Фыццæгæм октябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музейон комплексы равдыстыты залы байгом Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Адæмон нывгæнæг, Уæрæсейы нывгæнджыты æмæ  театралон Цæдисы уæнг, К.Станиславскийы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премиты лауреат, Уæрæсейы нывгæнджыты Академийы æвзист æмæ сыгъзæрин майданты хицау, Нациты преми «Уæрæсейаг галерея 21 æнус»-ы лауреат Чилæхсаты Ильяйы фырт Магрезы нывты равдыст.

Равдыстмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Парламенты сæрдар Тадтаты Алан, сфæлдыстадон кусджытæ, ахуыргæндтæ, студенттæ, æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Цалынмæ равдыст бакæныны церемони райдыдта, уæдмæ, стæй йæ байгом кæныны фæстæ дæр, музейон комплексмæ бахизæны цалдæр ирон зарæджы сæххæст кодтой университеты студенттæ Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Любæ.

Равдыстмæ æрбацæуæг уазджыты размæ рахызт университеты музеон комплексы директор Касаты Фатимæ. Уый йæ цыбыр ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абоны равдыст нæ уыдаид Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ университеты ректор Тедеты Вадим йæ байгом кæнынæн уæрæх фадæттæ куы нæ сарæзтаиккой, уæд. Раныхасгæнæг ма бузныг æмæ  арфæйы ныхæстæ загъта нывты автор Чилæхсаты Магрезæн.

Университеты ректор Тедеты Вадим та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ,  æз дæр стыр бузныг зæгъын Президент Бибылты Анатолийæн. Уымæн æмæ йæм куы бахатыдтæн, цæмæй йæ къух æрфысса музейон комплексы, равдыстыты зал байгом кæнын, ног кусджытæ райсыны тыххæй куырдиатыл, уæд сæххæст кодта мæ домæн. Æппæт йæ уыцы архайды фæрцы рæзы æмæ размæ цæуы музей æмæ равдыстыты залы куыст. Кæд уæдæй бирæ рæстæг нæма рацыд, уæддæр нæ равдыстыты залы байгом цалдæр зындгонд нывгæнæг æмæ къамисджыты равдыстытæ. Уырны мæ æмæ ныфс æвæрын, нырæй фæстæмæ дæр университеты музейон комплексы равдыстыты залы куыст ноджыдæр кæй рæздзæнис æмæ хуыздæрæй хуыздæр кæй кæндзæнис. Магрезы нывты тыххæй та уый банысан кæндзынæн,  æмæ кæд йæ нывты иу хаимæ нырмæ дæр уыдтæн зонгæ, уæддæр абон равдыстмæ кæй æрбавдыста, уыдон мæ сæ аив æмæ хъуыдыджын фæлгæнцтæй æппарынц дисы.

ЙÆ АИВАДЫ РУХС ТА ÆРХАСТА ИРЫСТОНЫ ХУССАР ХАЙМÆ

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, мадзал мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йын дæттын стыр нысаниуæг. Уæлдайдæр та уымæн, æмæ махмæ, Хуссар Ирыстоны, ахæм стыр равдыст, уыйбæрц нывтæ конд иунæг равдысты дæр нæма уыд. Магрез Ильяйы фырты конд нывтæм кæсгæйæ та банысан кæндзынæн уый, æмæ ахæм кадджын нæмттæ, кæцытæ хицæн азты лæвæрд æрцыдысты Магрезæн,  æнæхъуаджы нæ фæдæттынц.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Джыгкайты Мурат та банысан кодта, зæгъгæ, Магрезы сфæлдыстад æмæ йæ куыстытыл дзурын мæнæн у æнцон. Йæ куыстытыл тагъд никуы фæкæны, фæлæ йæ разы цы хæс сæвæры, уый алы хатт дæр сæххæст кæны афоныл æмæ рæстæгыл. Анатоли Ильяйы фырт раст банысан кодта. Ахæм стыр нæмттæ æнæхъуаджы ничи ратдзæнис. Ирыстоны ис æрмæстдæр иу Уæрæсейы Адæмон нывгæнæг æмæ уый у Магрез Ильяйы фырт.

Магрезы нывты равдыстытæ федтой Уæрæсейы, Америкæйы, Германийы, Японы, Италийы, Францы, Турчы, Швейцарийы æмæ бирæ æндæр стыр бæстæты æмæ сын алы адæмтæ дæр скодтой стыр аргъ æмæ кад.

Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг та йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абоны мадзалæн дæттын стыр нысаниуæг. Уымæн æмæ Магрез у ахæм адæймаг, кæцы æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ кад кæны махæн, йæ ирон адæм æмæ йæ райгуырæн бæстæйæн. «Абон йе ‘нтыстытыл æз тынгдæр цин кæнын уымæн, æмæ ма Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны куы куыстон, уæд уыд мæ ахуыргæнинаг. Уæддæр ын йæ куыстуарзондзинад æмæ арæхстдзинады фæрцы хатыдтæн йæ абоны æнтыст».

Физикæ æмæ математикæйы зонæдты доктор Къусраты Анатоли та йæ раныхас райдыдта: «Кæсын уæм æмæ уæ алкæй цæсгомæй дæр зыны хъæлдзæг мидбылхудт. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ стыр аргъ кæй кæнут Магрез Ильяйы фыртæн, йæ куыстытæн. Æмæ уыцы хорз ахастыты аккаг у. Бирæ бæстæты уыдтæн, бирæ равдыстытæ федтон, фæлæ дзы абоны равдысты разæй искæцыйы æрæвæрон, уый раст нæ уыдзæнис».

Равдысты церемонийы ма раныхас кодта æмæ уазджытæн зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зассеты Жаннæ.

Кæронбæттæны Чилæхсаты Магрез бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта, равдыст бакæныныл чи бакуыста æмæ йæм чи æрбацыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр æмæ ныфс бавæрдта, нырæй фæстæмæ дæр йæ куыст кæй нæ фæлæмæгъдæр кæндзæнис, дарддæр кæй кæндзæнис, адæмы зæрдæмæ чи цæуа, ахæм нывтæ.

                                                                                          ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.