Картæ «Мир» у УФ-йы алы къуымты дæр алыгъуызон бангон ахыгъдтæ кæй фæрцы ис саразынæн, ахæм системæ. Кæд Уæрæсейы цалдæр аз архайынц ацы картæйæ, уæддæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уыдон фæзындысты æрæджы. Нæ республикæйы территорийыл бирæ ис æндæр республикæтæй æрцæуæггаг адæм, уыдон-иу арæх бахъуыд æхцайы фæрæзтæ ахынцыны сæр, кæннод та æндæр бангон операцитæ саразыны тыххæй ахыгъдтæ саразын. Цæмæй уавæр фæрогдæр уыдаид, уый тыххæй РХИ-йы Национ бангы сæрдар Зассеты Феликс æнгом куыст кодта Уæрæсейы Федерацийы картæты национ системæйы директор Владимир Комлевимæ.

Ацы фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын хуымæтæг нæ уыд. Бирæ фембæлдтытæ æмæ баныхæсты фæстæ дыууæ фарсы бакуыстой къорд фарстатыл æмæ ныр  скуыста уыцы системæ нæ республикæйы дæр.

Зассеты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй «УФ-йы системæ «Мир» арæзт æрцыд 2014 азы. Уæдмæ УФ-йы территорийыл архайдта бангон системæ «Visa» æмæ «Master Card», фæлæ ацы кредитон картæтæ бахаудтой Ныгуылæн санкциты бын. Цæмæй Уæрæсейы финансон системæйæн æдасдзинад ифтонг æрцыдаид æмæ бангы клиенттæ та финансон операцитæ аразыны рæстæджы хъахъхъæд цыдаиккой, уый тыххæй уыд картæ «Мир»-ы сырæзты нысан».

Уый ма загъта, зæгъгæ, картæ «Мир»-ы операциты никæцы бæстæты санкцитæ æруромдзысты, никæцы æддагон-экономикон æмæ политикон фактортæн у сæ бон бандавын уæрæсейаг системæйыл.

Картæ «Мир»-ы оператор у акционерон æхсæнад «Национальная система платежных карт». Йæ акциты 100 проценты сты Уæрæсейы Централон бангмæ. Ацы картæтæ куы сарæзтой 2014 азы, уæдæй нырмæ проекты реализацийы хайад райстой Уæрæсейы 374 национ бангы. Ныртæккæ Уæрæсейы æрзылды архайы 30 милуан картæйы бæрц.

Нæ республикæйы æвæрд æрцыд авд банкоматы системæ «Мир»-æн. Уыдонæй 5 банкоматы ис горæты: Хицауады хæдзары цур, Æфснайæн бангы, Республикон со-матикон рынчындоны, БАМ-ы микрорайоны, Ленины уынджы кæрон базар «Солнечный»-йы. Афтæ ма республикæйы райцентрты  –  Знауыр, Ленингор æмæ Дзауы.

Ацы банкоматтæ фадат дæттынц ахыгъдтæ æмæ бафыстытæ Уæрæсейы алы ранмæ дæр аразынæн. Ацы картæты руаджы райсæн кæнæ бавæрæн ис æхцайы фæрæзтæ. Уыдонæй æнцонæй гæнæн ис Уæрæсейы алы ранмæ дæр æхца арвитæн, товартæ æмæ лæггæдты аргъ бафидын.

Национ бангы куыд загътой, афтæмæй системæ «Мир»-ы разамынад кусы, цæмæй сæ уавæртæ ноджыдæр фæуæрæхдæр кæной æмæ географион æгъдауæй та фылдæр бæстæтимæ æмгуыст кæной.

Нӕ уацх.            

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.