Нæ газеты 15-æм августы номыры ацы равдысты тыххæй радтам анонс.

Абон уæ ацы æрмæгимæ зонгæ кæнæм уæрæхдæрæй.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимы хъæппæрисæй Хуссар Ирыстоны фыдыбæстон хæсты фæудыл 15 азы сæххæсты цытæн университеты музейон комплексы байгом Цæгат Ирыстоны æрмдæсныты уникалон авторон куклæты равдыст. Фыццаг хатт уыцы иурæстæджы ам равæрдтой æндæр æмæ æндæр æрмдæсныты, куыд зæгъæм, Дзиоты Земфирæ, Таутиаты Азæ, Хъаныхъуаты Иринæ, Хетæгкаты Беллæ, Мæхъиты Оксанæ, Цъæхилты Индирæ, Наталья Боровицкая æмæ Кæсæг-Балхъарæй Имара Аккизовайы куыстытæ.

Экспозицимæ æдæппæтæй бацыдысты 110 куклæйы, сæ бæрзæнд дæр у алыгъуызон. Куклæты æхсæн уæлдай цымыдисондæр сты скифаг хæстоны хуызæг, кæцыйæн йæ бæрзæнд у 197 сантиметры æмæ Хуссар Ирыстоны Брытъаты хъæуккаг – рухстауæг Сланты Гахайы хуызæг.

Сланты Гаха уыд ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады аив дзырды дæснытæй сæ иу, кæцы егъау хайбавæрд бахаста ирон национ культурæмæ. Хорз зыдта Нарты эпос. Уый уыдис, дыууадæстæнон фæндырыл чи цагъта æмæ Нарты кадджытæ чи æххæст кодта, уыцы фæстаг кадæггæнджытæй сæ иу.  Куыд дзурынц, афтæмæй-иу дыууадæстæнон фæндыры фæрцы бафидауын кодта знагиуæггæнæг мыггæгты. Йæ дыууадæстæнон фæндыр дæр ын уымæн нымадтой сыгъдæгыл. Ацы фæндыр рацыд дæргъвæтин фæндаг, æгæрыстæмæй уыдис зындгонд нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы къухты дæр. Уый фæстæ йæ радта Цæгатирыстойнаг бæстæзонæн музеймæ. Фæлæ 1960 азы фæндыр адавтой. Баззадысты ма æрмæстдæр йæ къамтæ.

Æрмдæсныты куклæтæ сты æцæг аивадон уацмыстæ. Арæзт цæуынц къухæй алыгъуызон æрмæджытæй. Профессионалты куыстыты æмрæнхъ равдысты уыдысты Дзиоты Земфирæйы куклæты дизайны скъолайы ахуыргæнинæгты куыстытæ дæр.

Куклæты равдысты гомгæнæн церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Беджызаты Батрадз, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Хуссар Ирыстоны фыццаг президент, профессор, паддзахадон университеты кадджын лектор Цыбырты Людвиг, æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнг Мамытаты Тамерлан, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ æмæ æндæртæ.

Университеты ректор Тедеты Вадимы ныхæстæм гæсгæ ахæм равдыст университеты фыццаг хатт гом æрцыд. «Уый, æцæгæйдæр, нæ республикæйы культурон царды нысаниуæгджын цау у. Уырны мæ æмæ ацы куыстытæй алкæцыйы дæр бахъуыды кæндзыстæм. Иууылдæр тынг цымыдисон сты», – загъта ректор.

Равдысты организатортæ æмæ куклæты автортæн Президенты номæй раарфæ кодта Президенты уынаффæгæнæг Беджызаты Батрадз. Паддзахады сæргълæууæджы барамындмæ гæсгæ Национ культурæ популяризаци кæныны фæдыл бæрзонд аивадон æмæ стыр куыст бакæныны тыххæй куклæты автортæ æмæ равдысты организатортæн лæвæрд æрцыдысты Аивæдты сгуыхт архайæджы кадджын нæмттæ æмæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй. «Сымах нæ национ культурæ æрмæст Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны нæ парахат кæнут, фæлæ-ма республикæйæн æддейæ дæр. Ахæм рæсугъд мадзæлттæ, куыд уæ абоны авторон куклæты равдыст, хъуамæ арæхдæр уой нæ республикæйы», – банысан кодта Президенты уынаффæгæнæг.

Куклæты хуызы – æнæхъæн истори

Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент, профессор Цыбырты Людвигы ныхæстæм гæсгæ ахæм мадзæлттæ ахъаз кæнынц дыууæ Ирыстоны цæрджыты монон æмæ культурон цард æрбангомдæр кæнынæн. «Мæнæн тынг æхсызгон у ацы мадзал Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 15 азы сæххæсты бонимæ баст кæй у, уый. Абон уа æви райсом – дыууæ Ирыстоны баиу уыдзысты. Æмæ уал уæдмæ хъуамæ иумæ æмдзу кæнæм алы хъуыддаджы дæр. Æмæ абон ацы фембæлд дæр ууыл дзурæг у», – банысан кодта Цыбырты Людвиг.

Мамытаты Тамерлан загъта, зæгъгæ, авторон куклæты равдыст цасфæнды хатт уагъд ма æрцæуа, уæддæр æм адæм цæудзысты стыр цымыдисимæ. Цæгат Ирыстоны йæм æрцыдысты Уæрæсейы бирæ горæттæ æмæ регионтæй, куыд Мæскуы, Санкт-Петербург, Ростов, Минвод, Цæцæн æмæ æндæр рæттæй. Уымæн æмæ стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц алы кары адæймагмæ дæр.

Хуссар Ирыстоны аивады сгуыхт архайæг Таутиаты Азæ бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн равдыст сорганизаци, æмæ нывгæнджыты куыстытæн ахæм стыр аргъ скæныны тыххæй. Бузныджы нысанæн куыстытæй сæ иуы балæвар кодта паддзахадон университетæн. Авторон куклæтæ сты тынг позитивон.

Равдыст уагъд цæудзæн 1-æм октябры онг. Кæй фæнды, уыдонæн æнæаргъæй организацигонд æрцæудзысты куклæтæ саразыны фæдыл мастер-къластæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Авторы ист къамтæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.