Мысынад

Бæрцæй ма баззад нымад къуыритæ æмæ мадæлон æвзагыл цæуæг нæ республикæйы иунæг газет “Хурзæрин”-ыл сæххæст уыдзæн 100 азы. Уыцы азты дæргъы йæ дæсгай, сæдæгай мин адæймæгтæ истой сæ къухмæ æмæ дзы сæхицæн кастысты алыгъуызон æрмæджытæ. Уыцы хæс абон дæр æххæст кæны нæ газет. Æмæ, цæмæй йæ алы номыр дæр йæ кæсджытæм хæццæ кæна, уый тыххæй та йыл кусы йе сфæлдыстадон коллектив. Æнусы дæргъы уый дæр цалдæр фæлтæры раивта. Кæд коллектив стыр нæу, уæддæр дзы бирæ уыдис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ ирд фæд ныууагътой йæ историйы.

Уыдонæй сæ иу уыд Хуыгаты Уасил.  Ивгъуыд мæйы уымæн йæ райгуырдыл сæххæт 90 азы æмæ кæд абон не `хсæн нал ис, уæддæр нæ хæс у, цæмæй йын йæ рухс ном æрымысæм. Уæлдайдæр та уымæн æмæ æрмæст журналисты куыст нæ кодта, фæлæ ма уыд поэт æмæ прозаик дæр – къорд чиныджы автор.

Бæрзонд хæххон хъæу Часавалы райгуырд Уасил. Йæ хъæуы йын Къуайсайæ дих кодта æрмæстдæр Джоджорайы цæугæдон æмæ йе `мхъæуккаг сабитимæ уырдæм згъордта скъоламæ ахуыр кæнынмæ. Скъолайы фæстæ царды æвæлтæрд лæппу йæ тыхтæ сфæлвæрдта Къуайсайы хъуыстгонд хохмаданты шахтеры зын куысты. Фæлæ дарддæр ахуыр кæнын кæй хъуыд, уый хорз æмбæрста Уасил æмæ ссис Хуссар Ирыстоны пединституты ирон филологийы студент.

Диплом райсыны фæстæ кодта ахуыргæнæджы куыст нæ хæххон скъолаты. Фæстæдæр æй йæ хъысмæт ахаста дард Астæуккаг Азимæ, Хъазахты ССР-мæ æмæ ам дæр куыста скъолайы. Фæсаууонмæ та ахуырмæ бацыд Алма-Атайы паддзахадон университеты журналистикæйы факультетмæ æмæ йæ каст фæци æнтысгæйæ.

Къуыдайраг лæппу йæ царды фидæн æцæгæлон зæххыл нæ уыдта æмæ фæстæмæ æрыздæхт йæ фыдæлты зæхмæ, йæ райгуырæн бæстæмæ. Уый уыд 1970 азы æмæ уæдæй йæ царды кæронмæ йæхи снывонд кодта журналисты зын фæлæ хæрзиуæгон куыстæн. Кусын райдыдта газет “Советон Ирыстон”-ы  (ныры “Хурзæрин”-ы) уацхæссæгæй.

Ам кусгæйæ, Уасилы йе `мкусджытæ æмæ йæ архайд кæмæ здæхт уыдис, уыцы газеткæсджытæ дæр фыццаджыдæр базыдтой, рæстдзинад зынаргъ кæмæн у æмæ йæ сæрыл сдзурынхъом чи у, ахæм адæймагæй. Уыдис ахæмтæ дæр, кæцытæ йын нæ фæрæзтой йæ раст ныхас æмæ йын сусæгæй маст кодтой æндæр æмæ æндæр хуызты. Фæлæ ахæмтæй уый кæддæриддæр бæрзонддæр лæууыд æмæ æвзæр æвзæрæй никуы фыста.

Уасил йæ куысты фæдыл зылдис Хуссар Ирыстоны хъæуты, зонгæ кодта хъæууон фæллойгæнджыты цардимæ, цæуыл тыхстысты, уыдæттимæ æмæ сæ рæгъмæ хаста газеты фæрстыл. Уый иуран никуы бадт – уарзта кусын, змæлын, архайын. Æрмæджыты фæдыл зилын æмæ сæ цæттæ кæнынæй дарддæр уый бирæ уарзта чингуытæ, журналтæ, газеттæ кæсын, цымыдис кодта нæ адæмы историмæ, сæ рагисторимæ.Уыдис ын хъæздыг библиотекæ. Бирæ уарзта физикон куыст дæр. Уый иу йе `мкусджытæ федтой, раздæр -иу сæ хъæууон фæллойгæнджытæн æххуысмæ хоскæрдынмæ куы арвыстой æмæ-иу цæвæг йæ къухты зад кæрдæг куы даста, уæд. Уасил йæ сæрибар рæстæджы æдзух уыд, 90-æм уæззау азты нын горæтгæрон рæстæгмæ цы зæххы фадгуытæ радтой, уым æмæ зылд, цы-иу байтыдта, уыдонмæ. Уым адæмæн сæ зæххы фадгуытæй дæр бæрæг уыдысты, куыстмæ сæ астæутæ тынгдæр кæмæн тасыдысты, уыдон. Уыдонæй уыд Хуыгаты Уасил дæр.

Хуыгайы фырты уыцы рæстæджы уæлдай тынгдæр æндæвтой, нацийы раз цы бирæнымæц проблемæтæ сæвзæрыд Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ, уыдон, катай кодта, йæхæдæг дæр æмæ йæ адæм дæр цы уæззау уавæры ныххаудысты, ууыл. Æввахс сæ иста йæ зæрдæмæ, мæгуырауæрдæм бандæвтой йе `нæниздзинадыл дæр æмæ йын фæтагъддæр кодта йæ мæлæт. Не ‘хсæнæй фæхъуыд 2007 азы.

Куыд ма загътам, афтæмæй Уасилы архайд æрмæст журналистикæимæ баст нæ уыд, кодта литературон куыст дæр. Ныр ма чиныгмæ тынг чи цымыдис кæны, фæлæ сæ советон дуджы чиныгкæсджытæ агуырдтой, хæццæ сæм кодтой. Уыцы дуджы уыдонмæ фæхæццæ сты Уасилы ахæм чингуытæ, куыд “Зæрдæмæ ныккæсæн нæй” (1974 аз), “Цы зæгъдзæн гыцци” (1977 аз), “Сусæг маст” (1980 аз), “Бæллицтæ” (1983 аз), ”Æнæрвыст фыстæг” (1987 аз).

Фыссæджы сæйрагдæр темæтæ уыдысты райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, æрыгон адæймаджы рæсугъд æнкъарæнтæ æмæ рухс бæллицтæ, сабыр царды мотивтæ. Фæлæ æрбалæууыд уæззау, сагъæссаг рæстæг æмæ сагъæсы ныххауд фыссæг дæр. Уый цæхгæр бандæвта йе сфæлдыстадыл дæр æмæ йын 2002азы рацыд чиныг ахæм номимæ “Зæрдæйы сагъæстæ”, зæгъгæ. Уæгъд æй нал суагътой йæ адæмы, йæ фыдызæххы хъысмæты фæдыл йæ сагъæстæ, æмæ сæ поэтикон, прозаикон уацмысты хуызы бахаста ацы чиныгмæ. Фæстæдæр, 2004 азы ма рацыд йæ фæстаг чиныг – йе сфæлдыстадæй æвзæрст уацмысты æмбырдгонд “Дуджы рис”, зæгъгæ.

Ахæм уыд цыбыртæй нæ коллегæ Хуыгаты Уасилæн йæ царды фæндаг.

   БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.