Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади фембæлд Цæгат-Кавказаг федералон университеты делегацитимæ ректор Дмитрий Беспаловы сæргълæудæй.

Фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг-экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Цæгат-Кавказаг федералон университеты юридикон институты директор Дмитрий Смирнов, Цæгат-Кавказаг федералон университеты (ЦКФУ) информацион политикæйы фæдыл директор Мина Ахвердиева, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса.

Æруынаффæ кодтой Цæгат-Кавказаг федералон университетимæ æмгуыстады фæлгæтты фарстытыл, уыцы нымæцы –  паддзахадон кусджыты, ХИПУ-йы ахуыргæнджыты сконды квалификаци фæбæрзонддæр кæнын, фæсивæды иумæйаг зонад-иртасæн куыстытæ сорганизаци кæнын, фæсивæды кæрæдзимæ ахуыр кæнынмæ æрвитын, кадрон политикæйы рæзтыл.

Хицауады сæргълæууæг раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн æмархайды ахсджиагдзинад.

«Цæгат-Кавказаг федералон университетимæ æмгуыстад фадат дæтты ахуырады, иумæйагæй – республикæйы социалон-экономикон рæзты ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн, уыцы нымæцы –  кадрон потенциалы рæзтæн, æмæ мæ уый тыххæй фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон службæйы фадыджы цæуы реформæтæ, хуыздæр кæны закъондæттæн базæ, æмæ Цæгат-Кавказаг федералон университеты æххуыс ацы фарстытæ скъуыддзаг кæнын  у актуалон æмæ рæстæгыл.

Йæ рады  Дмитрий Беспалов загъта, зæгъгæ, цæттæ сты æмгуыстад адарддæр кæнынмæ, æмæ радзырдта Хицауады сæргълæууæгæн ЦКФУ æмæ ХИПУ-йы иумæйаг архайд куысты банысангонд здæхтыты тыххæй.

«Квалификаци бæрзонддæр кæныны программæ уæрæх кæны, ныр нæм бафтыдысты ахæм здæхтытæ, куыд хими, биологи, арæзтад, энергетикæ, информацион технологитæ. Мах райдыдтам æмгуыстад персоналимæ архайыны фарстытæ, документæр-зылд æмæ æндæртæ организаци кæныны фарстытыл», – загъта Дмитрий Беспалов.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, фидæн аз Цæгат-Кавказаг федералон университет фæнд кæны æхсæнадæмон фæсивæдон форум ауадзын хуссар-ирыстойнаг университеты, зонадон консорциум «Большой Кавказ»-ы хайадистæй, кæцыйы сконды та Цæгат-Кавказаг федералон университетæй дарддæр сты Абхазы паддзахадон университет, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, Сомихстоны Архитектурæ æмæ арæзтады национ университет.

Бекъойты Геннади сразы ис ахæм идеяимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, форумы фæзуатæй ис спайдагæнæн фæсивæдон политикæ, туристон-рекреацион кластеры æмæ æндæрты актуалон фарстытæ æвдисынæн 2022-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон программæйы рæзты фæлгæтты.

Дмитрий Беспаловы фæндмæ гæсгæ Бекъойты Геннади сразы ис фидæны фæсивæдон форумы оргкомитеты сæргъ слæууын æмæ банысан кодта, зæгъгæ, зоны, ахæм мадзæлттæ куыд цæттæ цæуынц, уый.

«Мæхи фæлтæрддзинадæй æз зонын, æхсæнадæ-мон масштабы форумтæ организацийы планы цавæр хæрдзтæ æмæ егъау куыст бакæнын хъæуы, уый», – банысан кодта Хицауады сæргълæууæг.

Фембæлды рæстæджы ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ нын ЦКФУ-имæ ис рагон æмæ хъарм хæларадон ахастытæ.

«Мах активонæй рæзын кæнæм æхсæнадæмон здæхт, ХИПУ къух æрфыста 40 сразыдзинадæй фылдæрыл федералон уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ, æмæ уыдон æнтыстджынæй æххæст цæуынц. Фæлæ нын ЦКФУ-имæ ис уæлдай æнгом æмархайд йæ ныры разамынады фæрцы Дмитрий Беспаловы сæргълæудæй, кæцы ацы аз махмæ æрцыд дыккаг хатт. Уый дзурæг у нæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн максималон эффективон æмархайдыл», – загъта Тедеты Вадим.

Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы иумæйаг плæнтты кæй ис æхсæнадæмон зонад-иртасæн лаборатори æмæ ХИПУ-йы æфсæддон кафедрæ саразын.

Тадтаты Дзамболат, кæцы у ЦКФУ-йы рауагъдон, афтæ ма ХИПУ-йы ахуыргæнæг, йæ фарсæрдыгæй бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнæндæтты къух-дариуæггæнджытæн æнтыстджын æмгуыстад, æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн мадзæлтты хус-сарирыстойнаг студентты активон хайдисты тыххæй.

Банысан кæнын хъæуы, 2014 азы ЦКФУ-йы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ алыгъуызон здæхтыты фæдыл кæй рацыдысты 1300 адæймагæй фылдæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.