Бынтон æнæнхъæлæджы базонгæ дæн ацы курдиатджын ирон чызджы сфæлдыстадимæ. Мæ хæлар, зындгонд ирон нывгæнæг Сабанты Степан мæ фæхуыдта Мæскуыйы ЦДХ-йы (Центральный Дом Художника) нывгæнджытæн цы стыр равдыст уыдис, уырдæм. Цалдæр стыр залы бацахстой Хуссар Уæрæсейы нывгæнджыты куыстытæ. Бирæ фæзылдыстæм уыцы галуаны залты æмæ къуымты. Федтам сæдæгай нывгæнджыты куыстытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ дзы уыдис хорз куыстытæ. Фæлæ дзы уыдис ахæм куыстытæ дæр, авангардизмы тæфаг  кæм уыд, зæрдæ кæй нæ иста. 

– Бакæс-ма, – иу рæстæджы мын мæ къухыл ахæцыд Степан, – фен ма не ‘мзæххоны нывтæ! Уæртæ нæм сæ автор дæр рацæуы! Нæ цурмæ æрбацыд рæсугъд, æрыгон сылгоймаг.  Æмæ нæ базонгæ кодта Сабанты Степан.

Афтæ базонгæ дæн не ‘мзæххон Челæхсаты Тея æмæ йæ диссаджы сфæлдыстадимæ.  Дæнцæгæн æрхæсдзынæн, цахæм аргъ кæнынц Теяйы сфæлдыстадæн аивадуарзджытæ.

Мæскуыйы ирæтты æхсæнады раздæры разамонджытæй сæ иу, зындгонд дохтыр, поэт æмæ композитор Торчынты Амырхан афтæ зæгъы Челæхсаты Теяйы сфæлдыстады тыххæй:

«Ирыстон хъуамæ райгонд уа, ахæм курдиатджын нывгæнæг нæм кæй фæзындис, уый тыххæй.  Йæ конд нывтæн кæд сæ фæлыст, сæ сюжеттæ «хуымæтæг» зы-нынц, уæддæр сты тынг зæрдæмæдзæугæ æмæ химæлвас – цымыдисаг уый у, æмæ сæм чи фæкæсы, уый йæ мидбылты æнæмæнг бахуды. Уый та дзурæг у стыр курдиатыл! Мæ зæрдæ йын зæгъы царды бирæ хорздзинæдтæ æмæ стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ!»

Сабанты Степан мын йæхæдæг та афтæ загъта:

«Челæхсаты Тея нырма æрыгон нывгæнæг у, фæлæ йæ куыстытæ æвдисæн сты, уый ныридæгæн стыр мастер кæй у, уымæн. Цыфæнды дæр дзурæнт æмæ фыссæнт критиктæ æмæ аивадиртасджытæ – Тея ссардта йæ бынат аивады, йæ куыстытæ, йæ нывтæ адæмы æмæ коллекционерты зæрдæмæ цæуынц æмæ йын сæ æлхæнынц зæрдиагæй».

Мæнмæ уæлдай цымыдисаг фæкаст, Челæхсаты чызджы сфæлдыстады тых-хæй зындгонд гуырдзиаг нывгæнæг Омар Чхеидзе цы загъта, уый:

«Рассматривая работы, написанные талантливой Келехсаевой Теей, легко угадывается, что их автор солнечный, доброжелательный и порядочный человек. К счастью, я знаком с нею и она на самом деле является таким человеком!».

Цæгат Ирыстоны иудадзыгон минæварады пресс-службæйы кусæг Тменаты Зæринæ:

«Мæ зæрдæмæ тынг цæуы Теяйы сфæлдыстад. Теяйы нывтæй мæм ракæсы хур, йæ ахорæнтæ сты хъæздыг æмæ сæм куы фæкæсын, уæд мæ зæрдæйыуаг фæхуыздæр вæййы. Йæ алы нывæй дæр мæм зыны нæ ирон колорит».

