Нæ республикæйы цæрджытæн сæ фылдæр сты УФ-йы æмбæстæгтæ. Уымæ гæсгæ пенситæ æмæ сывæллæттæн социалон бафыстытæ дæр исынц Уæрæсейы Федерацийы территорийыл. Пандемийы аххосæй арæн æхгæд куы уыд, уæд бирæ пенсиисджытæ æмæ ныййарджытæн сæ бон нæ уыд райсын пенситæ æмæ пособитæ райсын. Цæмæй ахæм уавæр мауал уа, уый тыххæй та хъæуы бакæнын карта «Мир». Ацы системæмæ уымæй размæ цы æмбæстæгтæ ахызтысты, уыдонæн нæ уыд проблемæ, ома, сæ бон уыд, сæ хыгъдтæм цы æхцайы фæрæзтæ цыд, уыдон нæ республикæйы территорийыл цы банкоматтæ ис, уым райсын.

Карта «Мир» у, УФ-йы алы къуымты дæр алыгъуызон бангон ахыгъдтæ кæй фæрцы ис саразæн, ахæм системæ. Кæд  Уæрæсейы цалдæр азы архайынц ацы картæйон системæйæ, уæддæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уыдон фæзындысты æрæджы. Нæ республикæйы территорийыл бирæ ис æндæр республикæтæй æрцæуæ адæм, уыдон-иу арæх бахъуыд æхцайы фæрæзтæ ахынцыны, кæннод та æндæр бангон операцитæ саразыны сæр. Цæмæй уавæр фæрогдæр уыдаид, уый тыххæй РХИ-йы Национ бангы раздæры сæрдар Зассеты Феликс бадзырдтæ арæзта Уæрæсейы Федерацийы картаты национ системæйы директор Владимир Комлевимæ. Ацы фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын хуымæтæг нæ уыд. Бирæ фембæлдтæ æмæ  баныхæсты фæстæ уыцы системæ скуыста нæ республикæйы дæр.

О, фæлæ пенсиисджытæ хъуамæ зоной, системæ «Мир» у дыууæ хуызы. Сæ иутæ сты, фидын кæмæн хъæуы, иннæтæ та сты æнæаргъæй – ома социалон фиддонтæ ахыгъд кæдæм цæуынц, ахæм картатæ.

Национ бангы нын куыд загътой, афтæмæй УФ-йы бангон системæ «Мир» нымад цæуы иууыл æдасдæрыл. Уый арæзт æрцыд 2014 азы. Уæдмæ Уæрæсейы архайдтой бангон система «Visa» æмæ «Master Card». Фæлæ, ацы кредитон картатæ бахаудтой Ныгуылæйнаг санкциты бын. Цæмæй  Уæрæсейы финансон системæйæн æдасдзинад ифтонг æрцыдаид æмæ банджы клиенттæ та финансон операцитæ аразыны рæстæджы хъахъхъæд цыдаиккой фидар фæрæзтæй, уый тыххæй уыд карта «Мир»-ы сырæзты нысан.

Пенсиисджытæ æмæ æндæр социалон бафыстытæ чи исы УФ-йы пенсион фондæй, уыдон кæд 1-æм октябрмæ æмæ картатæ сарæзтой, уæд сæ бон уыдзæнис сæ æхцайы фæрæзтæ банкоматтæй райсын, кæцытæ æвæрд сты Хицауады хæдзары цур, Æфснайæн бангы, Республикон рынчындоны, БАМ-ы микрорайоны, Ленины уынджы кæрон базарадон центр «Солнечный»-йы.

Афтæ ма республикæйы районты центрты – Знауыр, Ленингор æмæ Дзауы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.