ВИРУСТЫ ГЕПАТИТ

Цы бирæ хæцгæ низтæ ис æмæ адæймаджы иууыл уæззаудæр уавæрмæ чи æркæны, уыдоны ‘хсæн вирусты гепатит ахсы раззаг бынæттæй иу. Афтæ йæ уымæн хонынц, æмæ адæймагыл хæцы вирусты, ома, æрмæстдæр удæ-гас чырæгты чи фылдæр кæны, ахæм цыренгæнджыты æххуысæй, æмæ ныронг медицинæйы зындгонд сты вирусты гепатиттæ A, B, C, D, E.

Уавæр дарддæр афтæ у, æмæ гепатитты низхæссæг хæрзчысыл организмтæ нырраууат кæнынц хицæн адæймæгты кæнæ та суанг æнæхъæн бинонты æнæниздзинад дæр. Уæдæ ацы низ арæх рыны хуызы дæр фæзыны иу кæнæ иннæ цæрæн бынаты, æмæ дзы уæд адæм къордгæйттæй æруатон вæййынц.

Дунейы мидæг, уыимæ Уæрæсейы дæр, уæлдай тынгдæр æргом сæхимæ здахынц хицæн гепатиттæ, кæцытæм ис стыр тых æмæ арæх низ рахизы хроникон хуызтæм дæр. Куыдæй фæзынынц, уый та мах хъуамæ бæвырд зонæм. Зæгъæм, вирусты гепатит «В» иу адæймагæй иннæуыл бахæцы медицинон кæнæ цардыуаджы архайдтыты руаджы, уæлдайдæр, буар хъыгдард куы вæййы, уæд. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, инструмент рынчыны тугæй «чъизи» куы вæййы, иу дасæн кæнæ къухы ныхтæм зилæн прибортæ æмæ иумæйаг дæндæгтæ ‘хсæн щеткæйæ пайда кæныны рæстæджы. Уæдæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн цы сусæг ахастдзинæдтæ вæййы, уыдонæй дæр æнцонæй ис фæрынчын уæвæн. Æппæтæй тæссагдæр та сты æнæмедицинон архайдтытæ – уæлдайдæр наркотиктæ венæтæм мидæмæ уадзын, хъусы æлгътæ хуынчъытæ кæнын æмæ буарыл бирæ судзинтæй татуировкæтæ аразын.

Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй гепатит «А» æнцонæй бахæцы вирусæй хъæстæ хойраджы продукттæй, нуазыны донæй, «чъизи» къухты æвнæлдæй – иуныхасæй, хи гигиенæйы амынддзинæдтæ куы ницæмæ дарай, уæд. Уавæр дарддæр афтæ у, æмæ гепатит «А» тынг фæразон у бæрзонд температу-рæтæн, туагæдтæн, дезинфекцигæнæн фæрæзтæн æмæ уый тыххæй дæргъвæтин рæстæджы хъахъхъæд æрцæуы нæ алыварс, æгъатыр низы тыххæй та фаг нæ зонæм.

Ныр дæр ма вирусты гепатит адæм хонынц сафрон («желтуха»), уымæн æмæ низ фехалы игæр æмæ уый тыххæй буар йæ хуыз раивы бурæй. Низы фыццаг гуырæн та æдзухдæр вæййы рынчын адæймаг, цавæрфæнды инфекцион уавæры куы уа, уæддæр. Алыварс адæмæн уæлдай тæссагдæр вæййынц вирусты гепатит «А»-йæ рынчынтæ, кæцытыл нæма фæзыны сафрон кæнæ низы æндæр фыццаг миниуджытæ. Мах хъуамæ зонæм ацы низы фыццаг бæрæггæнæнтæ æмæ уыдон та сты: адæймаджы тæвд схизы 38–39 градусмæ, сæр фæриссы, хæрын къаддæр фæцæуы, зæрдæ фæхæццæ кæны, рахиз фæрсчыты бынмæ фæхъыгдары, мизынцъаг фæтар вæййы.

Низ уæззау уавæрты куы фæцæуы, уæд тæссаг вæййы, игæры æмæ мастуадзæн системæйы куы фехала, уымæй. Афтæ цæмæй ма рауайа, уый тыххæй та æппæт хъæугæ мадзæлттæ дæр бакæнын фæхъæуы сæ цæфыл. Иугæр хæцгæ низы фыццаг миниуджытæ банкъардтай, зæгъгæ, уæд тæккæ хуыздæр хос у дохтырмæ æвæстиатæй фæдзурын. Рынчын хъуамæ афоныл æмæ æнæмæнгæй æрцæуа госпитализацигонд. Æрмæстдæр афтæмæй бахъахъхъæндзæн йæхи фыддæр уавæ-рæй, йæ бинонтæ æмæ йæ алыварс адæмы та низ бахæцынæй.

Ахсджиаг у низ ма ‘руадзыны хъæугæ профилактикон мадзæлт-тæ æххæст кæнын дæр. Æмæ уыдон та вирусты гепатит «А»-йæн сты, хуылфыдзаумæтты иннæ хæцгæ низты ныхмæ куыд архайын хъæуы, уый хуызæн. Фыццаджыдæр, æххæст кæнын хъæуы хи гигиенæйы амынддзинæдтæ, гигиенæйы нормæтæ æмæ санитарон æгъдæуттæм хъуамæ лæм-бынæг цæстдард уа скъолайы агъоммæйы кусæндæтты, ахуыргæнæндæтты æмæ æхсæнадон хæлцы объектты. Хойраджы продукттæ æлхæнæн нæй, уæй кæ-нынæн барлæвæрд кæм нæй, ахæм бынæтты. Низ куы фæзыны, уыцы сезоны профилактикон ма-дзæлтты тæккæ ахъаззагдæр у фыхдон нуазын. Сывæллæттæн та æппæтæй хуыздæр у «Иммуноглобулин», зæгъгæ, ахæм препарат сæ организммæ бауадзын. Маргхъæстæ вирустæй сæ нæ хъахъхъæны, фæлæ æххуыс кæны, низ æнцондæрæй цæмæй ацæуа, уымæн.

Кæронбæттæны зæгъын хъæуы уый, æмæ æрмæстдæр профилактикæйы хуымæтæг мадзæлттæ æмæ æгъдæуттæ æххæст кæныны руаджы кæй бахъахъхъæндзыстут сымах уæхи æвирхъау низ гепатитæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.