Уæлдæфон-десантон æфсады службæгæнджытæ 2-æм августы банысан кодтой сæ профессионалон бæрæгбон. Ацы бон банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр.

Бæрæгбонон мадзалы хайад райстой уæлдæфон-десантон æфсады службæйы ветерантæ æмæ сæ æвзонг фæдонтæ. РХИ-йы президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Пухаты Эрик æмæ республикæйы раздæры президент Бибылты Анатоли.

Æфсады ацы элитон дæлхæйтты чи службæ кодта, уыдо-нæй алчидæр сæрыстыр у цы  æрвгъуыз береттæ æмæ телняшкæтæ дардтой, æмæ цы рæстæг службæ кодтой, уыцы æфсады рæнхъыты, уымæй.

Стыр аргъ цæуы хуссарирыстойнаг къурсанттæн.

Бибылты Анатоли арфæ ракодта ветерантæн, уыдон, зæгъгæ, махæн уыдысты хорз дæнцæг. Уыдон руаджы махæн тырнындзинад уыд Уæлдæфон-десантон æфсады рæнхъыты службæ кæнынмæ. Стыр бузныджы ныхæстæ ма загъта æвзонг фæлтæрæн, уымæн æмæ уыдон равзæрстой десантон афицеры зын хъысмæт æмæ ахуыр кæнынц ныртæккæ Рязаны уæлдæр æфсæддон-десантон ахуыргæнæндоны.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ уый æрæджы уыд ацы ахуыргæнæндоны хуссарирыстойнаг къурсантты юбилеон рауагъдон мадзалы. Уым, зæгъгæ, Рязаны ахуыргæнæндоны командæкæнынад бæрзонд аргъ кæны ахуыры æмæ дисциплинæйы хъуыддаджы хуссарирыстойнаг къурсанттæн. Уый махæн тынг æхсызгон у.

Банысан ма кодта, ныртæккæ десантон æфсады службæгæнджытæ сæ хæстон хæс æнтыстджынæй кæй æххæст кæнынц Украинæйы территорийыл. Йæ зæрдæ загъта, цæмæй ацы æфсæддон операци æввахс рæстæджы кæронмæ конд æрцæуа, æмæ ма ноджы иу бон – фашизм æмæ неонацизмыл фæуæлахизыл нысан кæндзыстæм.

Ахсджиаг сты десантон æфсымæрдзинады принциптæ.

Хуссар Ирыстоны десантон æфсады ветеранты организацийы сæргълæууæг Джиоты Азим арфæ ракодта йе ‘мслужбæгæнджытæн, æвзонг скондæн. Æрсидт мадзалы хайадисджытæм, цæмæй хæст уой десантон æфсымæрдзинады принциптыл.

Уый фæстæ десантон æфсады службæгæнджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Æнусон арты раз. Зæрдылдарынæн систой къамтæ æмæ æххæст кодтой, уæлдæфон-десантон æфсады официалон гимн чи нæма ссис, уыцы зындгонд зарæг «Синева». Горæты ма сарæзтой бæрæгбонон автозгъорд дæр.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир нын куыд радзырдта, афтæмæй нæ бæстæйы уæлдæфон-десантон æфсады бирæ æмбæстæгтæ службæ кодта. Уыдонæй бирæтæ хъахъхъæдтой бæстæйы сæрибардзинад, бирæтæ та ныртæккæ архайынц йæ рæзт æмæ размæцыдыл.

Хъахъхъæнынады министрады хаххыл æрвылаз дæр Хуссар Ирыстонæй къурсанттæ æрвыст цæуынц Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, уыцы нымæцы уæлдæфон-десантон æфсады элитон дæлхаймæ, уырдыгæй æрæздæхынц цæттæ афицертæй.

«Хуссар Ирыстонæй десантон æфсады чи баслужбæ кодта, уыдонæй бирæтæ Гуырдзыстоны агрессийы райдианæй фæстæмæ хъахъхъæдтой нæ адæм æмæ бæстæйы æдасдзинад. Уыдонæй бирæтæ цы фæндвидардзинад æмæ ныфсхастдзинад æвдыстой, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй.

Æвзонг фæлтæрæн ис, патриотизм æмæ хъæбатырдзинады цæвиттонтæ кæмæй исой, ахæм фæдонтæ. Уыдон се ‘ппæт дæр сты нæ республикæйæн аккаг æмбæстæгтæ, стыр хайбавæрд бахастой бæстæйы рæзт æмæ размæцыды хъуыддагмæ», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Хъахъхъæнынады министрады хисæрмагонд сконды номæй бæрæгбоны цытæн «æрвгъуыз береттæ» чи хæссы, уыдонæн арфæ ракодта Пухаты Владимир, загъта сын нæ бæстæйы сæрвæлтау хæрзиуæгон хъуыддæгтæ æмæ фидар æнæниздзинады фæндиæгтæ.

Мысыдысты сæ службæйы азтæ.

Мадзалы официалон хайы размæ сæ службæйы азтæ мысыдысты десантон æфсады ветерантæ æмæ æвзонг лæппутæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ ацы æфсады службæгæнджытæ сæрыстыр сты, парашютимæ чи фылдæр ратахт уæлдæфы, уымæй.

Ветеран Æрсойты Станиславæн уыдон сты 84. Уæлдæфон-десантон æфсады службæ кодта 4 азы. Уый фæстæ куыста барадхъахъхъæнæг органты рæнхъыты, уыд æфсæддон прокурор. Ацы æфсады рæнхъыты кæй службæ кодтон, уый мын, зæгъгæ, бирæ фæрог кодта мæ цард, феххуыс мын куысты рæстæджы, серьезон ахаст мын уыд алы хъуыддагмæ дæр.

«Уæлдæфон-десантон æфсады рæнхъыты службæ кæнын алкæмæн йæ бон нæу. Æвзæрст цæуынц æрмæстдæр хуыздæртæ. Хиуылхæцындзинад, фидардзинад, фæстиуæгджын æмæ нысанмæздæхт – уыцы æргъадтæй хайджын хъуамæ уа фидæны десантон æфсады службæгæнæг, науæд уымæн бынат нæй ацы æфсады рæнхъыты.

Æрсойты лæппу басаст, парашютимæ фыццаг хатт æнцонтæй рагæпп кодта, фæлæ йын дыккаг хатт фæзын, куыд физикон, афтæ психологон æгъдауæй дæр, уымæн æмæ алы ратахты рæстæджы дæр адæймаг æнкъары тæссагдзинад. Фæлæ, зæгъгæ, ирæттæ кæддæриддæр сæхи аккагæй æвдыстой.

Æрæмысыд сæ бригадæйы ветеран, дæлбулкъон Белиловскийы ныхæстæ: «Иууыл хуыздæр салдаттæ сты Хуссар Ирыстонæй», æмæ уый уыд раст хъуыдыйыл хæст.

«Æрвгъуыз береттæ» чи хæссы, уыдон адæймагæн цыфæнды æнамонддзинады рæстæджы дæр баххуыс кæндзысты, кæдфæндыдæр æххуысмæ фæзындзысты. Уæлдæфон десантон æфсады службæ у æндæр дуне, йæхи принциптæ, йæхи фæткойтимæ, кæцытæй хайджын сты, æрмæстдæр, ацы æфсады чи службæ кодта, уыдон.

               КЪÆБУЛТЫ Маринæ        

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.