Ног коронавирусон инфекцийæ рынчынтæ сбæрæг кæнын, тестытæ аразын æмæ низы авналæтæ бакъуылымпы кæныныл тох кæнынц республикæйы медицинон фадыджы кусджытæ. Югосетпотребнадзор æрвылбон дæр аразы иртасæн куыстытæ инфекцион низ сбæрæг кæныны тыххæй. Æнцойбонты бæрæггæнæнтæ куыд равдыстой, уымæй низ, цыма фææдыхдæр.

Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ хуыцаубонмæ ПЦР лабораторийы коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны нысанæн арæзт æрцыд 165 иртасæн куысты, уыдонæй 35 уыд æвæрццаг фæстиуæг, ома уал адæймаг сты рынчын ацы вирусæй. Уымæ гæсгæ æмткæй республикæйы фæстаг дыууæ мæйы дæргъы коронавирусæй рынчынты иумиаг нымæц у 1582 бæрц.

Уыцы бонмæ дохтырты хъусдарды бын сты, куыд стационарон, афтæ амбулаторон æгъдауæй 1284 адæймаджы, сæнæниз сты 288.

Бæрæг фæрæзтæ сæ æвæджиаг куыстæн

Куыд зонæм, афтæмæй цæмæй нæ республикæйы территорийыл ацы инфекцион низ ма уа, уый фæдыл ист цæуы къорд мадзæлттæ. Уый тыххæй бæстæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ хицæн æрцыд финансон фæрæзтæ дæр. Уыцы фæрæзтæй амал цæудзысты медицинон препараттæ, индивидуалон бахъахъхъæнæн фæрæзтæ, хъæуæг æрмæджытæ, вирусологон лабораторийæн ифтонггæрзтæ æмæ медицинон фадыджы кусджытæн сæ куыстæн уæлæмхас фиддонтæ бафидынæн. Куыд ма хъусын кæнынц, афтæмæй Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн цы фæрæзтæ хицæн цæуы, уыдонæй фыст æрцæудзæн Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитеты кусджытæн дæр бæрæг суммæ.

Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзор сиды æмбæстæгтæм, цæмæй æхсæнадон бынæтты инфекцион низæй бахизынæн алы æмбæстаг дæр дара маскæ, йæхи æмæ йæ алфæмблай адæмы бахъахъхъæныны нысанæн. Уый тыххæй баконд æрцыд карантин ахуырадон уагдæтты, астæуккаг ахуырад æмæ сывæллæтты уæлæмхас ахуырадон уагдæтты, хиирхæфсæн æмæ æндæр уагдæтты. Уыцы мадзæлттæ аххæсдзысты 15 декабрмæ коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны фæдыл бæстæйы оперативон штабы уынаффæмæ гæсгæ.

Алы æмбæстаг дæр хъуамæ бæрнон ахаст æвдиса ныры рæстæджы, уымæн æмæ ацы хæцгæ низ алы адæймаджы организммæ бахаугæйæ, йæхи алыгъуызон равдисы. Фæлæ иууыл ахсджиаг у уый, æмæ низы æууæлтæ куы банкъара адæймаг, уæд æнæрхъæцæй дохтыртæм бадзура. Науæд хæдзарон уавæрты  хос кæнгæйæ низ йæ кæнон кæны, æмæ йын уый фæстæ нæ вæййы хорз фæстиуджытæ.

Мах æвдисæн стæм ацы низы фæстиуæгæн куыд фæхъуыдысты нæ æввахс хиуæттæ æмæ зонгæтæ. Йæ ахæстæй фервæзыныл куыд тох кæнынц медицинон центры рынчындæтты æмæ уæрæсейаг æфсæддон госпиталы рынчынтæ æмæ медицинон персонал.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.