Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг службæйы кусджытæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæнтæ халыны тыххæй арæх æруромынц гуырдзиаг æмбæстæгты. Фæлæ ныртæккæ та ахæм хъуыддаджы фæдыл  æрурæдтой Америкæйы штат Цæгат Каролинæйы æмбæстаг Джексон Пол Крамеры.

Уый Гуырдзыстонмæ æрцыд 14 августы. Кавказы сæйраг хохрагъыл фистæгæй ахизыны нысанæн Азербайджаны арæнтæй райдайгæйæ хъуамæ ахызтаид Абхазы донбылгæронмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл. Афтæмæй америкæйаг бæлццон фехæлдта Паддзахадон арæнты фæтк, æмæ урæд æрцыд Дзауы районы Уæллаг Ерманы хъæумæ хæстæг.

Америкæйаг æмбæстаджы ныхæстæм гæсгæ ацы маршрутыл уый ацыд, уымæн æмæ йæ рагæй цымыдис кодтой Кавказы хæхтæ æмæ кавказаг адæмты культурæ.

Журналисттимæ фембæлды рæстæджы Джексон дзырдта, зæгъгæ, Кавказы хæхтæ тынг рæсугъд сты æмæ йæ сæхимæ æлвасынц. Уый ма цымыдис кæны историмæ дæр, фæлæ цæмæдæр гæсгæ нæ зыдта ирæттæ æмæ Хуссар Ирыстоны уæвынады тыххæй.

«Æз мæ балцы рæстæджы мæ хъус дардтон географион картæмæ, фæлæ уым æвдыст нæ уыд Хуссар Ирыстон. Æмæ уымæ гæсгæ ныртæккæ дæн ам. Мæ балц хъуамæ акодтаин Гуырдзыстоныл Сау денджызмæ. Уæрæсейаг Арæнхъахъхъæнджытæ мæ кæм æрурæдтой, уый цы бынат у, уый дæр нæ зонын. Уый тыххæй æз стыр хатыр ку-рын, абоны онг кæй нæ зыдтон Хуссар Ирыстоны тыххæй», – дзырдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уый ныр фылдæр цымыдис кæндзæн ирæтты тыххæй фылдæр æмæ хуыздæр базонынмæ – сæ культурæ æмæ традицитæ. Ацы бæлццонæн уый фыццаг ахæм балц нæу. Америкæйы дæр цыд балцыты, иууыл даргъдæр балц ын уыд америкæйаг штат Мексикæйæ суанг Канадæмæ, йæ дæрдзæг уыд 2600 милы.

Джексон Пол Крамер ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ балцы цæуынæй уый фæнды бафидар кæнын, цас сты йæ хъарутæ æмæ тыхтæ. Æз, зæгъгæ, уарзын балцы цæуын, мæ фыд дæр мæ баразæнгард кодта мæ идейæтæ среализаци кæнынмæ.

«Æнæуый æз балцы ацæуын мæ уды æнцойдзинадæн, уымæн æмæ уарзын алы бæстæтæм цæуын», – дзырдта уый.

Америкæйаг æмбæстаджы ныхæстæм гæсгæ уымæн йæ маршрут кæронмæ бакæныны фадат нал ис, уымæн æмæ фæстæмæ Америкæмæ хъуамæ атæха 14 сентябры. Ахæм уавæры баха-уыны æнхъæл нæ уыд, науæд ын чизоны æмæ бантыстаид йæ балц бакæронмæ кæнын. Æнæуый та, зæгъгæ, æз райгонд дæн хъысмæтæй, афтæ кæй рауад хъуыддаг, æмæ кæй базыдта Хуссар Ирыстоны тыххæй.

«Мæнæн уый стыр урок у, æмæ ма мын фадат куы фæуа, уæд дзы спайда кæндзынæн æмæ æрыздæхдзæн Хуссар Ирыстонмæ. Рагон истори цы бæстæйæн ис, уырдæм æрыздæхын æмæ бабæрæг кæныны фæндондзинад ис мæнмæ æмæ æнæмæнгдæр æрыздæхдзæн», – дзырдта уый.

Информацион фæрæзты ми-нæвæртты фарстæн, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстоны уæвынады тыххæй нæ зыдтай, уæд цæмæй зоныс, æмæ йын рагон истори ис? – уый загъта: «Цалынмæ ам уыдтæн, уæдмæ мæм радтой чиныг, æмæ базонгæ дæн Ирыстон æмæ ирон адæмы историимæ. Фадат мын фæцис музей бабæрæг кæнынæн дæр».

Джексон ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæм ис хорз ахаст. Йæ райгуырæн бæстæйы йæм æнхъæлмæ кæсынц йæ фыд, йæ хо æмæ йе ‘фсымæр.

«Уыдон æй нæ зоныц, ныртæккæ æз Хуссар Ирыстоны кæй дæн. Семæ мын бастдзинад нæй», – загъта уый.

Куыд дзырдта, уымæ гæсгæ дыууæ азы нæ федта йæ хиуæтты, уымæн æмæ уым дæр коронавирусы тыххæй конд ис арæнгонд мадзæлттæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фæстæмæ ныздæхгæйæ йын уыцы фадат фæуыдзæн.

Джексон ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы уавæрæй уый хорз тæлмæнтæ райста, Хуссар Ирыстонимæ æмæ ирон адæмимæ базонгæ ис. Ирон адæм, зæгъгæ, сты тых-джын адæм æмæ сæ фæнды хæдбар æмæ сæрибарæй цæрын.

Джексон Пол Крамер конд æрцыд административон бæрндзинадмæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнты фæдыл закъондæттынадмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд гуырдзиаг фарсмæ.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты хъусынгæнинагмæ гæсгæ АИШ-ы æмбæстаг Хуссар Ирыстонимæ паддзахадон арæнтæ кæй фехæлдта æмæ урæд кæй æрцыд, уый комкоммæ хауы йæ бæстæ æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ. Уымæн æмæ уыдон æрмæст разы не сты Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад кæй нæу ууыл, фæлæ ма Гуырдзыстонмæ туристон балцы нысанæн чи æрцæуы, уыдонæй æмбæх-сынц РХИ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн Паддзахадон арæнтæ кæй ис, уыцы информаци.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Æдасдзинады комитет зæрдыл лæууын кæны, Гуырдзыстоны цы дипломатон мисситæ æмæ дунеон организацитæ кусы, уыдоны минæвæрттæн, паддзахадон арæнтæ æнæзакъонæй чи халы, уыдоны ныхмæ ист кæй цæудзæн уголовон хъуыддæгтæ суанг дыууæ азы ахæстоны фæбадыны онг.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.