Æхсарджын, намысджын, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад æвдисын – уыдон сты алы Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы сæйраг æууæлтæ. Уыдонæй кæдфæнды дæр æххæст уыд ирон хæстон – тохы быдыры дæр æмæ сабыр цардарæзтады дæр. Æндæр адæмтау мах дæр хорз зонгæ стæм Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы кадджын традицитæ æмæ æууæлтимæ, уымæн æмæ уыдон сæрыстырæй хъахъхъæнынц Райгуырæн зæхх æмæ бæстæйы национ интерестæ.

23 февралы мах мысæм, æрмæст бæстæйы арæнтæ æмæ сабырдзинад хъахъхъæныныл чи архайы, уыдон нæ, фæлæ сæрыстырæй чи фæслужбæ кодта, уыцы кадджын ветеранты дæр.

Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон æмæ Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 28 азы сæххæсты цытæн Хуссар Ирыстоны æфсæддон уагдоны территорийыл уыд цытджын рæнхъæйлæуд министрады дæлхæйттæн.

Бæрæгбонон мадзалы хайад райстой бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хицауад æмæ Парламенты уæнгтæ, Республикæ Абхазы делегаци Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Беслан Цвижбайы сæргълæудæй, Гарзджын тыхты ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Кæдфæнды дæр – сæрыстыр

Хæрзаудæн фонд «Под Покровом Богородицы»-йы Генералон директор Евгений Королев мадзалы рæстæджы цытджын уавæрты бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолимæ радта Уæлахизхæссæг Георгийы быдыргъæгтæ. Мадзалы райдианы фыд Серги бæрæгбоны цытæн акуывта æмæ сыгъдæг дон пырх кодта æфсæддонтыл æмæ мадзалы хайадисджытыл.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлты айзæлды фæстæ Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим æрдзырдта Хуссар Ирыстоны ног историйы æрцæугæ цаутыл, зæгъгæ, нæ уæд хъуыд æгъатыр æмæ æлгъаг знаджы ныхмæ тох кæныны сæр. Æмæ уыцы егъау мисси нæ хъахъхъæнджытæ æххæст кодтой бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады охыл.

Уый цыбыр афæлгæст сарæзта министрады сырæзтыл. Банысан кодта, ныртæккæ дæр не ‘хсæн кæй сты уыцы адæм, кæцытæ лæууыдысты национ æфсад аразыны райдианты æмæ егъау хайбавæрд хастой æфсæддон дæлхæйттæ аразыны хъуыддагмæ. Уыдон сæ хисæрмагонд хъаруты руаджы разæнгард кодтой æвзонг хъахъхъæнджыты Фыдыбæстæйы сæрвæлтау иузæрдион службæмæ.

Мулдарты Зелимы номыл Сæрмагонд нысаниуæджы батальонæн Хæстон тырыса лæвæрд кæй æрцыд, уый, зæгъгæ, у хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад, цыт æмæ кады нысан, кæцы æвдыстой батальоны хæстонтæ алы хæстон рæстæджыты.

Дзырдта Гарзджын тыхты ныртæккæйы службæйыл дæр, зæгъгæ, уыдон дарддæр хъахъхъæнынц паддзахады сабырдзинад æмæ æдасдзинад. Нæ бæстæйы Уæлдæр къухдариуæгады, сæрмагондæй, Бибылты Анатолийы руаджы арæзт цæуы æппæт уавæртæ дæр æфсады динамикон рæзтæн, рæзынц æфсæддон службæ æххæст кæныны уавæртæ æмæ авторитет, рæзы æфсæддон службæгæнæджы социалон æгъдауæй хъахъхъæнынады æмвæзад. Салдаттæ æмæ афицертæ æнкъарынц паддзахад æмæ æхсæнады алыварсон фарсхæцынад.

Гассеты Ибрагим ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ активон æмгуыстад æмæ æмархайд цæуы уæрæсейаг коллегæтимæ, æндæр хæлар паддзахадты æфсæдтимæ, æнтыстджынæй бæстон цæуы æфсады хотыхджын кæнын æмæ æфсæддон техникæйæ ифтонг кæныны хъуыддаг. 

Йæ раныхасы дарддæр уый дзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерациимæ сразыдзинæдтыл. Уыдон руаджы бæрæг фæхуыздæр уыдзысты æфсæддон службæ-гæнджыты социалон уавæртæ.

 «Æфсад у лæгдзинад æмæ намысы скъола, æфсад уыд æмæ уыдзæн æфсад – аразæг, æфсад – сабырад æмæ æдасдзинады гарант», – банысан кодта уый.

Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, хæстон архæйдтыты æмæ æфсæддон службæйы ветерантæн йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, уды уæнгрогдзинад æмæ хæрзиуджытæ. Гарзджын тыхты сæрмагонд скондæн та дарддæры æнтыстытæ сæ службæйы.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли цытджын мадзалы йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ тырнынад у алкæмæй бæрзонддæр. Уыцы хорз дæнцæг мах истам нæ ветерантæй, кæцытæ 1989–1991 азты слæууыдысты æмæ хъахъхъæдтой нæ бæстæйы хæдбардзинад. Уыдонæй бирæтыл, зæгъгæ, 16 азтæ дæр нæма цыд, фæлæ æвдыстой егъау лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад.

Уый республикæйы Гарзджын тыхты æмвæзадæн скодта бæрзонд аргъ, уымæн, зæгъгæ, ахъазгæнæг у уæрæсейаг коллегæтимæ æмархайд. Ныфс бавæрдта, алы æфсæддон службæгæнæгæн дæр йæ службæ кæй у намыс æмæ сæрыстырдзинады æууæл.

Бæстæйы сæргълæууæгæн ацы бон йæ цæст бауарзта Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн æнæниздзинад, хорздзинæдтæ æмæ хуссарирыстойнаг адæмы хæрзæбонæн службæ кæнынмæ тырнынады фæндиæгтæ. Уый фæстæ бæрæгбоны цытæн йæ Барамындæй радта æнæрадон æфсæддон нæмттæ, ордентæ æмæ майдантæй схорзæхджын кодта министрады бæрнон æмæ рæнхъон сконды къорд службæгæнæджы.

Бæрæгбонон арфæтæ ма йæхи æмæ Хуссар æфсæддон зылды æфсадыл командæгæнæг Александр Дворниковы номæй ракодта 58-æм æфсадыл командæгæнæг Михаил Зусько.

Уый Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады ми-нистр Сергей Шойгуйы бардзырдмæ гæсгæ майдантæй схорзæхджын кодта къорд службæгæнæджы.

Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Беслан Цвижба дæр ацы нысаниуæгджын боны цытæн æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 28 азы сæххæсты боны цытæн арфæтæм æрбаиу. Уый ма мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта Абхазы æфсæддон уагдоны сæргълæууæг Владимир Ануайы арфæйы фыстæгимæ. Нæ адæмтæ, зæгъгæ, фæрнджынæй хъуыды кæндзысты ирон хæстонтæ – Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинæдтæ, кæцытæ сæ цард нывондæн æрхастой бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл.  Абхазаг бæрзонд уазæг дæр сæххæст кодта кадджын мисси – ведомствæйон хорзæхтæ фæхæццæ кодта сæ хицæуттæм.

Бæрæгбонон цытджын рæнхъæйлæуды кæрон Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхæйттæ цытджын маршæй рацыдысты трибунæйы рæзты.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.