Сæрды райдианы ихуард æмæ тыхдымгæ разиан кодтой Цхинвал æмæ Дзауы районты хъæутæн. Ацы хъуыддаджы фæдыл уæд бакуыстой нæ бæстæйы Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, стæй администрациты къухдариуæгадты уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыдис номхыгъд, иууыл тынгдæр кæй хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдонæн рахицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ. Дзауы районы Рукъы хъæуы хæдзæртты æмбæрзтытæ ивынц ныртæккæ дæр. Ацы ран куыст куыд цæуы æмæ дзы куысты уæлхъус чи лæууы, уый тыххæй нын радзырдта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

«Тыхдымгæ куы уыдис, уæд дзы нæ район дæр æвыдæй нæ аирвæзт. Райцентры, Хуыцъейы хъæуы æмæ Рукъы дымгæ ныппырх кодта уæлхæдзæрттæ æмæ уæд уайтагъд æрæвнæлдтам се ‘мбæрзынмæ.Уæллаг Рукъы ныртæккæ цы дыууæуæладзыгон корпусты уæлхæдзæрттæ ивæм, уыдон сагъуыстой 2010 азы. Хорз, фидар арæзт кæй не ‘рцыдысты, уый фæбæрæг уымæй дæр, æмæ митуарды фæстæ уайтагъд миты уæзæй æрхуыссыдысты. Афтæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, кодтой тæдзгæ дæр. Сæрды ацы тыхдымгæ куы сыстад, уæд уæлхæдзæртты бынтондæр систа æмæ сæ аппæрста 300 метры дæрддзæгæн. Æнæуый уыцы ран ис цыппар корпусы, фæлæ дзы цæрджытæ æрмæстдæр ис сæ иуы. Корпусы ис æртæ цæрæджы æмæ сын хъуыдис баххуыс кæнын.

Тыхдымгæйы фæстæ дыккаг бон Президент Бибылты Анатоли ауагъта кусæгон æмбырд æмæ бахæс кодта, цæмæй цыдæриддæр пырх æрцыдис, уыдон иууылдæр сæндидзын кæнæм. Хисæрмагонд хæдзæрттæн та уыцы хъуыддаджы фæдыл рахицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ æмæ сæ уæлхæдзæртты æмбæрзтытæ сцалцæг кодтой сæхæдæг», – загъта Джиоты Андрей.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Уæллаг Рукъы цæрæн корпустæ лæууынц администрацийы балансыл æмæ сын Республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй бахæсгонд æрцыдис, цæмæй сæ райадминистраци сараза йæхæдæг. Ныридæгæн дæр дзы кусынц Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æмæ рæхджы фæуыдзысты сæ куыст. Джиоты Андрейы ныхæстæм гæсгæ арæзтадон бригадæ цæсгомджын куыст кæны æмæ ныфс æвæрынц, фидар арæзт кæй цæуынц уæлхæдзæрттæ, уымæй.«Кæд уыцы корпустæй сæ иуы ничи цæры, уæддæр Президент загъта, цæмæй уæлхæдзар æмбæрзт æрцæуа.Рукъы æдзух къæвдатæ кæй уары, уымæ гæсгæ сæ куыст афæстиат ис æмæ ныридæгæн бавнæлдтой дыккаг корпусмæ æмæ ацы къуырийы кæрон хъуамæ фæуой уый дæр», – зæгъы администрацийы сæрдар.

Рукъы хъæуы нуазыны донæй ифтонг кæныны фарст уыд проблемон. Афтæмæй та дзы абухы хорз суадæттæ. Ам цæрджытæ цыбыркъух кæй сты, уымæ гæсгæ сæм фæкаст районы администрацийы къухдариуæгад нуазыны дон рауадзыны фæдыл. «Рукъы сæрмæ хорз суадон кæй цæуы, уый тыххæй нын сæхæдæг загътой хъæуы цæрджытæ. Уыдонæн проблемон уыдис нуазыны дон, цæрæнбонты хъуаг æййæфтой æмæ сын æруагътам дон. Дон кæм рауагътам, уыцы хæтæлты дæргъ у 2150 метры бæрц. Уым ма бынаты сарæзтам бассейн, бам-бæрзтам ын йæ сæр дæр æмæ дзы ныр раздæрау алыгъуызон бырæттæ нал хаудзæнис. Дон уадзыны куыстытæ фестæм къуырийы размæ æмæ йыл цæрджытæ сæмбæлдысты стыр цины æнкъа-рæнтимæ, кæдæй-уæдæй, зæгъгæ, дон федтам. Ныр æй цæрджытæ сæхæдæг уадзынц сæ хæдзæрттæм. Махæн дæр тынг æхсызгон у, ахæм хорз хъуыддаг кæй сарæзтам рукъæгтæн, уый», – зæгъы Джиоты Андрей.

