2 августы Воронежы бын Мæскуыйаг æфсæддон зылды ахуырты рæстæджы фыццаг хатт парашюттæй ратахтысты 12 адæймаджы скондæй десантон дæлхæйттæ, тактикон хæстæ æххæст кæныны нысанæн. Раздæры Советон Цæдисы территорийыл ацы æфсад хайад исынц æппæт гарзджын хъаугъатæ æрбæстон кæныны хъуыддаджы. Ацы æфсады службæгæнджытæн æнæивгæйæ баззад сæ тых, ныфсхастдзинад, адæмыл æнувыддзинад æмæ цæрынц ахæм принципмæ гæсгæ – «Никто кроме нас!».

Уæлдæфон-десантон æфсады бон у архайæг æмæ фæсауæрцы æфсæддон службæгæнджыты профессионалон бæрæгбон æмæ традицион æгъдауæй нысан цæуы Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты.

Ацы æфсады сæйраг хæстæ сты – ныхмæлæууæджы уæлдæфы ахсын æмæ хъомысджын æхсæнгæрзтæ зæххыл куынæг кæнын, резервтæ райтынг кæнын ма бауадзын, хицæн здæхтыты районты бахъахъхъæнын, ныхмæлæууæгæн йæ уæлдæфон десанты бабырсгæ къордты скуынæг кæнын æмæ æндæр вазыгджын хæстæ æххæст кæнын.

Куыд рæзт нæ бæстæйы десантон æфсады ветеранты организаци

Нæ республикæйы территорийыл Уæлдæфон-десантон æфсады ветеранты  æхсæнадон организацийы уæнгтæ æмбырд кæнын райдыдтой 2017 азæй, уый фæстæ 2019 азы организаци æрцыд регистраци. Йе сконды ис 60 адæймагæй фылдæр. Хисæрмагонд агъуыст  сын нæй, уымæ гæсгæ йæ уæнгтæ уазæгдон «Алан»-ы йæ уæнгтæ æххуырст хатæны æмбырд кæнынц æппынæдзух æмæ бæстон æвзарынц сæ фарстытæ.

Æхсæнадон организацийы сæргълæууæг Джиоты Азимы ныхæстæм гæсгæ æрвыл аз дæр æрæмбырд вæййынц бæрæгбоны агъоммæ æмæ æруынаффæ кæнынц бæрæгбонон мадзæлтты пъланыл. Традицимæ гæсгæ уыцы бон уæлдæфондесантон æфсады вете-рантæ æрымысынц сæ æдзард æмслужбæгæнджыты, мысынæн сæвæрынц дидинджытæ Хъайтарты Аллейы Æнусон арты раз, горæты уагъд æрцæуы бæрæгбонон автозгъорд æмæ афтæ дарддæр.

Бæрæгбонмæ æрхонынц десантон æф-сады службæгæнджытæй Цæгат Ирыстоны чи цæры ныртæккæ, уыдоны, æмæ Республикæйы районты цæрæг ветеранты, уыцы нымæцы горæт Рязаны армийы инæлар Васили Маргеловы номыл гвардион Уæлдæр æфсæддон – десантон командон ахуыргæнæндоны курсантты.

«Æнæуый не ‘мбырдты рæстæджы фарстаты ‘хсæн ис, зæгъæм, организацийы уæнгтæй кæмæндæр йе ‘нæниздзинад йæ уагыл нæу æмæ хъæуы йæ фарсмæ балæууын, иннæмæн хъæуы йæ уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн материалон æххуыс бакæ-нын. Уый фæстæ сæ бахæссæм бæстæйы хицауады размæ», – банысан кодта органи-зацийы сæргълæууæг.

