Адæймагæн сæйраг у хæдзар. Æнæ хæдзар адæймаг базырсаст маргъæй уæлдай нæу. 1991 азы стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн та Дзауы районы цæрджытæй бирæтæ баззадысты æнæхæдзарæй, бирæтæн сæ хæдзæртты къултæ ныффæстытæ сты æмæ сæ цæрынæн нал уыд æмбæлон уавæртæ. Ацы хъуыддаг бахынцыдта нæ республикæйы разамынад æмæ Дзауы райцентры 2020 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт æрцыд 18-фатерон хæдзар æмæ 18 хæдзары бинонтæ ифтонг æрцыдысты фатертæй. Фæлæ уæддæр, æмæ уæддæр, цæрæнуатон фарст актуалон кæй сты районы бирæ цæрджытæн, уымæн æвдисæн у районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андреймæ цы бирæнымæц куырдиæттæ лæвæрд цæуынц, кæцыты фæдомынц сæ цæрæнуатон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты æддейæ дæр  стыр куыст кæй бачындæуыд, районы цæрджыты хæдзæртты æмбæрзтытæй чи нал бæззыд, уыдоны раивыныл. Ам ма ноджыдæр арæзт цæуы дыууæ æртæуæладзыгон цæрæн корпусы. Уыдоны ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Хæдзæрттæй сæ иуы арæзтадыл кусы арæзтадон фирмæ «Монах». Арæзтадон объекты хистæр Зæгъойты Валери куыд зæгъы, афтæмæй дзы кусы 15 адæймаджы. Ныртæккæ уыдон архайынц объекты сæр æмбæрзыныл. Йæ фылдæр хай æмбæрзт æрцыд. Иннæ хай дæр афонмæ фæуыдаид, фæлæ сæ тынг бахъыгдардтой къæвдатæ. Сæрст æрцыдысты фатерты къултæ, бауагътой сæм электроны хахх, арæзт æрцыд хъæрмадон системæ. Кусæгдыхæй сты ифтонг. Ам кусджытæй иутæ кусынц фатерты гæрæнтæ амайыныл, иннæтæ сæрдынц къултæ, хицæн бригадæйæ кусынц электриктæ æмæ сантехниктæ. Афтæ кæрæдзийы ивынц æмæ дзы куыст никуы æрнымæг вæййы. Рудзгуытæ дæр æвæрд æрцыдысты. Арæзтадон æрмæджытæй сты æххæст. Цæмæй фатерты полтæ хъармдæр æмæ фидардæр арæзт æрцæуой, уый тыххæй уал сыл фыццаг сæвæрдзысты пенопласт, стæй йыл айтындздзысты æфсæйнаг хыз æмæ йæ уый фæстæ сбетон æмæ слæгъз кæндзысты. Иудзырдæй, бацæттæ сæ кæндзысты ламинат сæвæрынмæ.

Иннæ æртæуæладзыгон хæдзар дæр арæзт цæуы йæ фарсмæ. Уый та аразы арæзтадон фирмæ «ЦСК». Арæзтады фадыджы хистæр Томайты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ ацы объекты кусы 17 адæймаджы. Ам дæр бригадæтæ ивынц кæрæдзи. Кусджытæ бакодтой къулсæрдæн куыстытæ, ауагътой электрохæххытæ, сарæзтой сантехникæ, аразынц фатерты гæрæнтæ. Ацы объекты куыстытæ, коронавирусы аххосæй, графикæй чысыл фæстæдæр аззадысты, фæлæ ныр уавæр рараст, рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæгæй æмæ, Томайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй сæ кæд боныгъæдтæ бауадзой, уæд ацы бонты кæронмæ бамбæрздзысты хæдзары агъуыст, сæвæрдзысты рудзгуытæ. Уый фæстæ æдыхстæй бакæндзысты мидæггагон куыстытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фатертæ хæрзарæзт æрцæудзысты канд ми-дæгæй нæ, фæлæ ма  –  æддейæ дæр.

Объектты кæрт дæр æрцæудзæнис хæрзарæзт. Уым сабитæн уыдзæнис хъазæн фæзуат, улæфæн зонæ. Уыдон арæзт æрцæудзысты нырыккон стандарттæм гæсгæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.