Æфсадæн, авиаци æмæ флотæн æххуысы  Уæрæсейы Федерацийы бархионты æхсæнады  сæрдар Александр Колмаков арфæйы фыстæг æрæрвыста Президент Бибылты Анатолимæ Уæлдæфон-десантон æфсæдты боны цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Арфæ дын кæнын Уæлдæфон-десантон æфсæдты боны цытæн!

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы «Базырджын гварди» намысджынæй тох кодта  фашистты ныхмæ, Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс æххæст кодта Афганистаны, Цæгат Кавказы æмæ бирæ æндæр гарзджын конфликтты æмæ фидауынгæнæг операциты.

Абон уæлдæфон-десантон æфсад  эффективонæй пайда кæны нырыккон хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон техникæйæ, æххæст кæны сæрмагонд хæслæвæрдтæ иууыл экстремалондæр уавæрты, фидар удыхъæд, ардбахæрдмæ æмæ Фыдыбæстæмæ иузæрдиондзинад æвдисгæйæ.

Ацы бæрæгбоны дæуæн æмæ де ‘ввахс адæймæгтæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад, сабырад æмæ хæрзиуæг!».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.