Ацы курдиатджын чызг Тея Къахеты райгуырдис, Ахметайы районы ирон хъæу Пичхуаны.  Йæ фыд Георги куыста инженерæй арæзтæдты. Уый хорз æмбæрста ахуыры ахсджиагдзинад, æмæ йæ сывæллæты, æнæкъуылымпыйæ, ахуыры фæн-дагыл æфтыдта. Скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнгæйæ райдыдта Тея нывтæ кæнын йæ тетрады, кæд-иу æм ахуыргæнджытæ хæцыдысты, ма ныв кæн, зæгъгæ, уæддæр. Чысыл Теяйы тырнындзинад ныв кæнынмæ бафиппайдта йæ ахуыргæнæг. Уый бацыд Теяйы ныййарджытæм æмæ сын загъта, сæ чызгмæ кæй ис нывгæнæджы курдиат æмæ цæмæй ма фесæфа уыцы тырнындзинад, уый тыххæй йæ кæй хъæуы фылдæр ахуыр кæнын. Ныййарджытæ рахастой уынаффæ æмæ Теяйы барвыстой Ахметайы сывæллæтты нывгæнæн скъоламæ. Æрвылбон дæр уый, йе скъолайы урокты фæстæ, автобусыл цыд Ахметамæ, нывгæнæн скъоламæ. Афтæ Тея уыцы скъолайы фæахуыр кодта æртæ азы.

Уыцы рæстæджы, 1991 азы, стыр ивындзинæдтæ æрцыд нæ бæстæйы. Гуырдзыстоны разамонджытæ ахæцыдысты Советон Цæдисæй «сæрибар» цардмæ, ирæтты райдыдтой æфхæрын, æрмæст Хуссар Ирыстоны цæрджыты нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны иннæ районты чи цардис, уыдоны дæр. Æмæ уæд Георги дæр йæ бинонтимæ ралыгъдис Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардис Заманхъулы хъæуы. Ацы хъæуы скъола каст фæцис курдиатджын нывгæнæг Челæхсаты Тея. Дарддæр ахуыр кæнынмæ кæдæм бацæуа, уый рабæрæг, йæ куыстытæ йæ зындгонд æрвад, нывгæнæг Челæхсаты Магрезæн куы фенын кодта, уæд.

– Æнæмæнг хъуамæ бацæуай Дзæуджыхъæуы университеты аивæдты факультетмæ, – фидарæй «алыг кодта» зындгонд нывгæнæг. Цæмæй хъæууон чызг мацæмæй фæтыхса, уый тыххæй Теяйы Магрез нæ ауагъта йæ хæдзарæй, нæ дæр фатер сисынмæ, нæ дæр – студентты æмдзæрæндонмæ. Афтæ цалдæр азы Тея йæ ахуырмæ цыдис Магрезы хæдзарæй, бирæтæ йæ Магрезы чызг дæр æнхъæлдтой.

Зæрдæргъæвд студенткæ хорз ахуыр кодта, йæ зæрдæмæ æввахс иста, йæ ахуыргæнæг, профессор Бедойты Шалва æмæ йын иннæ ахуыргæнджытæ-нывгæнджытæ цы сусæгдзинæдтæ амыдтой, уыдон иууылдæр. Ацы факультетæй алы хатт дæр рацæуы æцæг патриоттæ, йæ бæстæйы, йæ Иры кадæн йæ тыхтæ æмæ йæ хъарутæ чи нæ æвгъау кæны, ахæмтæ.

Университеты йæ ахуыр кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд бамбæрста, сæ курсы цы курдиатджын лæппу – Тедеты Дмитри ахуыр кодта, уыйимæ сын кæй ис бирæ иумæйаг хъуыдытæ, бæлиццтæ. Сыгъдæг уарзондзинады æнкъарæнтæ сæ æркодтой нæртон ирон чындзæхсæвмæ – Дмитри æмæ Тея систы иу бинонтæ. Курдиатджын нывгæнджытæн райгуырдис æмæ рæзы диссаджы фырт Арсен

Иу-цалдæр азы размæ Мæскуйы ЦДХ-йы равдысты рæстæджы, Тея æмæ  Дмитрийы куыстытæ феныны фæстæ авторты æрцагуырдта иу фæсарæйнаг лæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд Бельгийы уырыссаг культурæйы хæдзары директор Александр Лапушинский.

