Фæстаг азты зæххы къорийыл уыйбæрц алыгъуызон æрдзон катаклизмæтæ æрцыдис æмæ ахуыргæндтæн сæ бон бæстонæй нæу бамбарын кæнын, цæмæн афтæ у, иумийагæй нæ планетæйы климат цæмæн ивы. Кæцыдæр бынæтты адæм æнтæфæй тыхсынц, кæмдæрты тæрккъæвдатæй æмæ донивылдтæй, сарæх ма сты тыхдымгæтæ дæр. Æмæ ма куы ницы знаггад кæниккой, уæд ма йын ницы у, фæлæ дзы алы хатт дæр æрцæуы бирæ уды зиæнттæ. Ныридæгæн дæр Уæрæсейы цалдæр регионы донивылдтыты, зынгсирвæзтыты фæстиуæгæн фæтыхстысты мингай адæймæгтæ. Уымæй размæ та Европæйы континентыл тæрккъæвдаты фæстиуæгæн дæттæ раивылдысты æмæ бабын кодтой сæдæгай адæймæгты, бирæтæ та дзы фæкодтой æбæрæг сæфт.

Экологтæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй азæй-азмæ зæххы атмосферæйы температурæ кæны хъармдæр æмæ уый фæстиуæгæн тайынц цъититæ, бæрзонд кæны дунейы океаны æмвæзад, æмæ ацы сæвзæргæ уавæр иумийагæй æндавы æрдзон системæйыл, – кæцыдæр бынæтты фæфылдæр сты, иннæ рæтты та фæкъаддæр сты къæвдатæ, тыхдымгæтæ вæййы арæхдæр, бирæ рæтты та хус рæстæг ахæссы мæйгæйтты. Æрмæст Уæрæсейы территорийыл 1990 азæй фæстæмæ æрдзон катастрофæтæ фæфылдæр сты цыппар хатты æмæ азæй-азмæ ноджы фылдæр кæнынц 6-7 проценты бæрц. Æмæ æппæт ацы ивындзинæдтæм йæ хайбавæрд бахаста адæймаг. Уымæн æмæ æрдзон ресурстыл æнæауæрдгæйæ адæм сæхицæн аразынц хорз цардуагон уавæртæ, æнæвгъауæй судзынц  дурæвзалы, нефть, æрдзон газ æмæ атмосферæмæ калынц бирæ парникон газ, кæцы ахъаз у иумийаг температурæ фылдæр кæнынæн.

Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ нæ планетæйыл цæуы астæуккаг нымадæй 4 æмæ æрдæг миллиард азы æмæ уæдæй абоны онг бирæ хæттыты баййæфта уазал æмæ æнтæф рæстæджытæ. Уыцы процестæн ахъаз уыдысты, Зæхх куыд ивта йæ орбитæ Хуры алыварс зилыны рæстæджы æмæ ма вулканты срæмыгъдтæ. Стæм хæттыты ма нæ планетæйыл æмбæлдысты космикон буарадтæ æмæ-иу уыдон дæр цыдæр рæстæгмæ фæивтой климат. Фæлæ æрдзон ивындзинæдтæ сындæггай ахæм хуызы цæуынц, æмæ сæ адæймаджы бон æдæрсгæйæ рахатын нæу, уымæн æмæ йæ цæрыны рæстæг хæрз чысыл у уыцы процесстæм абаргæйæ.

Нæ атмосферæйы æвзалытуаг газ куы фæфылдæр вæййы нормæйæ, уæд райдайынц тæвд рæстæджытæ, æмæ куы фæкъаддæр вæййы, уæд та – уазал рæстæ-джытæ. Иртасæн куыстытæ бакæныны фæстиуæгæн бæлвырд у, фæстаг хатт ма тынг бæрзонд кæд уыд æвзалытуаг газ атмосферæйы. Уыцы рæстæг уыд 5 милуан азы размæ æмæ иумиагæй сисгæйæ атмосферæйы температурæ абонмæ абаргæйæ уыд 2-3 градусы бæрзонддæр. Фæлæ уыцы чысыл ивындзинад дæр тынг фæзынд боныгъæдтыл, æгæрыстæмæй, Зæххыл нал базад иу цъити дæр уæды рæстæджы. Ахæм сывзæргæ уавæрæн ахъаз фесты вулкантæ, кæцытæ уыцы иу рæстæджы срæмыгътой æмæ атмосферæмæ скалдтой бирæ æвзалытуаг газ. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ та зæхх йæхæдæг йæ «хъæдгæмттæ» бадзæбæх кодта æмæ сындæггай алцыдæр нормæмæ æрæздæхт.

Ахуыргæндтæ иртасæн куыстытæ ауагътой цъититæй анализтæ сисыны руаджы æмæ сбæрæг кодтой, фæстаг мин азы кардиналонæй кæй никуы аивта боныгъæд. Фæлæ 20-æм æнусы атмосферæйы температурæ æвиппайды бæрзонд кæнын райдыдта, бæлвырддæрæй та 1980 азæй фæстæмæ. Афтæмæй та специалистты бæлвырдгæ-нæнтæм гæсгæ, фæстаг 2 мин азы Зæхх ис ахæм орбитæйыл Хурмæ абаргæйæ, æмæ нæм ныридæгæн хъуамæ уæвынад кæнид æрдзон уазал рæстæг. Фæлæ уыцы сатæг рæстæг мах нæ хатæм парникон эффекты фæстиуæгæн.

