Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты бирæ ахсджиаг объекттæ сырæзт нæ республикæйы сæйраг горæт æмæ йæ районты. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр цæрæнуатон фарст нырма актуалон у нæ горæты æмæ районты бирæ цæрджытæн. Уымæн æвдисæн у, нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн рæстæгæй-рæстæгмæ цы химæрайстытæ вæййы, афтæ ма йын хъæууон цæрджытимæ цы фембæлдтытæ вæййы, уым сæйраджыдæр, адæм кæй фæдомынц цæрæнуатон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын.

Уымæ гæсгæ нæ республикæйы разамынад архайы хъæууон цæрджытæн сæ цæрæнуатон проблемæтæ аскъуыддзаг кæ-ныныл, сæ царды уавæртæ сын фæхуыздæр кæныныл.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты æддейæ дæр стыр куыст кæй бачындæуыд цæрджыты хæдзæртты агъуыстытæй чи нал бæззыд, уыдоны раивыныл.

Цæрæнуатон арæзтадыл дзургæйæ, бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуынц нæ республикæйы Знауыр æмæ Дзауы райцентрты дæр. Ацæугæ азы уал Дзауы арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд æртæуæладзыгон хæдзар æмæ фатерты хицæуттæ баисты 18 бинонтæ. Ныр та дзы арæзт цæуы дыууæ æртæуæладзыгон цæрæн корпусы. Уыдоны ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Хæдзæрттæй сæ иуы арæзтадыл кусы арæзтадон фирмæ «ЦСК». Арæзтады фадыджы хистæр Томайты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй объекты ныртæккæ кусы 11 адæймаджы. Уыдон се ‘ппæт дæр сты бынæттон цæрджытæ. Объекты, ныртæккæ, фыццаг æмæ дыккаг уæладзыджы цæуынц монолитон куыстытæ, арæзт æрцæудзысты асинтæ. Æртыккаг уæладзыгæн æвæрд цæуынц колоннæтæ, стæй æрывналдзысты къултæ амайынмæ. Фæлæ уал, уæдмæ кусджытæ сараздзысты фыццаг æмæ дыккаг уæладзыджы гæрæнкъултæ. Томайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй коронавирусы аххосæй сæ куысты графикæй чысыл фæстейæ аззадысты. Фæлæ ныр уавæр рараст, рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæгæй æмæ цалынмæ зымæгон хъызт бонтæ не ‘рбалæууой, уæдмæ хæдзар фæкæндзысты агъуысты бын. Æвæрд æрцæудзысты рудзгуытæ, дуæрттæ. Æмæ зымæгон бонты та æдыхстæй бакæндзысты мидæггагон куыстытæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фатертæ хæрзарæзт канд мидæгæй нæ уыдзысты, фæлæ ма йæ алыварс территори дæр. Уым уыдзæнис сабитæн хъазæн фæзуат, цæрджыты машинæтæн уромæн бынат, улæфæн зонæ. Уыдон се ‘ппæт дæр арæзт æрцæудзысты нырыккон стандарттæм гæсгæ. Томайты Вадим куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз, объекты арæзтадон куыстытæ баконд æрцæудзысты 70 проценты онг, иннæтæ ахиздзысты иннæ азмæ.

Рæзынц ног цæрæн корпустæ

Иу ахæм æртæуæладзыгон хæдзар ма арæзт цæуы уырдæм æввахс. Уым та арæзтадон куыстытæ æххæст кæны арæзтадон фирмæ «Монах». Йæ генералон директор Зæгъойты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй уыдонæн дæр сæ куысты коронавирусы аххосæй уыд къуылымпыдзинæдтæ. Ныр сæ уавæр бирæ фæхуыздæр, рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæджытæй, финансгонд цæуынц рæстæгыл. Объекты иууыл иумæ кусы 18 адæймаджы. Уыдонæй 7 адæймаджы сты бынæттон цæрджытæ æмæ дзы фондз специалисты та æркодтой хонгæ. Зæгъойты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй уыдон дæр, цалынмæ уазæлттæ нæ райдыдтой, уæдмæ хъуамæ объект арæзт æмæ агъуысты бын фæуа. Зымæгон та бакæндзысты мидæггагон куыстытæ. Фидæн аз та, уалдзæджы, æрывналдзысты кæрты хæрзарæзтадон куыстытæм.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.