Президентимæ фембæлд æмæ дыууæфарсон комитеты радон рабадт

 

Раздæр ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй 1 декабры на республикæмæ кусæгон балцы фæуазæг сты Цæгат Ирыстон-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады делегаци сæ министр пъæлицæйы инæлар-майор Демьян Лаптевы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты министры хæдивджытæ, управлениты æмæ службæты хистæртæ, æмæ ма иумæйаг информацион-координацион центры минæвæрттæ.

Уазджыты йæхимæ райста бæстæйы президент Гаглойты Алан. Фембæлды хайад райстой Демьян Лаптев, йæ хæдивæг Цибирты Таймураз, РХИ-йы Мидхъуыддæты министр Гуыцмæзты Алан æмæ йæ фыццаг хæдивæг Мамиты Эрислав. Гаглойты Алан арфæйы ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ ведомствойы æнтыстджын æмгуыстад æнæмæнг æркæндзæн хорз фæстиуджытæм.

«Мах стæм иу адæм. Абон дуг æвзæр у æмæ, хъыгагæн, фыдбылызтæй хызт не стæм. Уымæ гæсгæ нæ тыхон структурæты æмгуыстад хъуамæ уа бæрзонд æмвæзадыл. Æндæр гæнæн дзы нæй. Зæгъæм, наркотикты проблемæ вазыгджын у куыд хуссары, афтæ Ирыстоны цæгат хайы дæр, æмæ иумæйагæй хъæуы раттын æппæт тыхтæ йæ аиуварс кæнынмӕ», – загъта Президент.

Демьян Лаптев бузныг загъта Гаглойты Аланæн ахæм хъарм райсты тыххæй æмæ фæнысан кодта, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æнгом ахастытæ стыр ахъаз кæй сты Хуссар Кавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн.

«Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон сты æфсымæрон республикæтæ æмæ мах хæсджын стæм  конструктивон куыст кæнынæй. Наркотикты парахат кæныны кой скодтат æмæ йӕ иууылдæр зонынц, æхсæнадæн иууыл тæссагдæр фæзынд кæй у, сæрсæфæнмæ кæй кæны рæзгæ фæлтæры. Уырны мæ, наркотикты проблемæйы скуынæг кæныны хъуыддагмæ иумæ егъау хайбавæрд кæй хæсдзыстæм», – йæ раныхасы загъта Демьян Лаптев.

Президентимæ фембæлды фæстæ дыууæ республикæйы мидхъуыддæгты министрадты делегацитæн уагъд æрцыд дыууæфарсон комитетты рабадт, кæцыйы скъуыддзаг кодтой сæвзæргæ вазыгджын проблемæтæ. Æмбырд йæ раныхасæй ӕрбайгом кодта Гуыцмæзты Алан, раарфæ кодта æрæджы снысангонд министр Демьян Лаптевæн йæ ног куысты бынаты фæдыл. Фыццаджы уал æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, Цæгат Ирыстон-Аланийæн цахæм стыр нысаниуæг ис хуссарирыстойнаг цæрджыты цардархайды, куыд баст стæм кæрæдзиимæ алыварсонæй æмæ нын куыд æнæмæнгхъæуæг у æмгуыстад барадхъахъхъæнæг органты хаххыл.

«Не ‘хсæнадæн фæстаг азты тæссаг у ног фыдбылызтæй, не ‘нцойад фехалынмæ нын хъавынц алыгъуызон деструктивон элементтæ æмæ нæ уымæ гæсгæ хъæуы кæрæдзийы фарсмæ балæууын иумæйаг знæгты ныхмæ. Абон нæ бæстæты разамынад алцыдæр аразы, цæмæй æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæд цæуа. Махæн та нæ хæс у фыдбылызты аххосæгтæ раиртасын, развæлгъау фыдгæнджыты æрцахсын, сæ авналæнтæ сын фæкъуындæг кæнын. Нæ дыууæ ведомствойы æмгуыстад бæрзонд æмвæзадыл куы уа, уæд уый стыр ахъаз уыдзæн æгас регионы стабилондзинад æмæ сабырдзинадæн. Нæ профессионалон архайдæй райгонд куыд уæм, уыцы арфæ нæ уæд», – банысан кодта Гуыцмæзты лæппу.

Демьян Лаптев йæхирдыгæй загъта, зæгъгæ йæ ныридӕгӕн хъуыддаг бæлвырдæй куыд æвдисы, афтæмæй дыууæ ведомствойы æмгуыстад ис бæрзонд æмвæзадыл.

«Пъланмæ гæсгæ бадзырдтæ æххæст цæуынц алы хаххыл дæр – уголовон фæдагуырды, фыдгæнджыты æрцахсыны æмæ бæрндзинадмæ æркæныны, миграцион контролы æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ нын уæддæр нырма бирæ куыст ис, хъуамæ тырнæм хуыздæр фæстиуджытæм», – банысан кодта Демьян Лаптев.

Рабадты ма докладтимæ раныхас кодтой Мамиты Эрислав æмæ Цибирты Таймураз. Æрдзырдтой дыууæфарсон комитеты дарддæры æмгуыстады пъланыл, æмбæстæгты актуалон проблемæтыл. Æртæрхон кодтой ахæм проблемæтыл, куыд паддзахадон арæныл контрабандон товартæ ласыныл, давд автомашинæтæ Уæрæсейæ Хуссар Ирыстоны территоримæ кæныныл, хуссарирыстойнаг автомашинæты тонировкæйы тыххæй.

Демьян Лаптев куыд банысан кодта, афтæмæй тонировкæ халы фæндагон фæткойтæ, тæссаг у шофыртæн æмæ бæлццæттæн æмæ уымæ гæсгæ ахæм автомашинæйæн нæй эксплуатаци кæныны бар.  Ис ма ноджы ахæм проблемæ – ныридæгæн Уæрæсейы территорийыл ис дыууæ минæй фылдæр автомашинæйы хуссарирыстойнаг номыртимæ, кæцытæн сæ «ввоз»-ы æмгъуыдтæ фесты æмæ сæ хицæуттæ нырма бæрæг не сты. Цы проблемон фарстатæ рахастой рæгъмæ, уыдоныл кусдзысты ввахс рæстæджыты.

Кæронбæттæны цæгатирыстойнаг делегацийы минæвæрттæ хорзæхджын æрцыдысты РХИ-йы Мидхъуыддæгты ведомствойон майдантæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрдтæй. Экскурсимӕ ма сæ акодтой Национ музеймæ дæр.

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.