4-æм февралы æппæт дунейы дæр бæрæг кæнынц онкологон низтимæ тох кæныны бон.

Кæд ма-иу цалдæр азы размæ ацы низы тыххæй ахуыргæндтæ сæ къух  ауыгътой, уæд ныр уавæр зынгæ аивта. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, низ развæлгъау сбæрæг кæнын у йæ ныхмæ тох кæныны сæйраг мадзал. Ахæм низимæ цæрæн   ис.  Хъæуы йæ æрмæст рагацау сбæрæг кæнын.

«Адæймагæй исты куы фæриссы, æрмæстæр уæд бацæуы дохтырмæ. Хъыгагæн, куыд сбæрæг вæййы, афтæмæй уæд низ  раиртасæм йæ 4, кæнæ 3-æм стадийыл. Де ‘нæниздзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй хъуамæ ма кæсай. Алцы дæр афоныл хъæуы аразын», – зæгъы РЦИ-Аланийы онкологон диспансеры сæйраг дохтыр Бесаты Аслæнбег.

 «Мах пациенттæ хицæн кæнынц иннæтæй. Низ æм фæзынд – уый иу хъуыддаг у, фæлæ æвзæр низы диагноз кæмæн сæвæрдтой, уыдоны ма бахъæуы психологон æххуыс дæр. Алкæмæн дæр зын у низы тыххæй базонын. Сæхимæ хъусыныл фæвæййынц. Сæ ныфс-иу бынтондæр фесæфт».

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æвзæр низæй рынчын адæмы фæцæрыны хъомыс азæй-азмæ кæны фылдæр. Йæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ афойнадыл дохтырæн йæхи ничи ‘вдисы. Сæйраг та уый у: æвзæр низы хъæуы афоныл рахатын.

Профилактикон басгæрстмæ адæймаг хъуамæ цæуа афæдз иу хатт. Хуыздæр та уаид афæдз дыууæ хатты дохтыртæн хи уынын кæнын. Æвзæр низ рабæрæг кæнынæн хатгай фаг вæййынц туджы иртæстытæ. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, куыд нæлгоймæгтæн, афтæ сылгоймæгтæн дæр уагæвæрдтæ сты æнæмæнгæй æххæстгæнинаг.

«Сылгоймæгтæй 45 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдон, æнæмæнг, хъуамæ хи бæрæг кæнынмæ цæуой рынчындонмæ. Дæттой алыхуызон анализтæ. Нæлгоймæгтæ та 50 азы фæстæ», – амоны дохтыр-онколог.

Стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны дæр онкологийæ рынчынтæ ис æмæ уыдоны ‘хсæн сты сывæллæттæ дæр. Дунейы æппæт бæстæты дæр фæстаг азты мидæг баконд æрцыд бирæ хæрзаудæн фондтæ онкологион рынчынтæн. Ацы æгъатыр низæй бирæ адæм амæлы, уыдоны ‘хсæн ис чысыл сабитæ дæр. Тынг зын у, нæ сомбон аразгæ кæмæй у æмæ нæ фидæны царды ныфсытæ чи сты, уыцы сывæллæттæ онкологийы æгъатыр низы æндæв-дады бын кæй бахауынц æмæ сын сæ ныййарджыты бон дæр баххуыс кæнын кæй нал бавæййы, уый. Зынаргъ лæууы йе схос кæнын, алкæмæ уыцы финанстæ нæ вæййы.

Нæ республикæйы арæзт æрцыд онкологийæ рынчын сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья», зæгъгæ, ахæм номимæ. Фонды президент у Цхуырбаты Татьянæ. Абон фонды сырæзтыл æнувыдæй чи кусы, уыдон сты æндæр æмæ æндæр уагдæтты кусджытæ æмæ кусынц æнæмыздæй. Уыдон хъуыддагмæ равдыстой зæрдиаг ахаст, адæймагдзинад. Закъоны куыд фыст ис æмæ куыд домдæуы, уымæ гæсгæ адæмы æххуыстæ, ома, рынчынтæн цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд уой, уыдон комкоммæ дæр лæвæрд хъуамæ цæуой рын-чынтæн æххуысы хуызы.

Цыфæнды низæй дæр сывæллон рынчын куы уа, уый ныййарæджы æппары стыр катайы. Æмæ ма дын ноджы дохтыртæ куы фехъусын кæной ацы тæссаг низы диагноз, уæд райдайы æцæг тох низы ныхмæ. Онкологийæн  хос кæнын абон, алчи дæр æй зоны, у тынг зынаргъ. Бирæтæн сæ ныфс асæтты, уыцы æхцайы фæрæзтæ куы не ссарынц, уæд.

Нæ абоны æнæнцой царды Таняйы хуызæн адæймæгтыл, хъыгагæн, арæх нæ сæмбæлдзынæ. Уымæн æмæ йæ риуы арф цæры хæлар зæрдæ.

«Хуыцау цæрынæн кæйдæриддæр радта, уыдон хъуамæ цæрой. Мах хæс та у сæ зын сахат сæ фарсмæ балæууын æмæ сыл аудын. Рынчын адæймагимæ, уæлдайдæр сывæллонимæ, тынг зын у кусын.  Фæлæ адæймаг адæймаг уæд уыдзæн, æмæ иннæмæн куы баххуыс кæна. Тыхджын уый нæу, лæмæгъдæрыл чи фæуæлахиз, фæлæ уый – лæмæгъæн чи баххуыс кодта», – зæгъы Татьянæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.