Уый Дмитри æмæ Теяйы фæхуыдта Бельгимæ сæ конд нывтæн сын  равдыст бакæнынмæ.  Ам мингай адæймæгтæ федтой нæ курдиатджын æмзæххонты мидисджын куыстытæ. Уырдыгæй сæ фæхуыдтой Германмæ. Стыр аивады галуаны сын сарæзтой равдыст, сарæзтой сын хорз уавæртæ. Тынг æнтыстджынæй ахицæн ацы равдыст дæр. Æрвылбон дæр равдыстмæ цыд бирæ адæм.

«Уæ зæрдæмæ цæмæй цæуынц мæ куыстытæ?- афтæ-иу куы афарста Тея немыцæгты, уæд-иу ын  загътой:

«Ацы нывтæ мах цардæй райстай!».

Тея æмæ Дмитрийæн Бельги, Герман æмæ Люксембурджы цы равдыстытæ уыд, уыдоны фæрцы бирæ европæйæгтæ базонгæ сты не ‘мзæххонты сфæлдыстадимæ. Бирæ фæсарæйнаг бæстæты цæрджытæ балхæдтой Тея æмæ Дмитрийы куыстытæ. Уæрæсейы дæр бирæ коллекционертæм сты Теяйы конд нывтæ. Италиаг ресторанты цæг саразæг, зындгонд амалиуæггæнæг Петр Шедровицкий йæ ресторанты къултыл кæны æрмæстдæр Челæхсаты Теяйы конд нывтæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы  фæдзуры Тея,- æз сæрыстыр дæн, мæ куыстытæ мын Америкæйы Иугонд Штаттæ, Бельги, Герман, Голланди, Франц, Ног Зеланди, Англис, Итали, Хуссар Корейæ æмæ æндæр бæстæты музейтæ æмæ коллекционертæ кæй æлхæнынц, уымæй. Фæлæ мын иуæй-иу хатт афтæ зын вæййы, мæ куыстытæ мын фæсарæнтæм куы аласынц уæд æмæ мæ цæстысыг нал фæуромын».

Челæхсиан у æцæг патриот, йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмы тынг чи уарзы, ахæм æрыгон сылгоймаг. Фылдæр рæстæг Мæскуйы цæргæйæ дæр уый тынг лæмбынæг дары йæ хъус, куыд цæрынц йæ ирон адæм Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны районты ма чи баззад, уыцы ирæттæ. Ирыстонæй алы хорз хабар фехъусгæйæ дæр фæцин кæны. Сæрыстырæй уымæн фæдзуры, «Æз ИРОН нывгæнæг дæн!»,  – зæгъгæ.

Тея мæ нæ бамбæхста йæ хъуыдытæ йе сфæлдыстад, йæ фидæны тыххæй:

«Мæ уарзон, мæ иузæххон адæмыл ацы фæстаг заманты уыйбæрц бæллæхтæ æрцыдис, ахæм зын уавæрты бахаудысты æмæ цæмæй сæ зæрдæтæм фылдæр рухс бацæуа, уый тыххæй хъæуы æввæллайгæйæ кусын алы ироны дæр. Цы уыдзæн фидæны, куыд аивдзæнис мæ куыст, ме сфæлдыстад, уый æз нæ зонын. Ацы рæстæджы мæ мæгуыр адæмæн мæн фæнды ныффыссын æрмæстдæр ахæм нывтæ, хур сæм кæмæй кæса. Куыд уыныс, афтæмæй æз иу ныв дæр не скодтон хæсты тыххæй. Мæ нывтæм кæсгæйæ адæй-маг хъуамæ йæ мидбылты бахуда, хъуамæ дзы ферох уа хæст,  йæ уæззау царды уавæр. Уымæй хуыздæр амонд мæн ныры рæстæджы нæ хъæуы. Уадз æмæ мæ адæмæн сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ байгас уой! Уый тыххæй æз кусдзынæн, мæ бон куыд у, афтæ!».

Зынаргъ газеткæсæг, зынаргъ æмзæххон! Мæскуыйы уæвгæйæ-иу ма фæзивæг кæн, æмæ-иу бацу ЦДХ-мæ, фен-иу ирон бинонтæ Тедеты Дмитри æмæ Челæхсаты Теяйы диссаджы нывтæ! Цыма дзы алы нывæй дæр хур кæсы, цыма дæ рагон зонгæйыл фембæлдтæ, афтæ дæм фæкæсдзæн.

ХУЫБЕЦТЫ Олег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.