Ахæм темптæй куы фылдæр кæна зæххы атмосферæйы температурæ, уæд æввахс нымадмæ гæсгæ 50 азы æмгъуыдмæ 3 миллиард адæймаджы бæрц бахаудзысты ахæм зонæтæм, кæцы бынæтты цæрынæн уавæртæ нал уыдзæн. 2070-æм азты Персы бакæлæны цы бæстæтæ ис, уыцы территоритыл температурæ схиздзæнис 74-77 градусмæ. Ахæм уавæрты ма цæрыны фадат уыдзæн, æрмæстдæр, стыр горæтты кондиционерты фæрцы, æмæ адæм та уынгмæ хиздзысты, æрмæстдæр, æхсæвыгæтты. Хуссар æмæ Цæгат Америкæйы, Индийы, Африкæйы, Австралийы цæгат хайы æмæ Азий хурыскæсæн хайы æмæ æндæр рæтты сыдзæрæг уыдзысты егъау территоритæ. Цæрæгойтæн æмæ зайæгойтæн сæ 40 проценты бæрц скуынæг уыдзысты æмæ ныллæудзысты æххормаг рæстæджытæ. Уымæй уæлдай ма нал фаг кæндзæнис нуазыны дон дæр æмæ ныридæгæн къæвдатæ арæх кæм нæ уары, уымыты та ноджы фæкъаддæр уыдзысты. Бæлвырдæй, нуазыны доны цухдзинад ныридæгæн дæр бирæтæ æййафынц.

Климаты ивындзинæдтæ ма æрхæсдзысты ноджы алыгъуызон низтæ – сарæх уыдзысты эпидемитæ. Нуазыны доны дефицит æмæ æххормагдзинад расайдзысты конфликттæ бæстæты хсæн æмæ тугкалæн хæстыты куынæг кæндзысты адæм.

Уымæй уæлдай ма ног тенденцийы фæстиуæгæн тайын райдыдтой цъититæ, кæцытæ сындæггай бæрзонд кæнынц дунейон океаны æмвæзад. Дзæвгар территоритæ Уæрæсейы, Америкæйы, Стыр Британийы, Италийы, Германийы, Данийы, Бельгийы, Иракы, Тайланды, Вьетнамы æмæ æндæр бæстæты фæуыдзысты доны бын. Уæлдай зиан æрхæсдзæнис Голландийæн, Бангладешæн æмæ чысыл сакъадахон паддзахадтæн, куыд Багамтæ æмæ Мальдиватæ.

Бæрзонд температурæйы фæстиуæгæн доны сысынад фылдæр кæны куыд сурзæххыл, афтæ денджызты дæр, стæй ма фæтыхджын вæййынц дымгæтæ дæр. Уый фæстиуæгæн цыдæр бынæтты къæвда йæ уарынæй нал фенцайы, иннæ рæтты та æртах дæр нал фæхауы. 19 æнусмæ абаргæйæ тæрккъæвдатæ фæфылдæр сты 20 проценты бæрц æмæ афтæмæй та æнæдон бынæтты территори кæны фылдæр. Уый та ууыл дзурæг у æмæ мигътæ æгæр тынг кæй байдзаг вæййынц уымæлдзинадæй æмæ сæ дымгæйы бон кæй нæ вæййы дард ранмæ ахæссын.

Ныры ситуаци цыдæр уавæрты пайда дæр хæссы. Зæгъæм, Арктикæйы ихтæ батайыны фæстиуæгæн байгом цæгаттаг денджызон фæндаг æмæ ма æнцондæр кусæн сты цæгатварс нефть æмæ газы гуырæнуæттæ. Стæй ма цæрæнуæттæ хъарм кæныныл дæр къаддæр хардз кæнынц адæм ресурстæ. Уымæй уæлдай ма Хурныгуылæн Сыбыры æмæ Уралы ихæй сæрибар кæнынц бирæ территоритæ æмæ уыцы быдырты гæнæн ис байтауын алыгъуызон хойраджы культурæтæ æмæ халсæрттæ. Ууыл фесты глобалон хъармдзинады хæрзиуæгтæ.

Лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд бамбарæн ис, дзыллæтæ кæй лæууынц дунейон катастрофæйы тæккæ былгæрон. Æмæ йæ бæллæх та уый мидæг ис æмæ нæ бон нæу исты фæивын, нæдæр нæ фæндгæ кæны, уымæн æмæ нæ алкæй дæр хъæуы комфортон цард, – никæй фæнды, цæмæй истæмæй фæцух уа. Уыцы хиуарзондзинад нæ ныридæгæн æркодта ахæм мæгуырау уавæрмæ – фылдæр кæнынц катаклизмæтæ, эпидемитæ, тугкалæн хæстытæ. Фæлæ нæм уæддæр ницы хъары, – раздæрау парахатæй пайда кæнæм æрдзон хъæздыгдзинæдтæй, активонæй æндавæм экосистемæйыл, кæрæдзимæ топпы цæстæй кæсæм, байдзаг кодтам нæ алыварс алыгъуызон бронæй, чъизи кæнæм дæттæ æмæ афтæ дарддæр. Ахæм ситуаци, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ нæ ахæсдзæнис – æрдз йæхæдæг йæхи ссыгъдæг кæндзæнис иннæ хæттытау æмæ та Зæххыл цард ногæй райхæлдзæнис. Фæлæ ма фидæны экосистемæйы адæмыхатт уæвынад кæндзысты, уый бæрæг нæу.

 

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.