Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон городокы фæзуаты хуыцаубоны цытджын уавæрты ард бахордтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæм фӕззыгон ӕрсидты æвзонг æрсиддонтæ.

Цытджын мадзалы хайад райстой нæ Республикæйы хъахъхъæнынады министр инӕлар-майор Марат Павлов, Ӕдасдзинады советы сӕрдар Плиты Анатоли, хъахъхъӕнынады министры хæдивджытæ, æфсæддон управленийы афицертæ æмæ æвзонг æрсиддонты хиуæттæ.

Æвзонг æрсиддонтæ цытджын уавæры ард бахордтой, цæсгомджынæй æмæ намысджынæй кæй æххæст кæндзысты Фыдыбæстæйы раз сæ æвæджиаг хæс. Нæ фидæны фæлтæр сæ царды ног этапыл æрлæугæйæ, æмбарынц, сæ разы егъау хæс кæй ис æмæ æппæтдæр кæй хъæуы саразын, цæмæй бæстæйы кад æмæ ном сæрыстырæй хæссой.

Ардбахæрды бон уыдонæй алкæмæндæр ссис ахсджиаг, сæйраг æмæ райдзаст бон. Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæгæн ардбахæрд, бæстæйы æмæ йæ адæмыл иузæрдиондзинад æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ у ахсджиаг æмæ стыр мидисæй йедзаг ритуал.

Ацы нысаниуӕгджын бон уыдонæн арфӕ ракодта хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов.

«Зынаргъ салдæттӕ, абон сымах Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау ард бахӕрынӕй уӕ царды сарӕзтат ахсджиаг къахдзӕф – систут уӕ Фыдыбӕстӕйы салдаттӕ ӕмӕ стут ӕгас Республикӕ Хуссар Ирыстонӕн стыр ныфс. Ӕфсӕддон ардбахӕрды ныхӕстӕ цы паддзахадон ӕмӕ Гарзджын тыхты тырысаты бын загътат, уыдонӕн хъуамӕ кад кӕнат», – дзырдта министр.

Стыр бузныджы ныхӕстӕ загъта Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн дæр, уымӕн ӕмӕ нӕ салдаттӕн арӕзт ис иттӕг хорз службӕ кæнынæн уавӕртӕ.

Марат Павлов ма бузныджы ныхӕстӕ загъта ӕвзонг ӕрсиддонты ныййарджытӕн, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты кӕй схъомыл кодтой, афтæ ма афицертӕ ӕмӕ сержанттӕн, кӕцытӕ ӕрвылбон кусынц ӕрсиддонтимӕ ӕмӕ сын сӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕвзыгъддзинӕдтӕ ӕнӕвгъауӕй амонынц.

Хъахъхъӕнынады министр банысан кодта ӕвзонг хӕстонты тырнындзинад ӕмӕ ӕнувыддзинад, кӕцытӕ зӕрдиагӕй ӕрӕвнӕлдтой сӕ ӕфсӕддон службӕйы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Марат Павловы цӕст сын бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, ӕфсӕддон дӕсныйӕдтыл ӕмӕ ӕфсӕддон профессийыл фӕхӕст уӕвыны ӕнтыстытӕ ӕмӕ сӕ сӕрмӕ сабыр арвы фӕндиӕгтӕ. Уадз, зӕгъгӕ, ӕнтыстытӕ ӕмӕ фӕрныгад уӕт уӕ хӕдзӕртты, нӕ Фыдыбӕстӕ та кӕдфӕндыдӕр нысан кӕнӕт уӕлахизы хабӕрттӕ.

«Арфӕ уын кӕнын, ӕфсӕддон ард кӕй бахордтат, уый тыххӕй ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты та ног ӕрсидты ӕфсӕддонтӕй кӕй фӕфылдӕр сты, уый фӕдыл», – банысан кодта министр.

Ӕфсӕддон ардбахӕрды церемонийы размæ курсанттæ, æфсæддон хъуыддагыл фæцалх кæныны нысанæн министрады ахуырадон центр «Барс»-ы рацыдысты «Æвзонг хæстоны курс»-ы программæ. Цытджын æфсæддон ардбахæрды фæстæ æрсиддонтæ службæ хæсдзысты Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйтты.

Мадзалы официалон хайы фæстæ ӕрсидтонтӕ цытджын маршӕй рацыдысты ӕфсӕддон плацы. Зæрдылдарæн къамтæ систой городокы территорийыл «Æфсæддон кады» Мемориалон комплексы цырты раз.

Нӕ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.