыстытæ къухты цы хуызы æфтынц, уыцы сусæгдзинæдтæ цы æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæн амоны, уыдоны æнтыстытæй рухс кæны йæ зæрдæ. Республикон ерыстæй дарддæр ма хайад райсынц æмæ Ирыстонæн скад кæнынц Цæгат Кавказы æндæр æмæ æндæр ерысты. Хуыздæр æнтыстытæ кæмæ æнхъæлмæ кæсы, æмæ йæ стырдæр ныфс кæмæй ис, уыдоны ‘хсæн сты Цхуырбаты Дианæ, Ксеня Беспалова, Джиоты Миленæ æмæ æндæртæ. Йæ хъомылгæнинæгтæ кæд ацы бонты сты сæрдыгон улæфтыты, уæддæр рæхджы, 20 августы æрæвналдзысты сæ тренировкæтæм æмæ уырнинаг у, арæх нын се ‘нтыстытæй нæ зæрдæтæ кæй барухс кæндзысты, уый.

Сæ профессионалон бæрæгбон куыд банысан кодтой, уый тыххæй та Мадинæ загъта, зæгъгæ, стыр æмæ дардыл мадзæлттæ уагъд не ‘рцыдис, фæлæ нын уыд фадæттæ æмæ раарфæ кодтам нæ кæрæдзийæн. Республикæйы разамонджытæй дæр, зæгъгæ,  нæ баззадыстæм рохуаты, раарфæ нын кодтой æмæ сын не ‘ппæт дæр зæгъæм стыр бузныг.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.