Знон Уæрæсейы Уæлдæфон-десантон æфсады сырæзтыл 91 азы сæххæсты цытæн нæ горæты Хъайтарты Аллейы Æнусон Арты раз уагъд æрцыд бæрæгбонон мадзал. Официалонæй ацы æфсады бон нысан цæуы 2 августы. Уыцы бон Хъайтарты Аллейы традицимæ гæсгæ æрæмбырд сты алы азты Уæлдæфон-десантон æфсады чи службæ кодта, нæ бæстæйы уыцы æмбæстæгтæ, Рязаны Æфсæддон-десантон ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ æмæ курсанттæ.

Республикæйы десантон æфсады службæгæнджытæн арфæ кæнынмæ æрбацыд Президент Бибылты Анатоли. Ацы бæрæгбон уымæн йæ зæрдæмæ æввахсдæр у æмæ дзы сæрыстыр у, уымæн æмæ йæхæдæг дæр уæлдæр ахуырад райста Рязаны уæлдæр Æфсæддон-десантон гвардион командон ахуыргæнæндоны.

Бæстæйы сæргълæууæг бузныг загъта, Уæлдæфон-десантон æфсады рæнхъыты чи службæ кодта, уыцы ветерантæн. Банысан кодта, уыдон кæй сты хорз дæнцæг рæзгæ фæлтæрæн, уымæн æмæ, уым службæгæнгæйæ, уыдон мысинаг фæд ныууагътой, куыд ирон хæстонтæ, афтæ.

«Уæлдæфон – десантон æфсады ветерантæ æмæ Рязаны десантон ахуыргæнæндоны курсанттæн æз зæрдиаг арфæ кæнын, ацы æфсадыл 91 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

КАРЗ, ФÆЛÆ ÆНÆФÆЦУДГÆ ÆФСЫМÆРДЗИНАДЫ СКЪОЛА

91 азы цы æфсымæрдзинад нымадæуы Уæлдæфон-десантон æфсадæн, уый дарддæр дæр хъомысджындæр кæндзыстæм. Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыр-гæнæндоны æвзонг рауагъдон афицертæ æмæ курсанттæ намысджынæй дарддæр хæсдзысты, ветерантæ цы кадджын традицитæ ныууагътой, уыдон.

Бæстæйы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, ныры æвзонг фæлтæр сæрыстыр кæй сты, десантон карз скъола чи рацыд, уыдонæй. Сæрыстыр сты, Афганистаны зæххыл чи службæ кодта, Уæлдæфон-десантон æфсады дæлхæйтты чи службæ кодта, цыранæй цыдысты Арфæйы фыстæджытæ, цыран цыдысты хорзæхджын, цыран мах æвзонг лæппутæй систæм нæлгоймæгтæ. Ныфс бавæрдта, десантон æфсымæрдзинад кæй уыдзæн æнæфæцудгæ æмæ  уыцы хæларадон ахастытæ кæй дарддæр кæндзысты Уæрæсе, Беларусси æмæ уыцы æфсымæрдзинадыл æнувыд æндæр бæстæтимæ.

«Ныфс мæ ис, æмæ сымах дарддæр дæр кæй араздзыстут æппæт дæр, цæмæй кадджын уа ирон хæстоны ном, уæлдæфон-десантон æфсады ном. Арфæгонд ут, æмæ алы хатт дæр ирон тых, хъару æмæ десантон ныфс æвидигæ уæд», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

КАРЗ, ФÆЛÆ ÆНÆФÆЦУДГÆ ÆФСЫМÆРДЗИНАДЫ СКЪОЛА

Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæфон-десантон æфсады къухдариуæгады номæй «базырджын æфсады» сырæзтыл 90 азы сæххæсты цытæн майдантæй бæстæйы сæргълæууæг схорзæхджын кодта ацы æфсады ветеранты иу къорд æмæ ныры æвзонг службæгæнæджы.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, десантон æфсады службæгæнæг кæм фæнды ма куса, уæддæр уый службæ хæссы йæ адæмы хæрзæбонæн, паддзахадæн, уæлдæфон-десантон æфсадæн – «размæ æмæ æрмæстдæр размæ», -зæгъгæ.

Мадзалы хайадисджытæ Бибылты Анатолийы сæргълæудæй дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Æнусан арты раз æмæ зæрдылдарынæн систой къам.

Мадзалы фæстæ йæ хайадисджытæ бæрæгбоны цытæн Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй сорганизаци кодтой традицион автозгъорд Хуссар Ирыстон æмæ Уæлдæфон – десантон æфсады тырысатимæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.