Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло фæстæмæ здахы, республикæйы фæллæйттæй уæй чи ‘рцыд æмæ хицæн адæймæгты къухмæ чи бахауд, уыцы исбонад.  Ныр та æвæстиатæй бадомдта Цæгат Кавказы кинохроникæйы студи фæстæмæ раздахын.

Ацы дыууæуæладзыгон культурæйы артдзæст Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы кæддæр сæрбæрзондæй фæлгæсыд, йæ ном æгас цæдисыл нæрыд, цард дзы цæджджинагау æхсыст. Арæзт æрцыд 1945 азы. Систой дзы дæсгай аивадон æмæ документалон кинотæ, уагътой сæхи журнал, арæзт дзы цыд алыхуызон культурон мадзæлттæ. Фæлæ та ууыл дæр 90-æм  азты иннæты бон акодта. Бирæ рæстæг æнæхицауæй  æдзæллагмæ æрцыд, йæ кусджытæй йын йæ хъысмæтыл зæрдæйæ чи рыст, уыдон ма дзы æнæ мыздæй дзæвгар рæстæг фæкуыстой, стæй йæ бынтондæр сæхгæдтой. Æцæг, æхгæд дуæрттæ нæ баурæдтой сæрæнты. Цыдæриддæр дзы зæрдæзæгъгæ уыд, уыдон давд æрцыдысты. Цæгат  Кавказы Кинематографистты цæдисы раздæры сæрдар, рухсыбадинаг Гулуты Вячеслав ма йæ удæй арт фæцагъта, письмотæ фервыста алырдæм, цæмæй студи бахъахъхъæной, фæлæ йын дзы ницы рауад. Æмæ уæд ахæм рæстæджы куыд вæййы, афтæ чидæр фæцырд æмæ йæ къапеччытыл йæ рæбынмæ æрбайста.

Сергей Меняйло куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм уынаффæ рахаста федералон хицауады руаджы. Уырдыгæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй киностуди  хъуамæ скуса раздæрау æмæ йæм йæ кад раздæха.

Ныртæккæ республикæйы исбонады министрад цæттæ кæны хъæугæ документтæ йæ фæллой фæстæмæ райсыны тыххæй. Культурæйы министр Къубалты Эльбрусæн та фæдзæхст æрцыд киностуди скусын кæныны тыххæй рагацау культурон программæ бацæттæ кæнын.

Уымæй уæлдай ма республикæйы разамонæг карзæй бадомдта, Дзæуджыхъæуы центры чи ис, Некрасов æмæ  Миллеры уынгты тигътыл, уыцы культурон объекты хъысмæт равзарын. Уыцы бæстыхай арæзт æрцыд 1910 азы æмæ дзы арæзт цыд алыхуызон культурæйы мадзæлттæ. Советон рæстæджы хаст æрцыд культурæйы цыртдзæвæнты номхыгъдмæ. Ныр  цыдæр аххосæгтæм гæсгæ  уыцы номхыгъдæй хаст æрцыд. Уымæн æмæ йын афтæмæй æлхæнæн нæ уыд.

Сергей Меняйло бафæдзæхста цыбыр рæстæгмæ бæстыхайы хъысмæт сбæрæг кæнын æмæ йын йæ хицауы ссарын. Куыд загъта, афтæмæй уый дæр тагъд рæстæджы республикæйы исбонадмæ æрбаздæхдзæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.