Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдис делегаци Цæгат Ирыстон-Аланийæ пъæлицæйы инæлар-майор Андрей Сергеевы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад, управлениты æмæ дæлхæйтты хистæртæ. Уазджытыл Ручъы тунелы дзыхы сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ.

Цытджын уазджыты Андрей Сергеевы æмæ йæ хæдивджытæ Наниты Роберт æмæ Цыбырты Таймуразы йæхимæ райста бæстæйы Президент Гаглойты Алан. Йæ раныхасы бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ дыууæ ведомствоты ‘хсæн æмгуыстад хæссы системон характер æмæ æнгом æмархайдæн ис хорз фæстиуджытæ.

«Иумæйаг-информацион центр саразынимæ фæфылдæр сты барадхъахъхъæнджыты авналæнтæ, бирæ сын фенцонддæр ис фыдгæнджыты сбæлвырд кæнын, дыууæ ведомствæты ‘хсæн информаци дæттыны хъуыддаг схызтис бæрзонд æмвæзадмæ. Мах стыр бузныг стæм Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгадæй, ахæм хъусдард нæм кæй ис, афтæ тынг ныл кæй тыхсынц, кæй нын кæнынц иузæрдион æххуыс. Кæдфæнды дæр нæ ныфс ис, тыхст рæстæджы цыфæнды фарсты фæдыл дæр нæ фарсмæ кæй æрбалæудзысты», – загъта Гаглойты Алан.

Андрей Сергеев бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн ахæм хъарм ныхæсты тыххæй æмæ йын раарфæ кодта Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцев æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы нæмттæй.

«Нæ дыууæварсон фембæлды рæстæджы цы фарстатыл хъуамæ æрдзурæм, уыдон сты ахсджиаг, стыр ахъаз фæуыдзысты нæ дарддæры æнтыстджын куыстæн. Закъоны фæлгæтты архайгæйæ хъуамæ уæм нодджы фæстиуæгджындæр, нæ разы лæууæг хæстæ та æххæст кæнæм тагъддæр», – банысан кодта Андрей Сергеев.

Егъау хайбавæрд кæй хæссынц сабырдзинадмæ æмæ дыууæ бæстæйы æнгомдзинадмæ, барадхъахъхъæнынады сын стыр æнтыстытæ кæй ис, уый тыххæй бæстæйы Президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта Андрей Сергеевы хæлардзинады Орденæй, Наниты Роберты æмæ Цыбырты Таймуразы та «В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии»-йы майдантæй. Уазджытæ та сæхирдыгæй Гаглойты Аланæн балæвар кодтой Куымæридтаты Аркадийы конд ныв.

Дыууæ ведомствойы къухдариуæгад, сæ кусæгон фембæлды рæстæджы, æрдзырдтой бирæ ахсджиаг фарстатыл. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ кæд æмæ абоны бон ирон адæм дихгонд сты юридикон æгъдауæй, уæддæр адæмæн се ‘ргом сæ кæрæдзимæ здæхт у, зындзинæдты, кæддæриддæр, сæ кæрæдзийы фарсмæ лæууынц, сæ иудзинад бонæй-бонмæ фидардæр кæны.

«Мах ныфс ис, рæхджы ирон адæм кæй баиу уыдзысты æмæ кæй сæххæст уыдзæнис нæ бæллиц. Ныридæгæн уал Ирыстоны ‘хсæн цы арæн æвæрд ис, уый зындзинæдтæ æвзарын кæны бынæттон цæрджытæн æмæ ма уыимæ иумæ фыдракæндтæ раргом кæнынæн дæр цæлхдуртæ æвæры, фыдгæнджытæн бантысы бæрндзинадæй аирвæзын. Уый фæдыл, æнæмæнгхъæуæг уыд дыууæ бæстæйы барадхъахъхъæнæг органты æмархайд, сæ тыхтæ æрбаиу кæнын, цæмæй оперативон-службæйон хæстæ цырддæр æххæст цæуой. Информацион-координацион центрæн дæр йæ комкоммæ хæстæ сты æмахастытæ фæарфдæр кæнын, фыдгæнджыты тагъддæр сбæлвырд кæнын æмæ бæрндзинадмæ æркæнын. Кæд æмæ нын æнтыстытæ ис, уæддæр дзы проблемон фарстатæ дæр бирæ ис æмæ сæ оперативонæй хъæуы скъуыддзаг кæнын», – загъта Гæззаты Валери.

Андрей Сергеев дæр йæ раныхасы банысан кодта, ома кæд æмæ абоны онг бирæ æрцыдис арæзт, дыууæ ведомствоты ‘хсæн æмархайд бæрзонд æмвæзадыл ис, уæддæр тырнын хъæуы бæрзонддæр къæпхæнтæм схизынмæ, æмгуыстад фæарфдæр кæнынмæ.

«Æгас дуне цахæм уавæр ис, уый уæ алчидæр уыны. Уæрæсе ныридæгæн тох кæны фашизм æмæ нацизмимæ Украинæйы, нæ ныхмæ растадысты æгас хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæтæ, НАТО. Уый фæдыл фæзынд тынг бирæ фыдракæндты хуызтæ, кæцытæ архайынц фæсарæнтæй æмæ уый фæдыл зын у фыдгæнджыты бæрндзинадмæ æркæнын. Ахæм уавæрты нæ хъæуы цырд фæлæууын, цæмæй нæ адæмы сабырдзинад бахъахъхъæнæм, мæ бауадзæм уыдоны фыдгæнджытæн æфхæрын, фæсайын, бастигъын. Уый фæдыл хъуамæ нæ тыхтæ баиу кæнæм криминалон милицийы къабазы, паддзахадон фæндагон змæлды æдасдзинады. Хъæуы нæ развæлгъау куысты план саразын 2023-2024 азтæн, цæмæй мидхъуыддæгты министрады дыууæварсон комитет кæна æнтыстджындæр куыст», – загъта йæ раныхасы Андрей Сергеев.

Цытджын уазджытæ, кусæгон фембæлды фæстæ, хорзæхджын æрцыдысты ведомствойон хорзæхтæй. Уый фæстæ та ацыдысты Ирыстоны хъахъхъæнджыты мемориалон комплексмæ æмæ дзы сæвæрдтой дидинджытæ. Бахуыдтой ма сæ Националон музеймæ дæр æмæ сын фенын кодтой диссаджы экспонаттæ.

Джиоты Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.