Адæймагæн иууыл сæйрагдæр цæрæн хæдзар кæй у, уый хынцы нæ республикæйы разамынад æмæ архайы, цæмæй цæрæнуатæй ифтонг чи не сты, нæ уыцы æмбæстæгтæ бауой сæхи хæдзæртты хицæуттæ, кæнæ та фæхуыздæр кæной сæ цæрæнуатон уавæртæ. Уымæн æвдисæн сты, фæстаг рæстæджы  нæ горæты Хъайтарты æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынгтыл цы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдон.

Ныр та ахæм цыппар бирæуæладзыгон хæдзары арæзт цæуы нæ горæты Ирæтты уынджы кæрон, раздæры Бигæдзаумæтты фабрикæйы бынаты.

Хæдзæртты арæзтадмæ æрывнæлдтой аивгъуыйгæ азы июлы мæйы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ аразджытæ уæдæй абонмæ сæ куыст кæй никуы æрурæдтой. Зымæгон бонты дæр æнцад нæ бадтысты, кодтой демонтаж-гæнæн куыстытæ.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы бынаты советон дуджы сырæзт нæ горæты иууыл егъаудæр сæудæджерадон куыстуат – бигæдзаумæтты фабрикæ. Фæлæ йæ хъысмæт бæллиццаг нæ рауад. Куы айтынг, æххæст хъомысадæй кусын куы райдыдта, уæд дуг фæивта æмæ ныххæлæттаг сты, цы нырыккон ифтонггæрзтæ дзы æвæрд æрцыдысты, уыдон. Стæй æрмæст уыдон нæ – аззадысты ма дзы æрмæст къултæ æмæ уыдон дæр æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты. Зын уыд цæстæн, кæддæры хъомысджын куыстуат ахæм уавæрмæ кæй æрхауд, фæлæ йæ сæндидзын кæнынæн амал нæ уыд. Æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй демонтажгонд æрцæуа æмæ йæ бынаты арæзт æрцæуой цæрæн кор-пустæ. Аразджытæ куыстуаты корпустæй æвзæрстой, аразынæн ма дзы чи сбæззыдаид, ахæм конструкцитæ, иннæ пырхæнты та ластой брондонмæ. Уый фæстæ æрывнæлдтой арæзтадон куыстытæм.

Ныртæккæ ам кусынц 80 адæймаджы. Уыдон кæддæриддæр вæййынц æнæвдæлон. Объекттæй сæ иу фæцис агъуысты бын, сæвæрдтой пластикон рудзгуытæ æмæ æрывнæлдтой мидæггагон куыстытæ æххæст кæнынмæ. Аразджытæй иутæ кæнынц сантехникон куыстытæ, иннæтæ архайынц электротелтæ уадзыныл. Ахæм куыстытæ кæм фæ-вæййынц, уым та дарддæр архайын райдайынц къулсæрдджытæ.

Дыккаг корпусæн та амайынц йæ къултæ, æртыккаг хæдзарæн дæр йæ иу хайæн бындур æвæрд æрцыд æмæ æрывнæлдтой систæ амайынмæ, иннæ корпусæн та цæуынц бындурæвæрæн куыстытæ. Уымæй дарддæр ма зæххы бын цы коммуникацитæ цæуынц – дон, канализаци æмæ газы хæтæлтæ, уыдон дæр арæзт æрцыдысты æмæ сæ рæхджы баиу кæндзысты Лермонтовы уынджы зæххы бын коммуникацитимæ.

Цæрæн хæдзæрттæй фыццаг æмæ дыккаджы ис фæйнæ 5 бахизæны. Цыппæрæм корпусы та ис 4 бахизæны. Арæзтады прораб Черджиаты Барис куыд радзырдта, афтæмæй корпусты ис иу, дыууæ, æртæ æмæ цыппархатæнон фатертæ. Объектты куыстытæ цæуынц гъæдджынæй, хъахъхъæд цæуынц арæзтадон нормативтæ. Æххæст сты арæзтадон æрмæджытæй дæр. Иуты дзы амал кæнынц бынаты, иннæты та ласынц Цæгат Ирыстонæй. Арæзтады прораб куыд зæгъы, афтæмæй хæдзæрттæй дыууæ хъуамæ арæзт фæуой 2022 азы кæронмæ, иннæ дыууæ та – 2023 азы кæронмæ.

«Ис нæм фæлтæрд кусджытæ – сисамайджытæ, кæцытæ сæ фæлтæрддзинад зæрдæбынæй амонынц, æвзонг фæсивæдæй дзы чи кусынц, уыдонæн. Ахæмтæ сты Мæргъиты Эльбрус, Махъоты Хетæг, Годжыцаты Валери, Плиты Егнат. Адон се ‘ппæт дæр архайынц арæзтадон куыстытæ æнæкъуылымпытæй æххæст кæныныл, сæ фезмæлд, сæ архайд цæвиттойнаг у æндæртæн. Ис ахæм æвзонг кусджытæ дæр, кæцытæ уыдысты æвæлтæрд, нæ хатыдысты арæзтадон куыстыты сусæгдзинæдтæ, фæлæ хистæрты фæлтæрддзинадыл цайдагъ кодтой. Ныр зæгъæн ис, кæй систы куысты раззагонтæ. Ахæм æвзонг кусджытæй раппæлыны аккаг сты Беджызаты Чермен, Джиоты Вадим, Зæгъойты Валери. Ацы кæстæртæн йæ зонындзинæдтæ зæрдæбынæй амоны Козаты Мурат æмæ нæ ныфс ис, уыдон фæстæдæр кæй суыдзысты сæ куысты дæснытæ. Æнæуый хъæстаг ницæмæй стæм, куыд ма загътам, къуылымпы-дзинæдтæ нæй нæ куысты, рæстæгыл ифтонг цæуæм арæзтадон æрмæджытæй, кусджытæ дæр рæстæгыл райсынц сæ куыстмызд», – загъта Черджиаты Барис.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй цæрæн комплекс арæзт цæуы Инвестицион программæйы фæлгæтты. Боныгъæдтæ дæр сын сæ къух амонынц, куыстытæ райдайынц сæумæрайсомæй æмæ изæрдалынгтæм ам фехъуысы кусджыты хъæлæба æмæ техникæйы уынæр. Кусджытæн сæ фылдæр сты бынæттон цæрджытæ, ис сæм Цæгат Ирыстонæй æрхонгæ специалисттæ дæр. Прорабы ныхæстæм гæсгæ ам куыст не ‘рнымæг вæййы улæфт бонты дæр. Техникæйæ дæр сты ифтонг. Черджиайы фырты ны-хæстæм гæсгæ кусынц проектон-сметæйон документацимæ  гæсгæ. Объекттæ куы сырæзой, уæд сын схæрзарæзт кæндзысты сæ кæртытæ дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.