Популярон шоу «Голос. Дети»-йы æрдæгфиналист Дзебойты Георги рауагъта йæ фыццаг солон трек «Бесконечность», зæгъгæ. Зарæгмæ байхъусæн ис æппæт музыкалон платформæты. «Ацы куысты равдыстон мæ хъуыдытæ, кæцытимæ мæ фæндыд базонгæ кæнын зарæгмæ хъусджыты. Æвдыст дзы æрцыд музыкæмæ уарзондзинад, хæлардзинад, афтæ ма æндæр тæлмæнтæ дæр. Уырны мæ, алкæйы зæрдæмæ дæр кæй фæцæудзæн мæ зарæг, æмæ мæ ныхæсты кæй ссардзæн, йæ зæрдæмæ æввахс кæй айса, ахæм æнкъарæнтæ», – загъта æвзонг артист. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, йæ фыццаг зарæгыл куыста бирæ рæстæджы дæргъы. Фæндыд æй цахæмдæр æнæординарон æмæ бæрæг хъуыды чи хæссы, ахæм зарæг сæххæст кæнын æмæ йæ къухы бафтыд.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Дзебойты Георги хайад кæй иста Уæрæсейы телеуынынады фыццаг каналы популярон проект «Голос. Дети»-йы æстæм сезоны. Æвзонг æххæстгæнæг бацыд уæлæмхас этапы æрдæгфиналмæ, цыран Егор Криды командæйы тох кодта телеуынынады алæвæрды финалмæ ахизыныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.