Зынаргъ коллегæтæ! Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ нæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Банысан кæнын хъæуы, ацы бонмæ журналистон корпус афтид къухæй кæй не ‘рбацыд. Æхсызгон уый у, æмæ Республикæйы журналистон æхсæнад азæй-азмæ кæй рæзы, фыццаджы уал уый хауы гъæд æмæ профессионализммæ. Нæ хæдбаруæвынады азты рæстæджы сырæзт дыууæ журналистон фæлтæры. Ногдзинæдтæ йедзаг кæнынц медийон палитрæ, ахуыр цæуынц ног технологитæ, арфдæр æмæ мидисджындæрæй цæуынц журналистты бакуыстгонд æрмæджытæ. Æмæ ам банысан кæнын хъæуы ХИПУ-йы нысаниуæг, цыран цалдæр азы дæргъы цæттæ кæнынц профессионалон журналисттæ. Дзыллон-информацион фæрæзты кусджыты куыст хъæуæг кæй у, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ кæй рæзы газеткæсджыты æмæ телекæсджыты аудитори, газеттæ æмæ телеалæвæрдтæм кæй кæсынц æнæрхъæцæй. Æмæ уый, алкæуылдæр серьезон бæрндзинад æфтауы ныффысгæ ныхас, алкæцы загъд фразæйы тыххæй. Медийон фадыджы куыстмæ лæмбынæгдæр хъус дарынц æмæ аргъ кæнынц Республикæйы къухдариуæгад. Бирæ журналисттæ æмæ дзыллон информацион фæрæзты æндæр кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй, хæссынц кады нæмттæ, сты иууыл престижон конкурсты лауреаттæ. Æппæт адæттæ нын фадат дæттынц фидæнмæ ныфсджынæй кæсынæн, журналистты дарддæры профессионалон рæзт, сæ дæсныдзинад фæхуыздæр кæнын, уымæн арæнтæ нæй.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, æнтыстытæ, сабырад æмæ фæрныгад уæ хæдзæртты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы сæрдар

ХАРЕБАТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.