Президент Гаглойты Алан фембæлд Цæгат-Кавказаг федералон университеты ректор Дмитри Беспаловимæ.

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, ЦКФУ-йы юридикон институты директор Дмитри Смирнов æмæ ЦКФУ-йы æхсæнадæмон проекттæ æмæ программæты хайады хистæр Владимир Самойленко.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстонмæ сæ визит æмæ æнтыстджын дыууæварсон æмгуыстады тыххæй.

Йæ рады Дмитри Беспалов хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта ЦКФУ æмæ ХИПУ-йы æмархайд æмæ РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министрадимæ республикæйы ахуырады модернизацийы фадыджы фæстиуджыты тыххæй, афтæ ма æрдзырдта, УФ-йы ахуырады министрады раз цы хæстæ æвæрд ис, уыдоны реализаци кæныны æмæ иумæйагахуырадон мадзæлттæ ауадзыны тыххæй.

ЦКФУ-йы ректор куыд банысан кодта, афтæмæй куыст цæуы алыгъуызон здæхтыты фæдыл: иумæйаг проектты реализаци, 30 зонадон статьятæ æмæ монографиты æмавторон публикацитæ, иумæйагахуырадон скъолаты ахуыргæнджыты æмæ ХИПУ-йы ахуырадон сконды, афтæ ма паддзахадон службæгæнджыты æмæ æндæрты квалификаци фæбæрзонддæр кæнын.

«2020 азы мах рахызтыстæм æмархайды ног этапмæ æмæ сарæзтам æхсæнадæмон зонад-иртасæн лаборатори, цыран æнтыстджынæй реализаци цæуынц иртасæн инициативæтæ.

2020 азы кæрон ХИПУ бахызт уæлдæр ахуырадон уагдæтты консорциум «Большой Кавказ»-ы скондмæ, кæцыйы инициатор уыд ЦКФУ. Æз бузныг дæн, нæ партнерон университеттæ кæй сразы сты уырдæм бахизыныл. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсы бирæ плæнттæ æмæ хæстæ.

Ацы аз мах план кæнæм ХИПУ-йы æххуысæй ауадзын профессорон-ахуыргæнджыты сконды квалификаци фæбæрæзонддæр кæныны курсытæ ахæм дисциплинæтæй куыд: физикæ, математикæ, биологи, истори æмæ æндæр здæхтытæ. Уымæй уæлдай ма план кæнæм уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ сорганизаци кæнын», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма, ЦКФУ-йы ректор банысан кодта, зæгъгæ, 22-24 сентябры ХИПУ-йы бындурыл уагъд æрцæудзæн æхсæнадæмон фæсивæдон форум студенттæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыргæнджыты хайадистæй, кæцытæ бацыдысты «Большой Кавказ»-ы консорциуммæ.

Йæ рады, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, алыгъуызон фæсивæдон форумты хайадист æнгом кæны фæсивæды æмæ гом кæны ног горизонттæ.

«Нæ уæлдæр ахуыргæнæндон уæлдай хъусдард здахы æхсæнадæмон архайдмæ. Ууыл  дзурæг сты Уæрæсейы ахæм зынгæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ куыд Ломоносовы номыл Мæскуыйаг паддзахадон университет, Бауманы номыл Мæскуыйаг паддзахадон техникон университет, адæмы хæлардзинады уæрæсейаг университет, Кутафины номыл юридикон академи æмæ 50 фылдæр университеттимæ цы бадзырдтыл нæ къух кæй æрфыстам, уыдон. Æппæт адонимæ нын ис æнгом   æмархайдтытæ, фæлæ иууыл эффективондæр æмгуыстад ис ЦКФУ-имæ, кæцыимæ бадзырдыл къухтæ æрфыстам 2014 азы», – загъта уый.

Тедеты Вадим ма банысан кодта, зæгъгæ, ХИПУ-йы кусджытæн ис фадат диссертацитæ бахъахъхъæнын Уæрæсейы æмæ Донбассы зынгæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты.

«Мах фæнды ацы архайд ЦКФУ-имæ рæзын кæнын», – загъта уый.

Гаглойты Алан ныфс бавæрдта, æппæт банысангонд плæнттæ æмæ мадзæлттæ реализаци кæй æрцæудзысты.

«Æнтыстытæ уын уæ куысты, кæцы размæ кæны нæ фæсивæды æмæ хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты профессорон-ахуыргæнджыты сконды. Бузныг уын уæ хъусдарды æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ æнтыстджын æмархайды тыххæй. Республикæйы къухдариуæгад цæттæ у æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнын банысангонд плæнттæ реализаци кæныны хъуыддаджы», – загъта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.