2020-2022 азтæн Инвестпрограммæмæ цы объекттæ хаст æрцыдысты, уыдонæй дыууæ бирæфатерон хæдзары арæзтадмæ ныридæгæн æрæвнæлдтой Дзауы районы дæр. Тагъд рæстæджы Дзауы районы скъола-интернаты бæстыхайы фарсмæ арæзт æрцæудзысты дыууæ 18-фатерон цæрæн корпусы. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады. «Уый размæ куыд аскъуыддзаг кодтам, уымæ гæсгæ ацы дыууæ корпусæн бынат æвзæрст æрцыдис, скъола-интернаты территорийыл цы сæрибар фæзуат ис, уыцы ран. Фæндагмæ у æввахс æмæ райцентрмæ дæр бирæ дæрддзæф нал у», – банысан кодтой министрады.

Уыдон ма нын куыд загътой, уымæ гæсгæ ацы дыууæ ног хæдзарæн сæ проекттæ сты цæттæ, ныридæгæн цæуынц экспертизæ æмæ, кæд боныгъæд фадат радта, уæд мæйы кæрон æрæвналдзысты бындуронæй арæзтадон куыстытæм.

«Цæрæнуатон проблемæ Дзауы районы уæддæр æмæ уæддæр лæууы фыццаг бынаты. Уымæн æмæ 30 азы дæргъы социалон хæдзæртты арæзтад районы нæ цыдис. Районы бирæ æвæрæз бинонтæ абоны бон дæр æнхъæлмæ кæсынц сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ хицауады æххуысæй. Уымæн æмæ дзы бирæтæн 1991 азы зæххæнкъуысты рæстæджы ныппырх сты сæ хæдзæрттæ æмæ сын абоны онг дæр аккаг уавæртæ нæй цæрынæн», – банысан кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

Ацы дыууæ корпусы арæзтад цасдæрбæрцæй аскъуыддзаг кæндзæнис ацы проблемæ Дзауы районы. Куыд ма зонæм, афтæмæй ивгъуыд азы Дзауы поселочы арæзт æрцыд 18-фатерон корпус, кæцыйæн æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцыдис 65 милуан сомы бæрц. Ацы æртæуæладзыгон хæдзар ныридæгæн у цæттæ ног цæрджыты йæхимæ райсынмæ. Фатертæ сты уæрæх, дыууæхатæнонтæ æмæ дзы ис æппæт уавæртæ дæр цæрынæн. Йæ кæрт дæр у хæрзарæзт æмæ хæрзæфснайд, ис дзы сывæллæттæн хъазæн фæзуат дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй Ног азы агъоммæ хъуамæ цæрджытæ бацардаиккой сæ хæ-дзæртты, фæлæ дзы æрцæрынæн цы документаци хъæуы саразын, уыцы процедурæ адаргъ ис. Æмæ нын уæлдæрбанысангонд министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ ацы цæрæн хæдзар æвæрд æрцæудзæнис Дзауы районы администрацийы балансыл.

«Бирæ нал банхъæлмæ кæсын кæндзыстæм ног корпусы цæрджыты, цæмæй балидзой сæ ног фатертæм. Куыддæр документаци бæстонгонд æрцæуа æмæ нæ балансмæ хаст æрцæуой, афтæ 18 бинонтæн байуардзыстæм, бирæ рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы фатертæ», – загъта Джиоты Андрей.

Ивгъуыд аз районы администрацийы цæ-рæнуатон къамис бакодта стыр куыст æмæ азы кæронмæ сфидар кодта, хæдзæрттæ кæмæ æмбæлынц, уыдоны номхыгъд. Бæрæг куыд у, афтæмæй ахæм бинонты нымæц у сæдæйæ фылдæры бæрц. Бирæтæ дзы рады слæууыдысты зæххæнкъуысты фæстæ æмæ къамис рахицæн кодта фыццаг рады иууыл тыхстдæр бинонты номхыгъд.

Куыд ма зонæм, афтæмæй Знауыры районы дæр арæзт цæудзысты социалон хæдзæрттæ. Уым дæр ныридæгæн æрæвналдзысты дыууæ корпусы арæзтадмæ, кæцытæ уыдзысты Дзауы районы ног хæдзæртты æнгæс.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты ма адарддæр кæндзысты горæт Цхинвалы социалон хæдзæртты арæзтад дæр. Проектмæ гæсгæ дзы арæзт æрцæудзæнис æхсæз 75-фатерон корпусы. Сæ иу уыдонæй арæзт æрцæудзæнис нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон, дыууæ та – Харебаты Исахъы уынджы 32 æмæ 36-æм аварион хæдзæртты бынаты. Уыдоны арæзтадмæ æрæвналдзысты ацы аз. 2022 азмæ ма иу цæрæн корпус арæзт æрцæудзæнис Гуыбаты æфсымæрты уынджы æмæ дыууæ ахæм корпусы та ноджы нæ горæты Ирæтты уынджы кæрон.

2020-2022 азты хъуамæ арæзт æрцæуой дæс муниципалон бирæфатерон корпусы, кæцытæн æхцайы фæрæзтæ рахицæнгонд æрцыдис иу миллиард æмæ 500 милуан сомы бæрц.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.