Иумиагæй сисгæйæ ацы организаци архайы йæ уæнгты бафыстытæй, уыдонæй та лæггад кæнынц тыхст уавæры чи вæййы, организацийы ветерантæн. Цæвиттон, коронавирусы пандемийы рæстæджы организацийы уæнгтæй бирæтæн хæлцадон продуктты хуызы баххуыс кодтой.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ десантон æфсады ветерантæ активон хайад истой, нæ бæстæмæ знаг дæргъвæтин рæстæджы бырсынмæ куы хъавыд, уыцы рæстæджы æмæ йын аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой.

Уынаффæ кодтой бæрæгбонон мадзæлттыл

Организацийы сæргълæууæг Джиоты Азим æмæ организацийы уæнгты баййæфтам æмбырдæй, уынаффæ кодтой бæрæгбонон мадзæлтты пълæнттыл. Ныхасы рæстæджы æхсызгонæй мысыдысты сæ æвзонджы бон-ты десантон æфсады службæйы рæстæджы-тæ, фыццаг хатт парашюты руаджы хæдтæ-хæгæй куыд тахтысты, æмæ æндæр цымыдисон цаутæ.

«Парашюты руаджы тæхыны хъуыддаджы сæйраг у инструкторы куыст. Уый лæмбынæг хъуамæ бацамона службæгæнæгæн йæ сусæгдзинæдтæ. Парашют тыхт æрцæуы цыппар этапæй. Æмæ уыдон куыд æмбæлы, афтæ æххæст куы æрцæуой, уæд адæймаг ныфсджын у, уымæн æмæ уæд уымæн æнæрайхæлгæ нæй», – дзырдта организацийы уæнгтæй сæ иу Шауердаты Реуаз.

Ис ахæм цаутæ дæр, æмæ парашют уæлдæфы нæ райхæлы. Уый сæйраг аххоссаг бамбарын кæныны тыххæй та десантон æфсады ветерантæ афтæ радзырдтой, зæгъгæ, парашют бирæ рæстæг æмбырд куы уа, уæд æй спайда кæныны агъоммæ хъуамæ райхалай æмæ йæ лæмбынæг басгарай. Парашют кæй руаджы байгом вæййы, уый у сæрмагонд тросс. Бæрæг рæстæджы дзы пайда куы нæ æрцæуа, уæд ууыл гæнæн ис æмæ схæца згæ æмæ йæ байгом кæнын фæзын уа. Сæ практикæйы сæмбæлдысты ахæм цаутыл дæр.

Десантон æфсады службæгæнджытæ сты ныфсхаст æмæ алыварсонæй цæттæ лæппутæ. Уыдон сты фидар психикæйы хицау, уымæн æмæ алкæмæн йæ тыхы нæй æмæ бæрзонд бынатæй парашюты руаджы ратæха.

Ацы æфсады службæгæнджытæ æндæр æфсæддонтæй хицæн кæнынц. Уыдон принципиалонæй бæрнон ахаст дарынц кæрæдзимæ, сæ хæстон хæлæрттæм.

Базырджын фразæ «Братство десанта не имеет границ». Уыцы арæнтæ цæлхдур не сты хуссарирыстойнаг десантон æфсады раздæры службæгæнджытæн дæр. Кæд сын нырма бынтон уæрæх фадæттæ нæй Уæрæсейы регионты æнгæс организациты минæвæрттимæ æмгуыст кæнынæн, уæддæр сын пъланмæ хаст бирæ бæстонкæнинаг хъуыддæгтæ ис.

Арфæтæ

Организацийы сæргълæууæджы зæрдæ зæгъы æрмæст Хуссар Ирыстоны ветерантæн нæ, фæлæ ма ацы æфсады чи службæ кæны, уыдонæн бирæ æнæниздзинад, царды хæрзтæ, æмæ сæйраг – кæддæриддæр сæ парашюттæ гом куыд кæной, Ирыстоны хæрзтæй хайджын куыд уой. Уыцы бон ма нысан цæуы Ильяйы бон дæр. Уый у десантон æфсады уæларвон аудæг зæд, æмæ сæ бафæдзæхста уымæй дæр.

КЪÆБУЛТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.