Дзауы администрацийы сæрдар ма нын куыд радзырдта, афтæмæй районы культурæйы хæдзары кусджытæ ссæрибар кодтой, бирæ азты дæргъы цы зæронд вагæтты фæкуыстой, уыдоны. Ракодтой сæ, сывæллæтты рæвдауæндон фыццаг цы финнаг хæдзары уæвынад кодта, уыцы бæстыхаймæ æмæ ныртæккæ сæ куыст дарддæр кæнынц уым. Ацы хъæдын хæдзары дæр уæлхæдзар хъуыдис бацалцæг кæнын, къæвдабонты дзы тæдзгæ кæй кодта, уый тыххæй. Уымæн развæлгъау рахи-цæнгонд æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ æмæ уæлхæдзары æмбæрзт æнæхъæнæй ивд æрцыдис. Райцентры киноконцертон залы куыст цæудзæнис хъармгæнæн системæ саразыны тыххæй. Хъармгæнæн системæ кусдзæнис электроны рухсæй. Ацы куыстытæ арæзт цæуынц районы бюджеты хардзæй.

Дзауы поселочы æртæуæладзыгон хæдзары арæзтад куыд цæуы, уымæ дæр æппынæдзух йæ хъус дары районы администрацийы сæрдар Джиоты Андрей. Уый куыд загъта, афтæмæй уыцы арæзтадон объекты, ныридæгæн фыццаг уæладзыджы монтажгæнæн куыстытæ фесты. «Ам дæр кусджыты куыстæй зæрдæ райы. Сæ куыст афтæ хорз æххæст кæнынц æмæ сæм æппындæр фау æрхæссæн ницæмæй ис. Ардæм уадзынц æрдзон газ дæр, æрдæгыл сты сæ куыстытæ. Къахæн куыстытæ дзы куы цыдис, уæд хæлд æрцыдысты тротуартæ æмæ уыдоны дæр ногæй хъуамæ саразой Дзауы поселокæй суанг ногарæзт корпусы онг. Арæзтадыл кусы фирмæ «Шанс» æмæ сæ къухда-риуæгады бын сты, куыд бынæттон цæрджыты кусæг бригадæ, афтæ æддейæ æрцæуджытæ дæр», – зæгъы Джиоты Андрей.

Ацы фæззæгмæ ма арæзт хъуамæ æрцæуа Дзауы скъолайæн спортивон зал, кæцы арæзт цæуы скъолайы фарсмæ. «Спортивон залы арæзт цæуынц хинайæнтæ æмæ туалеттæ. Уыдзæнис дзы хи-цæнæй тренертæн бынат. Афтæ ма йæ сæрмæ ара-зынц тренажерон зал, цæмæй скъолайæн æддейæ фæсивæдæн сæ бон бацæуын уа тренировкæтæм. Спортивон залæн йæ дæргъ у 38 метры бæрц. Ам сывæллæттæн сæ бон уыдзæнис хъазын куыд минифутболæй, афтæ баскетбол æмæ волейболæй дæр. Спортивон залы арæзтадæн хицæнгонд æрцыдис 23 милуан сомы бæрц. Ныридæгæн ацы арæзтадон объектæн арæзт æрцыдис йæ бындур æмæ йыл дарддæр архайынц. Ам дæр кусджытæй хъæуы раппæлын, баййафын сæ сæ куысты уæлхъус. Объект хъуамæ арæзт фæуа ноябры кæрæттæм», – банысан кодта администрацийы сæрдар.

Цхуырбаты Ларисӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.